Хуссар Иры Президенты бынатмæ æвзæрстыты бон æввахсæй-æввахсдæр кæны. Паддзахадыл къухдариуæг кæнын бæрнон æмæ вазыгджын хъуыддаг у. Разамонæг фидар куы уа, йæ дунеæмбарынад та – уæрæх, уæд йæ дæлбар адæм æдыхст уыдзысты, лæмæгъ, къуындæг зонындзинæдтимæ куы уа, уæд та  паддзахад цъыссыммæ цæуы.

Президенты бæрнон бынатмæ йæ ныфс чи бахаста, уыдоны нымæц «хаххæй» ахызт. Кæй зæгъын æй хъæуы, мах хуызæн чысылнымæц адæмæн уыйбæрц кандидаттæ æгæр бирæ сты. Сæ нымæц фæлварæнты рæстæджы бирæ фæкъад-дæр, кæд фæлварæнтæ зын нæ уыдысты, уæддæр. Ирон лæг ирон æвзаг куынæ зона, йæ мадæлон æвзагыл раныхас кæнын куынæ фæраза, уæд дзы дзыллæйы ‘хсæн цæй кад хъуамæ уа? Уый алы чиновник, алы депутат дæр  йæ зæрдыл хъуамæ дара.

Ныфсхаст лæппуты цæрæнбон бирæ. Фæлæ йæ хæдзары кадавар бинонтæн разамынд кæнын чи нæ фæразы, быцæуаг фарстатæн раст уынаффæ рахæссынмæ чи нæ арæхсы, йæ адæмæн чи ницы сарæзта, ныры дуджы цаутæн анализ аразын йæ бон кæмæн нæу, уый ахæм бæрнон бынаты кусынмæ йæ ныфс куыд хъуамæ хæсса?

Дæ зонгæтæй, æввахс хиуæттæй къорд ацараз, сæ къухтæ сын æрфыссын кæн, дæ гæххæттытæ централон æвзарæн къамисмæ бадæтт æмæ – дæ хъуыддаг «цæттæ», æнхъæлмæ кæс, Президенты къæлæтджыныл кæд æрбаддзынæ, уымæ.

Фарстæуы, ахæмты, адæмы цардыуаг фæхуыздæр уа, уый мæт  ис, æви  æндæр истæйы мæт?

Адæм сæ хъæлæстæ  ма хъуамæ радтой исты æнхъæлцау, фæлæ хъуамæ лæмбынæг ахъуыды кæной æмæ равзарой, адæмæн сæ цард, сæ размæцыд, сæ уавæртæ фæхуыздæр кæнынмæ чи арæхсы, ахæмы. Митæй мæсгуытæ чи амайы, уыдоныл нæ хъæуы æууæндын. Абоны боны реалитæ бахынцгæйæ, хъæлæс дæттын хъæуы, бæрнон бынаты кусыны фæлтæрддзинад, æф-сæддон разамонæджы курдиат кæмæ ис, ахæм дардмæуынæг политикы.

Ахæм миниуджытæй æххæст у ныры Президент Бибылты Анатоли. Уый йе ‘рвылбонон куысты архайы йæ адæмы фæрныгад фæхуыздæр кæныныл, паддзахад сфидар кæныныл æмæ æддагон бæстæтимæ бастдзинæдтæ аразыныл. Хæларадон ахастытæ йын ис Уæрæсейы къухдариуæгадимæ, хорз рæхсы, куыд хъуыддаг аразынмæ, афтæ раныхасмæ дæр. Домаг у йæхицæй дæр æмæ йæ дæлбар кусджытæй дæр. Раныхасы сæр æй кæм бахъæуы, уым йæ хъуыдытæ сæрибарæй  зæгъы, куыд иронау, афтæ уырыссагау дæр .

Нæ фыдбоны сыхæгтæ нын нæ паддзахадон хæдбардзинад кæй нæ нымайынц, кæй нæм æвзидынц, фидыдадыл кæй нæ разы кæнынц, уый хъуыдыйаг у. Уый тыххæй та архайын хъæуы рæстæг æмæ уавæрмæ гæсгæ.

Нæ Президент та æфсæддон лæг кæй у – десантон, «маргеловец», уый бирæ цæуылдæртыл дзурæг у. Ахæмтæ, тас цы у, уый нæ зонынц, тасдзинад куы сæвзæры, уæдæ æй уадидæгæн аиуварс кæнынц. Йæ разамындæй цы бирæ хæрзиуæгон хъуыддæгтæ арæзт æрцыд, уыдонæй ракæндзынæн цалдæры кой.

Нæ горæт бонæй-бон рæсугъддæр кæны. Сырæзт дзы бирæ административон æмæ цæрæн бæстыхæйттæ. Горæты цæрджытæ рагæй фæстæмæ донæй рæстмæ ифтонг никуы уыдысты, фæлæ Уанатæй Цхинвалмæ донуадзæн арæзт кæй æрцыд, уый фæстиуæгæн нуазыны доны проблемæ скъуыддзаг æрцыд. Донæй ифтонг æрцыдысты республикæйы бирæ хъæутæ. Уæлæмхас электроны рухс нæм арæзт кæй æрцыд, уый дæр кæуылты хъуыддаг у. Республикæ æдзухæй дæр ифтонг уыдзæн электроэнергийæ.

Арæзт бирæ æрцыд, фæлæ нырма аразинæгтæ дæр бирæ ис. Стыр хъуыддæгтæ  талф-тулфтæй нæ рæзынц.

Ирон адæм фыдæй фыртмæ бæллынц, цæмæй Ирыстоны хуссар хай цæгатимæ баиу уа, дихгонд ма уа, фæлæ уа иу Ирыстон.

Бибылты Анатоли уый тыххæй сарæзта политикон парти «Иугонд Ирыстон». Уый у йе ‘рвылбонон архайд, цæмæй иууон Ирыстон закъоны бындурыл бацæуа Уæрæсейы Федерацийы скондмæ.

 

ЧЕХОЙТЫ Вася, фæллойы ветеран,

газет «Хурзæрин»-ы хæлар

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.