Æрæджы нæ республикæйы Президент Гаглойты Аланæн уыд инспекцион азылд Дзауы районы æмæ бабæрæг кодта Хетæгкаты Къостайы номыл астæуккаг скъолайы куыст æмæ ахуыргæнинæгты ахуыры уавæртæ. Скъолайы педагогон коллектив æмæ Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Тыбылты Вандæ бæстæйы сæргълæууæгæн радзырдтой сæ проблемæты тыххæй æмæ сын Гаглойты Алан баныфсæвæрдта, кæй сын баххуыс кæндзæн ис, уымæй.

Фембæлды рæстæджы банысан æрцыдис, скъолайы фарсмæ Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны компьютерон къласæн кæй нæ фаг кæны оргтехникæ. Æдæппæтæй дзы уыдис цыппар компьютеры æмæ нæ фаг кодтой, афтæ сывæллæтты ахуыры программæйы домæнтæ æххæстбæрцæй æххæст нæ цыдысты. Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны методист Касаты Дзерассæ нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ уыдон Президентæн радзырдтой, галуан сæ куысты цавæр проб-лемæтыл æмбæлы, уыдоны тыххæй. Ам рæстæгмæ кусынц районы музыкалон скъола, сывæллæтты библиотекæ, афтæ ма дзы архайы хореографион къорд дæр. Уымæ гæсгæ сæ уавæртæ сты къуындæг æмæ кæрæдзийæ фæхъыгдарынц. Галуаны къухдариуæгад бахатыдысты Гаглойты Аланмæ, цæмæй Дзауы районы арæзт æрцæуа культурæйы хæдзар æмæ уæд сæ куыст фенцондæр уыдзæнис.

Ныр уал скъола-интернатæн дæр балхæдтой фондз компьютеры. Уыдонæй цып-пары хицау баисты Сывæллæтты сфæлдыстадон галуан.

Президенты лæвæрттæ адджинæгтимæ къуырийы райдианы районмæ фæхæццæ кодтой Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты контролон управленийы хистæр Цоциты Сæрмæт æмæ Президенты æххуысгæнæг Плиты Алан.

Галуаны директор Тедеты Фатимæ арфæ ракодта бæстæйы сæргълæууæгæн, сæ домæн сын уайтагъд кæй сæххæст кодта, уый сæраппонд. «Нæ галуанæн йæ дыуæрттæ кæддæриддæр гом сты ахуырдзау фæсивæдæн. Цы 16 къорды нæм архайынц, уым ныртæккæ уæлæмхас ахуырад исынц 181 сывæллоны. Галуаны сæйраг хæс у курдиатджын сывæллæтты потенциал раргом кæнын æмæ сын æххуыс кæнын. Тынг æхсызгон нын у, нæ домæн нын Президент Гаглойты Алан афтæ тагъд кæй сæххæст кодта, уый. Ацы техникæмæ рагæй бæллæм æмæ ныр нæ къухты бафтыд», – банысан кодта Тедеты Фатимæ.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.