Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Бекъойты Геннади хайад райста Хъалонтæ æмæ æмбырды фиддонты фæдыл комитеты хыгъдон æмбырды, хыгъд радта комитеты сæрдар Кадзты Владимир 2020 азы куысты хатдзæгты фæдыл.

Къадзты Владимиры докладмæ гæсгæ, 2020 азы хъалонты æрбацыдтæ паддзахадон бюджетмæ уыдысты 1 088 947 мин сомы, кæцы 3,2 проценты фылдæр у планон æвдисæнæй. Паддзахадон бюджеты æфтиагон хай байдзаг кæныны сæйраг гуырæн у физикон адæймæгты æфтиæгтæй, райсгæ æфтиæгтæй, бафтаугæ аргъæн хъалонтæй.

Хъалонон службæйы сæргълæууæг куыд банысан кодта, афтæмæй хъалонты æрбацыдтытæ, сæйраджыдæр, фæфылдæр сты административон мадзæлттæ фæхуыздæр кæнын, организациты æмæ куыстуæтты хъалонон базæ рауæрæх кæнынæй, кæцытæ регистраци æрцыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æмæ йæ арæнтæй ахизгæйæ, продукци реализаци кæнын кæй фæбæрзонддæр, афтæ ма хъалонфидджытимæ æмархайды гъæд фæхуыздæр кæнын, контролон мадзæлттæ фæкарздæр кæны-нæй.

Банысангонд æрцыд, кæцыдæр планон æвдисæнты æнæххæстдзинад, сæйраджыдæр, транспорты фæдыл хъалон баст у республикæйы территорийыл арæнгонд карантинон мадзæлттимæ.

Къадзты Владимир ма фехъусын кодта, зæгъгæ, республикæйы егъау хъалонфидджытæ сты арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «Газпром трансгаз Ставрополь», æхгæд акционерон æхсæнад «Остелеком», «Æппæтдунеон хыгъдон банг», Паддзахадон унитарон куыстуат «Дорэкспострой», гом акционерон æхсæнад «БТК-4».

2020 азы нысангонд организацитæ бюджетмæ бахастой 427 757,7 мин сомы, кæцы у бюджетмæ иумæйаг бацыдтыты 39,3 проценты.

Хъалонон службæйы информацимæ гæсгæ, 2021 азы райдианы хъалонты æмæ æмбырдты фæдыл хæс у 871 643,5 мин сомы.

Къадзты Владимир радзырдта Хъалонты æмæ æмбырдты фæдыл комитеты контролон æмæ нормативон архайды тыххæй. Афтæ, ивгъуыд аз бакуыстгонд æмæ ист æрцыдысты æхсæз нормативон-барадон акттæ, уагъд æрцыдысты 33 балцон æмæ 274 камералон хъалонон басгæрстытæ, кæцыйы рæстæджы бæрæг æрцыдысты бархалынадтæ, сæйраджыдæр, баст сты хъалонон базæйы фæныллæгдæр кæныны фæстиуджыты хъалоны суммæ æнæфыст кæнæ та æнæххæстæй бафидынмæ.

Къадзты Владимир йæ доклады хатдзæгты банысан кодта, ацы азы хæстæ, кæцыты нымæцы уыд æфтиæгты фæдыл бюджеты æфтиагон хай сæххæст кæнын, кæцытæ сты Хъалонты æмæ æмбырдты фæдыл комитеты къухдариуæгады бын, Республикæ Хуссар Ирыстоны хъалонон закъондæттынад универсализацимæ æркæнын Уæрæсейы Федерацийы хъалонон закъондæттынады бындурыл ÆХК-йы æмсæрдæртты уынаффæмæ гæсгæ, афтæ ма хъалонфидджытимæ куысты нырыккон методтæ апарахат кæнын æмæ амалиуæгадты æмæ организациты хæстæ æрбæстон кæныны фæдыл фарстытæ аскъуыддзаг кæнын.

Хыгъдон æмбырды хатдзæгтæ комментари кæнгæйæ, Бекъойты Геннади банысан кодта, зæгъгæ, 2020 зын азмæ нæ кæсгæйæ, Комитеты архайды ис æвæрццаг динамикæ.

Уый фæстæ Хицауады сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг æруынаффæ кодта хъалонон службæйы коллективимæ бюджетмæ хъалонты æрбацыдтæ сифтонг кæнын фæдыл æмархайды фарстытæ, хъалонон æнæбафыст хай фæкъаддæр кæнын, республикæйы инвестицион климат фæхуыздæр кæнын.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.