Цӕрджыты ӕнӕниздзинадыл ӕдзухдӕр чи архайы, уыдон нымӕцмӕ хауынц Цхинвалы районы поликлиникӕйы кусджытæ. Сӕйраг дохтыр Уалыты Мери дзӕвгар азты кусы ам, зоны ӕмӕ уарзы йӕ куыст ӕмӕ ӕдзухдӕр архайы, цӕмӕй йӕ дӕлбаруӕвӕг персонал зӕрдиагӕй ӕххӕст кӕной сӕ разылӕууӕг хӕстӕ, аудой цӕрджыты ӕнӕниздзинадыл. Уалыты чызджы хъӕппӕрисӕй ӕрвылаз дӕр бацархайынц, цӕмӕй поликлиникӕйы дохтыртӕ ацӕуой хъӕутӕм ӕмӕ бынӕтты ӕмбӕлон медицинон ӕххуыс бакӕной ӕмбӕстӕгтӕн. Афтӕ та у ацы аз дӕр, развӕлгъау бацӕттӕ кодтой график афӕдзы фыццаг ӕмбисӕн ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ныр банысангонд рӕстӕжды ацӕуынц хицӕн ӕмӕ хицӕн хъӕутӕм. Районы уӕвынад кӕны фондз хосгӕнӕн амбулатори ӕмӕ 10 та фельдшерон пункты ӕмӕ ӕнӕзӕрдӕхудтӕй ӕххӕст кӕнынц сӕ разылӕууӕг хӕстӕ. Фӕлӕ уӕддӕр поликлиникӕйы дохтыртӕн сӕ авналӕнтӕ ӕмӕ дӕсныйад бӕрзонддӕр у ӕмӕ цæрджытæ хуыздæр медицинон æххуыс райсынц.

Сӕйраг дохтыр куыд радзырдта, уымӕ гӕсгӕ уал уыдысты ӕмӕ басгӕрстой Арцеу, Сатихъар ӕмӕ Къостайыхъӕуы цӕрджыты ӕнӕниздзинад. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕмбӕстӕгтӕ развӕлгъау фӕзонынц дохтырты бригадӕйы ӕрбацыд ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ӕнӕзивӕгӕй бацӕуынц банысангонд рӕстӕгмӕ. Уымӕй дарддӕр ма хӕдзӕрттӕм бацӕуынц ӕмӕ басгарынц уӕззау ӕмӕ уатон рынчынты дæр. Кӕд ӕмӕ рынчыны ӕнӕниздзинад ноджы мӕгуыраудӕр вӕййы, уӕд æй дарддӕры басгӕрсты тыххӕй арвитынц районон поликлиникӕ кӕнӕ республикон рынчындонмӕ, гъе та сын рафыссынц æмбæлон хостæ. Хъӕууон хосгӕнӕн уагдӕтты дохтыр кӕм нӕй, уырдӕм поликлиникӕйы дохтыртӕ цӕуынц арӕхдӕр, практикон æххуыс бакӕнынц медицинон хотӕн.

Уӕлдӕр ранымадгонд хъӕутæй  дарддӕр ма афӕдзы фыццаг ӕмбисы басгардзысты Зар, Прис, Тъбет, Дменис, Гром, Ног Куырттатӕ ӕмӕ Ортъеуы хъӕуты, уый фӕстӕ та бабӕрӕг кӕндзысты Хелцуа, Мамысантӕ, Рустау, Дампъалет, Сарабукъ, Залда, Свер, Хеит, Плитӕ, Андис ӕмӕ Джеры хъӕууон цӕрджыты. Бригадӕйы сконды сты дохтыр-терапевт Пухаты Р., кардиолог Мӕлдзыгаты А., нуӕртты дохтыр Хуыбылты В., оториноларинголог Гуыззыттаты А., хирург-травматолог Козаты Д., гинеколог Мӕхъиты, офтальмолог Лохты В. ӕмӕ ӕн-дӕртӕ. Районы 8130 ӕмбӕстагӕй нӕ чысыл рӕзинаг хуртӕ та сты 983 ӕмӕ уыдон дӕр нӕ ныууадздзысты ӕнӕхъусдард. Куыд ӕрвылаз, афтӕ та сӕм ацы аз дӕр фӕзындзысты ӕмӕ сын базондзысты се ‘нӕниздзинады уавӕр.

Хъӕууон цӕрджытӕн ахӕм медицинон лӕггад кӕй бакӕнынц, уый тыххӕй поликлиникӕйы разамынд ӕмӕ медперсоналӕй сты райгонд.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.