Рæзы бонæй бонмæ нæ горæты Театралон фæзуат нын ноджыдæр чи рафидауын кæндзæнис,  уыцы бæстыхай – уазæгдон «Ирыстон».

Уазæгдоны арæзтад райдыдта аивгъуыйгæ азы уалдзæджы æмæ арæзт та хъуамæ фæуа ацы азы кæронмæ. Уымæ гæсгæ тындзынц сæ куыстытыл йæ арæзтадон организаци «Интурист-Алани»-йы кусджытæ. Объекты бæстон арæзт æрцыдысты инженерон хызæгтæ. Уагъд æм æрцыдис дон, газ, канализацион хæххытæ, хъæрмад. Арæзт æрцыдысты электроны хæххытæ вентиляци, телефонон бастдзинад. Æвæрд æрцыдысты кондиционертæ, кæцытæн ис хъармгæнæн æмæ уазалгæнæн системæтæ арæзт. Уым арæзт æрцыдис æртæ лифты, кæцытæй дыууæ уыдзæнис уæзтæ хæссынæн, иннæ та – адæмæн. Уыдон арæзт æрцыдысты авгæй дуæрттимæ.

Сыгъдæг æмæ аив цæуынц хатæнтæ. Арæзт цæуы йæ алыварс территори. Объекты арæзтад ацы аз – 31 декабрмæ кæй хъуамæ фæуа, уымæ гæсгæ кусджытæн æрынцой нæй, цæмæй арæзт фæуа  банысангонд æмгъуыдтæм. Куыстытæ цæуынц графикмæ гæсгæ. Æххæст сты кусджытæй. Уазæгдонæн æлхæд æрцыдысты æнæмæнгхъæуæг хæдзарон хъæдын дзаумæттæ.

Уазæгдоны арæзтады иумæйаг фæзуат у 6,5 мин квадратон метры.

Мæскуыйæ æрцæуæг специалисттæ ныртæккæ монтаж кæнынц бæстыхайы фасад. Зындгонд куыд у, афтæмæй бахъахъхъæд æрцыд, йæ бынаты цы зæронд уазæгдоны бæс-тыхай уыд, уый архитектурæ. Уый уыд республикæйы разамынад æмæ æхсæнады до-мæн. Уый – йæ æддаг бакаст. Мидæгæй та æрцыд бирæ ивындзинæдтæ. Фæивдæуыд ын йæ планировкæ. Æндæргъуызон уыдзæн йæ дизайн дæр. Егъау вестибюль уыдзæн райдзаст, аив фæлыст. Фыццаг уæладзыджы рахисæрдыгæй уыдзæн уæрæх ресторан, иннæрдыгæй та уыдзысты салон-тæ æмæ массажгæнæн кабинеттæ, минисаунæ. Дыккаг æмæ æртыккаг уæладзгуыты уыдзысты уазджытæн номыртæ, афтæ ма егъау конференц-зал. Номыртæ æмæ къæлидорты полтæ æмбæрзт уыдзысты ковралинæй. Уазæгдоны æдæппæт уыдзæн 43 бынаты. Уыдонæй дыууæ уыдзысты люкстæ, иу та – инвалидæн. Æмæ ам æппæт уавæртæ дæр арæзт æрцæудзæн, бынат дзы чи бацагура, уыцы уазджытæн.

Уазæгдоны ныккæнд дæр афтид нæ уыдзæн. Ам та уыдзысты фитнес-зал, гæрзтæхсæн, службæйон æмæ техникон бынæттæ. Уымæй дарддæр ма дзы æвæрд æрцыд, 30 кубикон метры дон кæм цæуы, ахæм резервуар æмæ уазæгдонмæ дон куы нал цæуа, уæд пайда кæндзысты ацы донæй.

Ног уазæгдоны куыстыты иу-мæйаг аргъ у 451 милуан сомы.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ арæзтад æххæст кæй цæуы хисæрмагонд-паддзахадон партнердзинады уавæрты. Æхцайы фæрæзты сæйраг хай хицæн цæуы 2018-2020 азтæн Инвестпрограммæйы фæлгæтты. Иннæ хай та арæзтадмæ хæссы инвестор. Уый та у Бердиаты Вадим, кæцымæ ис уазæгдæттæ арæзтады стыр фæлтæрддзинад. Ахæм егъау уазæгдæттæ цалдæр уый среализаци кодта Цæгат Ирыстоны. Бадзырдмæ гæсгæ  уымæн бар ис, цæмæй объекты райса арендæйы 25 азмæ, фæлæ уый фæстæ æфтиæгтæй сæ 15 проценты хъуамæ хæсса республикæйы бюджетмæ.

Ацы уазæгдоны арæзтад æнæмæнгхъæуæг уыд нæ горæтæн. Уымæн æмæ нæ республикæ куыд рæзы, афтæ нæм фылдæрæй фылдæр уазджытæ цæуы.

                 БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.