Ирон, не ‘мзæххон зынгæ оперон зарæггæнæг Амага Готти ивгъуыд къуырийы Мыхуыры хæдзары пресс-центры радта бынæттон журналисттæн пресс-конференци. Мадзалы ма хайад райстой РХИ-йы Парламентон Комитеты сæрдар Гæбæраты Юри æмæ нæ республикæйы Культурæйы министрады минæвæрттæ.

Пресс-конференци бацæуæн ныхасæй байгом кодта РХИ-йы Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Харебаты Майя. Уый цыбыртæй базонгæ кодта æрæмбырдуæвджыты оперон дивæйы сфæлдыстадон фæндагимæ.

Оперон зарæггæнæг Амага Готти йæхæдæг бæстонæй æрдзырдта йæ аивадон цард йæ æнтыстыл æмæ фидæны плæнтты тыххæй:

– Æз, фыццаджыдæр, ме сфæлдыстадон фæндаг райдыдтон 2012 азæй. Мæскуыйы музыкалон академи каст куы фæдæн, уæд мæм бахатыдысты бирæ зынгæ театртæ, фæлæ æз уæддæр ме сфæлдыстадон царды фæндаг снывонд кодтон мæ уарзон Ирыстонæн. Ӕз Ирыстоны нæ хицæн кæнын цæгат æмæ хуссарыл, ме сфæлдыстадон архайды руаджы сæ мæ бон куыд у, афтæ иу кæнын дыууæ Ирыстоны.

Тынг бирæ рæстæг хъуыды кодтон мæ фи-дæны царды фæндагыл, бирæ хатт-иу ахъуыды кодтон, зæгъгæ, вокалæй архайын мæ хъæуы æви нæ. Чизоны æндæр ран хуыздæр сарæхсон, уымæ гæсгæ ма æз каст фæдæн Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты уырыссаг-фæсарæйнаг факультет, кæцыран райстон филологы дæсныйад. Ам мын уыдис тынг хорз ахуыргæнджытæ æмæ профессортæ, кæцытæй дæн æз тынг райгонд æмæ сын мæ сæрæй ныллæг кувын.

Ныр та мæ фæнды фыццаг хатт Миланмæ куыд ацыдтæн, уый тыххæй æрдзурын. Уырдæм цæуын  куы сфæнд кодтон, уæд мын æхцайы фæрæзтæй баххуыс кодтой Мæскуыйы ирон аргъуан. Уæд æз мæхицæн дзырд радтон, зæгъгæ, ма хъуамæ фæхудинаг кæнон, чи мын баххуыс кодта ардæм æрцæуынæн, уыдоны. Азарыдтæн, байхъуыстой мæм, цы æмбæлдис сценæйыл, уыдон иууылдæр сæххæст кодтон æнæ искæй æххуысæй. Уæд мын лæвæрд æрцыдис хорзæх – диплом рæсугъд хъæлæсы тембры тыххæй. Жюрийы уæнгтæ та уыдысты зынгæдæр музыканттæ æмæ профессионалтæ сæ хъуыддаджы, хайадисджытæ та уыдысты 300 адæймаджы. Уым æз райстон хорз зонындзинæдтæ зынгæ музыкантты руаджы.

Ӕз  кæддæриддæр  лæуд уыдтæн ахæм хъуыдыйыл, чысылæй мæ куыд ахуыр кодтой, уымæ гæсгæ, зæгъгæ, Райгуырæн бæстæ рох кæнын нæ хъæуы, уарзын æй хъæуы. Уымæ гæсгæ æз мæ фыццаг солон концерт дæр радтон Хуссар Ирыстоны æвзонг, фæлæ зынгæ дирижер Тедеты Хетæгимæ.

Хайад ма истон егъау æмæ нысаниуæгджын проект «Европæйы ирон культурæйы бонтæ»-йы. Уырдæм та ацыдтæн нæ зынгæ нывгæнджытимæ, байгом-иу кодтон равдыстыты, зарыдтæн-иу фондз æвзагыл; ирон, уырыссаг, англисаг, немыцаг æмæ италиаг æвзæгтыл, фондз æвзагыл æз æвдыстон оперон аивад.

