ÆНУДÆС  УАЛДЗÆДЖЫ…

Цы сты æнудæс азы адæймаджы царды! Бирæ ницы. Уыцы кармæ æрмæстдæр йæхи зонынхъом свæййы, йæ фидæны рæсугъд алыгъуызон ахорæнтæй фæныв кæны. Уыцы карæй фæстæмæ æвзонг адæймаг слæууы царды йæхи фæндагыл æмæ йæ рæсугъд хъуыдыты царды æххæст кæнын райдайы, кæд алцы къухы нæ бафты, кæнæ та зынтæй бафты, уæддæр.

Чиаты Мельсикы хъысмæты бархъомысæй йæ фæндтæ сæххæст кæныныл тох кæнын нал бахъуыд. Æнудæсаздзыдæй фæцæуæг уарзон кæстæр а-дунейæ æмæ æппæт йæ рухс фæндтæ, йæ бæллицтæ йемæ ахаста сау сыджыты хъæбысмæ…

Уæззау дугмæ æрхауд йе ‘взонгад Мельсикæн. Громы астæуккаг скъолайы ма куы  ахуыр кодта, уæд райдыдтой Хуссар Ирыстоны трагикон цаутæ. Чызджыты ‘хсæн уарзон агурыны бæсты йæ райгуырæн зæххыл хъуыдыты мæтæй йæ зæрдæ байдзаг. Йæхи цæстытæй уыдта, гуырдзиаг фыдгæнджытæ ирон хъæуты цæрджытæн цы фыдмитæ кодтой, уыдон. Тæссаг рæстæджыты æдзух йе ‘мбæлттимæ лæууыд постыты æмæ хъахъхъæдтой цæрджыты æнцойад.

1991 азы каст фæцис астæуккаг скъола æмæ æрцыдис блокадон Цхинвалмæ. Йе ‘взонг царды бонтæ райдыдта æрвитын горæты цæрджытимæ, семæ æппæт зындзинæдтæ дих кæнгæйæ. Лæууыд постыты, æрвыста æгъуыссæг æхсæвтæ. Фæстæдæр бацыд милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къордмæ æмæ уым дæр йæ зын хæстæ æххæст кодта намысджынæй. Удыскондæй Чиаты Мельсик уыдис хæларзæрдæ, коммæгæс, нæ тарст зындзинæдтæй. Уый тыххæй йæ уарзтой æмæ йын аргъ кодтой йе  ‘мбæлттæ.

Фыдлæг æмæ, дам, фыдбонæн бирæ цæрæнбон нæй. Фидауынгæнæг тыхты æрцыдæй кæрон æрцыдис хæстæн дæр. Мельсик дарддæр службæ кодта милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды рæнхъыты. Йæ царды дарддæры фæндтыл хъуыды кæныны фадат ын уыд ныр. Фæлæ йæм йæ адзал хæстæг кæнын райдыдта сусæгæй. Бæрцæй ма йын цалдæр мæйы баззад… 1992 азы 5 декабры фыдгæнджыты къухæй фæмард Чиаты Мельсик. Банымæг, æнудæс уалдзæг  йедтæмæ чи нæ рацард, уыцы æвзонг патриоты зæрдæйы цæхæр…

 

НÆ ЙЫН БАНТЫСТ ЙÆ БАЗЫРТÆ АЙТЫНДЗЫН

Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау

Нымæц “æртæ”-йæн ирон адæммæ цахæмдæр мистикон нысаниуæг кæй ис, уый бæлвырд у. “Æртæ чъири”-йы, “Æртæ цырагъ”-ы, “Æртæ зæд”-ы… Æгæрыстæмæй аргъæутты дæр æфсымæртæ фылдæр хатт разынынц æртæ.

Зары хъæуккаг Коцты Хадзы-Мурат æмæ йæ цардæмбал Фузæйæн фыццаг фырт куы фæзынд, уæд циндзинад  æрхаста канд йæ ныййарджытæн нæ, фæлæ хъæубæстæн æмæ мыггагæн дæр. Ныййарджытæ сæхи бынтон амондджыныл банымадтой, сæ фыццаг фырты фæстæ  ма сын ноджы дыууæ фырыхъулы хуызæн фырты а-рухс дунемæ куы фæзынд, уæд.

Алы адæймаг дæр йæ райгуырдæй цахæмдæр ныхыфыст рахæссы. Чи иу хъуыдагмæ рæвдздæр рауайы, чи та – æндæр. Фæлæ ныййарджыты хъæбултæ иууылдæр иу хъуыддагыл фæгæрз уой, афтæ арæх нæ вæййы. Куыд хъомыл кодтой, афтæ кæрæдзийы фæдыл иу хъуыддагыл гæрз кодтой Коцты æртæ æфсымæры – Ацæмæз, Тамерлан æмæ Людвиг дæр. Уыцы хъуыддаг та уыд спорт, хъæбысхæст.

Спорты ацы хуызмæ уарзондзинад  ирон лæгæн йæ туджы ис. Бирæ уарзта хъæбысæй хæцын Хадзы-Мурат йæхæдæг дæр. Фæлæ йын спортмæ уæрæх фæндаг йæ рæстæджы амонæг нæ фæцис. Уый хыгъд йæхæдæг æппæт дæр арæзта, цæмæй йæ фырттæ цайдагъ кодтаиккой хъæбысхæстыл. Хæдзары сын уый тыххæй рахицæн кодта сæрмагонд хатæн, астæрдыл сын айтыгъта гауыз. Фæстæдæр сæ æркодта Цхинвалмæ æмæ сæ барвыста ахуыр кæнынмæ. Ам сын фадат уыд тренерты хъусдарды бын сæ арæхстдзинад хуыздæр кæнынæн. Сæ тренертæ та уыдысты Сиукъаты Таймураз æмæ Тедеты Мурат.

