Цхинвалы районы фермерон æмæ хисæрмагонд хæдзарадтæй иутæ сæ хайбавæрд хæссынц зæхкуысты продуктты райст сырæзын кæнынмæ, æндæртæ та фæллой кæнынц фосдарды къабаз райтынг кæныныл. Зæгъын хъæуы уый, æмæ кæд сæ куысты æмбæлынц зындзинæдтыл, уæддæр архайынц цухдзинæдтæ аиуварс кæныныл æмæ уый фæрцы сæ къухты бафты зæрдæйыфæндиаг фæстиуджытæ. Ахæм раззагон хæдзарадты нымæцмæ ахæссын хъæуы Къостайыхъæуы Хъабанты Хъазбеджы хæ-дзарады дæр. Бинонтæ сæ хæдзарадыл сты иузæрдион æмæ уый фæрцы сси бирæкъабазджын, алы фадыджы дæр сын ис æнтыстытæ. Хæдзарад дары фысвос æмæ стуртæ, кæны дыргъы куыст, байтауы æмæ æрзайын кæны æфсирон культурæтæй хъæздыг тыллæг. Цæвиттон, а-фæззæджы фæззыгæнд мæнæу байтыдта 13 гектары фæзуатыл æмæ хъæбæрхор та -10 га. Йæ зæххы фадыджы ма йын байтауинаг ис 7 га, фæлæ къуылымпы кæнынц куыстытæ, техникæ кæй нæй, уый аххосæй.

Æфсирон культурæтæ тауынмæ цалдæр азы размæ бавнæлдта æвзонг нæлгоймаг Джиоты Ацæмæз æмæ уыцы хæрзиуæгон хъуыддаг дарддæр кæны ныр дæр. Цæвиттон, йæ бæрны зæххы фæзуаты æрæджы байтыдта хъæбæрхоры культурæ 23 гектары, фæлæ æрмæст ууыл не ‘рлæууыд æмæ ма йын цыбыр æмгъуыдтæм бантыст 8 га цъой дæр байтауын. Хæдзарады разамонæг тауинаг самал кодта Цæгат Ирыстоны æмæ йын тауæн куыстыты та баххуыс кодта 2-æм тракторон бригадæйы механизатор Гаглойты Юри.

Бирæкъабазджын у «Тъбет»-ы фермерон хæдзарад, уым фæллой кæнынц Цхуырбаты Иван æмæ Бибылты Мэлс. Хæдзарад кæны стур-восдарды куыст æмæ сæм зилынц æмбæлон æгъдауæй. Уый фæстиуæгæн æхсырæрдыгъд æмæ цот хъомыл кæнынæй ис раззагдæр хæдзарадты рæнхъы. Хæдзарад æмбæлон хъусдард здахы зæххы куыстмæ дæр æмæ йын уыцы къабазы дæр ис æнтыстытæ. Куысты хорз фæстиуджытæ тынгдæр сæ къухты æфтынц сæ иузæрдион ахаст æмæ, хъæуæг техникæ кæй самал кодтой, уыдæтты фæрцы. Уы-мæ гæсгæ æппæт куыстытæм дæр бавналынц рæстæгыл æмæ сæ сæххæст кæнынц агротехникон æмгъуыдты. Амæйразмæ сæ зæххы фадыг ба-хуым кодтой, байтыдтой уалдзыгæнд хъæбæрхор 6 гектары æмæ 50 га та цъой.

Къостайыхъæуы фермерон хæдзарад «Билурта» кæддæриддæр йæ зæххы фадыгмæ здæхта æмбæлон хъусдард æмæ æфсирон культурæты тыллæгæрзадæй рухс кодта йæ зæрдæ. Ацы аз дæр бæргæ тырныдта зæрдæйы фæндиаг куыст бакæнынмæ, фæлæ хъæуæг техникæйы цухдзинады аххосæй зæхх баззад æгуыстæй.

Хуыбиаты Никъала

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.