Цалдæр азы активон хайад истон алыгъуызон проекты, æмæ уымæй та  бузныг дæн Цæгат Ирыстоны къухдариуæгадæй.

Уый фæстæ та солон концерттимæ ацыдтæн Венгримæ, цыран ма фембæлдтæн не ‘фсымæртæ æмæ хотæ – ястимæ. Фæхуыд-той-иу  мæ алыгъуызон конференцитæм æмæ æндæр мадзæлттæм. 2013 азы журнал-энцилопеди «Ежегодник»-æн радтон егъау интервью, цыран дзырд цæуы Хуссар Ирыстоны цардуаг æмæ культурæйы тыххæй. Уыцы журнал «Ежегодник»-ы версимæ гæсгæ мæ ястæ раразмæ кодтой «Азы адæймаг»-æй.

Европæйаг проекты тыххæй ма мæ фæнды зæгъын уый æмæ сæ æз кæддæриддæр æв-дисын нæ адæмы культурæ, нæй мын иу коммерцион проект дæр.

Ӕрæджы Италийы цы проекты райстон хайад, уый дæр уыдис тынг вазыгджын. Уымæн æмæ фыццаг хатт Ирыстон æвдыста европæйаг культурæ европæйаг дунеон сце-нæйыл. Солон концерт мын дзы иу йедтæмæ нæ уыдис Италийы, фæлæ ма хайад райстон æндæр æмæ æндæр музыкалон мадзæлтты.

Сфæлдыстадон балцы уыдтæн Сан-Маринойы дæр, цыран концерт уагъд æрцыд италиаг горæт Пезаройы администраци, нæ республикæйы Президент æмæ Культурæйы министрады  æххуысæй.

Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр æмæ нын Италиимæ кæй ис бадзырд, уый та у æнæмæнгхъæуæг, цæмæй нæ республикæйæн æддейæ дæр парахат кæнæм ирон культурæ.

Ӕз кæд фæсарæйнаг классикты уацмыстæ феххæст кæнын, уæддæр мæ репертуары сæрмагонд бынат ахсынц ирон классикты романстæ. Архайын ууыл, цæмæй мæ программæйы ирон уацмыстæ фæфылдæр кæнон.

Мæ программæ мын Италийы рахуыдтой тынг зын æмæ мын æй схуыдтой Королевæйаг программæ. Ирон æвзагыл сæххæстгонд уацмыстæн дæр мын æндæр бæстæты скæнынц стыр аргъ. Банысан кæнын мæ фæнды уый, æмæ кæцыфæнды бæстæйы сценæйы ма уон, æз æппындæр никуы фæхъуыды кæнын мæхицæн ном скæныныл, фæлæ, сæйра- джыдæр, фæхъуыды кæнын  Ирыстонæн ном скæныныл.

Зынгæ оперон зарæггæнæг ма пресс-конференцимæ æрбацæуджытæн æрдзырдта 17-æм майы йын нæ горæты цы солон концерт хъуамæ уыдаит, уый тыххæй. Уый куыд загъта, афтæмæй абон  концерттæ хи тыхтæй дæттын у тынг зын. Уымæ гæсгæ нæ оперон стъалыйы фæнды, цæмæй-иу нæ республикæйы къухдариуæгад балæууа культурæйы къабазы архайджыты фарсмæ. Уымæн æмæ абон махæн нæ бон у, сæйраджыдæр, культурæйы æмæ спорты руаджы нæ ном айхъуысын кæнын, – загъта Амага Готти. Уый ма нын куыд загъта, уымæ гæсгæ йæ иууыл стырдæр бæллиц у, цæмæй хуссарирыстойнаг музыканттæ арæхдæр цæуой æндæр бæстæтæм æмæ хайад исой алыгъуызон фестивалты, конкурсты æмæ æндæр мадзæлтты. Уый хорзæрдæм бандавдзæнис сфæлдыстадон рæзтыл.

Амага Готти журналисттæн фехъусын кодта, зæгъгæ, нæ республикæмæ æрцæуынмæ фæнд кæны Ӕвзонг курдиаттæн æххуыс кæ-ныны дунеон фонды президент Ольга Ростропович.

Оперон зарæггæнæг ма дзуаппытæ радта  журналисты æндæр фарстытæн дæр.

Туаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.