РХИ-йы Гарзджын тыхты рæнхъытæй запасмæ арвитын архайгæ службæйы фидаргонд æмгъуыдмæ чи баслужбæ кодта, уыдоны æмæ 2019 азы октябрь-декабры æфсæддон службæмæ æмбæстæгтæм радон хатт æрсидыны тыххæй

«Хъахъхъæнынады тыххæй» 2009 азы 29 июлы æмæ «Æфсæддон хæс æмæ æфсæддон службæйы тыххæй» 2010 азы 9 июны РХИ-йы закъæтты бындурыл уынаффæ кæнын:

1. РХИ-йы Гарзджын тыхты рæнхъытæй запасмæ æрвыст æрцæуæд, архайгæ службæйы сфидаргонд æмгъуыдмæ чи баслужбæ кодта, уыдон.

2. Запасмæ арвитыны фæдыл, кæцы нысан у ацы Барамынды 1-аг пункты, 2019 азы октябрь-декабры æфсæддон службæмæ РХИ-йы Гарзджын тыхтæм æрсидтæуæд нæлгоймæгты, кæцытыл æрсидыны бонмæ сæххæст 18 азы, æмæ сын нæй æфсæддон службæ аргъæвыны бар, афтæ ма хистæр æрсидтон кары æмбæстæгты, кæцытæн нал ис æфсæддон службæ аргъæвыны бар.

3. РХИ-йы горæттæ æмæ районты администрацитæ сифтонг кæнæд РХИ-йы æмбæстæгты æфсæддон службæмæ æрсидынимæ баст мадзæлттæ сæххæст кæнын.

4. Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

Г.Цхинвал,

2019 азы 13 сентябрь

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ БАРАМЫНД

Республикæ Хуссар Ирыстоны Æххæсткæнынадон хицауады паддзахадон органты структурæты иуæй-иу фарстыты тыххæй.

Æххæсткæнынадон хицауады республикон органты структурæ фæхуыздæр кæныны нысанæн РХИ-йы Конституцийы 50-æм статьяйы 3-аг, 4-æм, 11-æм пункттыл бындуриуæггæнгæйæ, уынаффæ кæнын:

1. РХИ-йы миграцион политикæйы фæдыл комитет рацарæзт æрцæуæд лигъдæтты æмæ æвæндонæй сæ цæрæн бынæттæ ныууадзджыты социалон æгъдауæй хъахъхъæныны фæдыл комитетмæ, лигъдæтты æмæ æвæндонæй сæ цæрæн бынæттæ ныууадзджыты социалон æгъдауæй хъахъхъæныны, афтæ ма репатриацийы фарстыты йын æххæстбартæ ратгæйæ.

2. «РХИ-йы Æххæсткæнынадон хицауады республикон органты структурæйы тыххæй» РХИ-йы 2012 азы 17 майы №33 Барамындмæ хаст æрцæуæд ахæм ивынддзинæдтæ:

1) «РХИ-йы Æххæсткæнынадон хицауады республикон органты структурæ»-йы №1 Уæлæмхасы II хайы позици «РХИ-йы Миграцион политикæйы фæдыл комитет» ивд æрцæуæд позици «РХИ-йы лигъдæтты æмæ æвæндонæй сæ цæрæн бынæттæ ныууадзджыты социалон æгъдауæй хъахъхъæныны фæдыл комитет»-æй;

2) кæцыйы архайдыл къухдариуæгад кæны «РХИ-йы Хицауады Сæрдар кæй архайдæн разамынд кæны, уыцы æххæсткæнынадон хицауады республикон органты номхыгъд»-ы №3 Уæлæмхасы позици «РХИ-йы Миграцион политикæйы фæдыл комитет» ивд æрцæуæд по-зици «РХИ-йы лигъдæтты æмæ æвæндонæй сæ цæрæн бынæтты ныууадзджыты социалон æгъдауæй хъахъ-хъæныны фæдыл комитет»-мæ.

3. Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад:

  – сифтонг кæнæд реорганизацион мадзæлттæ ауадзын ацы Барамындмæ гæсгæ;

  – РХИ-йы Парламентмæ бавдисæд «2019 азы РХИ-йы Паддзахадон бюджеты тыххæй» РХИ-йы Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» РХИ-йы закъоны проект.

-РХИ-йы Хицауады нормативон-барадон акттæ æркæнæд ацы Барамындмæ гæсгæ.

4. Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

Г.Цхинвал,

2019 азы 13 сентябрь

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.