Алыгъуызон ерысты  истой хайад æфсымæртæ хицæн æмæ хицæн рæстæджыты. Ацæмæз астæуккаг ахуырад куы райста, уæд бацыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты ирон-уырыссаг факультетмæ. Куыд спортмæ, афтæ ахуырмæ дæр рæвдз уыдис. Йæ удыхъæды хуыздæр миниуджытæ тынгдæр фæбæрæг сты, Ирыстон уæззау уавæры куы уыд, знаг мидæмæ, горæтмæ куы лæбурдта, уыцы рæстæджы. Уæд Ацæмæз бацыд   милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къордмæ æмæ афтæмæй  тох кодта куыд æддагон знæгтимæ, афтæ мидæггагон фыдгæнджытимæ дæр.  Уыд хиуылхæцгæ, ныфсхаст, хæдæфсарм, хорз кад ын уыдис йе ‘мгæрт-ты æхсæн. Фæлæ йын, хъыгагæн, бирæ рацæрын нæ бантыст – бæрцæй 18 азы. 1993 азы 17 июны йе службæйон хæс æххæст кæнгæйæ, æнæнхъæлæджы фæмард. Фæмард йæ адæмы æнувыд патриот, бæллиццаг фидæн кæмæ æнхъæлмæ каст, уыцы Ацæмæз. Йе спортивон карьерæ фæцис спорты мастертæм кандидатыл.

Уый хыгъд спорты размæ ныфс-джынæй цæуынц йе ‘фсымæртæ – спорты мастертæ Тамерлан æмæ Людвиг. Уыдон астæуккаг ахуыр нæма фесты, афтæ сæ тренертæ арвыстой Мæскуымæ, ÆЦСК-мæ. Уым райстой астæуккаг ахуырад æмæ хайад  истой алыгъуызон ерысты, куыд Уæрæсейы республикон, афтæ Европæйы æмæ дунеон ерысты дæр. Ныр та сæхæдæг хъо-мыл æмæ цайдагъ кæнынц æндæр æвзонг фæсивæды спортыл.

Фæлæ, стыр хъыгагæн, стæхын, йæ базыртæ айтындзын нæ бан-тыст Ацæмæзæн…

АХУЫССЫД ÆВЗОНГ УДЫ ЦÆХÆР

Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау

Гасситы Генади йæ фыдызæххæй дард райгуырд. Казахты ССР Шевченкойы хъæуы. Ардæм йæ ныййарджытæ æрцыдысты 1970 азы Цхинвалæй. Фыд Сарди куыста хохмаданты. Ам сын райгуырд дыууæ фырты – Санислав æмæ Генади. Фæлæ æцæгæлон зæххыл сæ царды бонтæ батыдтаиккой, Екатеринæ æмæ Сардийы уый нæ бафæндыд. Æрыздæхтысты фæстæмæ Цхинвалмæ. Сывæллæттæ ахуыр кæнынмæ бацыдысты 12-æм астæуккаг скъоламæ.

Генади бацыд æвдæм къласмæ. Æгъдауджын æмæ коммæгæс лæппуйæ хъомыл кодта Шевченкойы 9-æм астæуккаг скъолайы ахуыр кæнгæйæ, хайад иста алыгъуызон ерысты æмæ йын уыд æнтыстытæ. “Сæрак пурти”-йы приз рамбулыны сæраппонд горæтон ерысты кæй фæуæлахиз, уый тыххæй йæ грамотæйæ схорзæхджын кодта фæскомцæдисы Шевченкойы горком. Грамотæйæ ма йæ схорзæхджын кодта Казахты ССР Рухсады министрад, пяти-борьейæ зонадон республикон ерысты кæй фæуæлахиз, уый тыххæй.

Генадийы документты ‘хсæн ис, цы скъолайы ахуыр кодта, уымæн йæ дирекцийы арфæйы фыстæг йæ ныййарджытæм, сæ фыртæн хорз хъомылад кæй дæттынц, уый тыххæй æмæ сын зæгъынц бузныг.

Ахæмæй йæ базыдтой нæ горæты дыууадæсæм астæуккаг скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ дæр. Ахуыры æм-рæстæджы нæ уагъта спорт дæр – хъазыд футболæй, тренировкæ кодта ушуйæ. 1990 азы Генади райста астæуккаг ахуырад æмæ уыцы аз фæззæджы ацыд Советон Æфсады рæнхъытæм службæ кæнынмæ. Службæ кæнгæйæ, уымæ Ирыстонæй хъуысын райдыдтой иуæй иннæ уæззаудæр хабæрттæ. Хæст сцырын ис йæ фыдæлты зæххыл. Æвзонг лæппуйы зæрдæ нæ бабыхста – ныууагъта йе службæ æмæ æрцыд йæ райгуырæн Ирыстонмæ.  Слæууыд йе ‘мбæлттимæ æмæ иумæ хъæбатырæй тох кодтой иумæйаг знаджы ныхмæ. Бирæ хæстон операциты райста хайад Генади, фæлæ зындзинæдтæй никуы тарст, тас цы у, уый нæ зыдта.

Цæгат Ирыстоны Горæтгæрон район исынмæ куы æрхъавыдысты мæхъæлæттæ, уæд та ардæм дæр бирæ æндæр хуссарирыстойнаг лæппутимæ фæдисы цыдæй фæцæуæг сты æмæ уыдоны руаджы хæсты арт  уым æрнымæг.

Дыууæ хæсты цæхæрыл рацæуæг Гасситы Генади йæ царды 22-æм азы, 1994 азы 25 сентябры трагикон æгъдауæй фæмард… Ахуыссыд æвзонг уды цæхæр…

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.