Алайнаг Епархийы хъæппæрисæй йæ кæронмæ фæхæццæ кæны Уаз Гиуæргийы Аргъуаны арæзтад горæт Къуайсайы, уый тыххæй ИА «Рес»-æн фехъусын кодта иерей Хетæгкаты Иаков.

Хетæджы фырт фехъусын кодта, зæгъгæ. Тагъд рæстæджы нæ республикæйы къухдариуæгады фæрцы æмæ Къуайсайы горæты администрацийы, номхуындæй та Гæззаты Роберт æмæ Алайнаг Епархийы æххуысæй йæ кæронмæ бахæццæ уыдзæн Аргъуаны арæзтад.

Хетæгкаты Иаковы ныхæстæм гæсгæ Алайнаг Епархийы делегаци ныридæгæн уыд Къуайсайы æмæ администрацийы минæвæрттимæ лæмбынæг æрдзырдтой Аргъуаны арæзтады фарстытыл.

«Æрæджы уыдыстæм Къуайсайы. Уым фембæлдыстæм горæты мэр Гæззаты Робертимæ. Нæ ныхас уыд конструктивон, Гæззайы фырт стыр цымыдисдзинад равдыста Уаз Гиуæргийы Аргъуаны дарддæры арæзтадон куыстытæм», – банысан кодта Хетæджы фырт.

Хъыгагæн, – йæ ныхасмæ бафтыдта уый, – Аргъуан уал азы дæргъы уыд æнæ агъуыстæй æмæ йæ къултæ ныккæлæддзаг сты. Ацы кувæндон баззад   æрдæгарæзтæй æмæ йыл ныр  фылдæр фыдæбон бахъæудзæн, – загъта уый.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, Уаз Гиуæргийы Аргъуан амайын кæй райдыдта Хуссар Ирыстонæй рацæугæ бизнесмен Джуссойты Альберт, фæлæ æбæрæг аххосæгтæм гæсгæ ацы объекты арæзтадон куыстытæ æрдæгыл баззадысты.

Аргъуаны арæзтады фæдыл йæ хъуыдытæ раргом кодта горæты администрацийы сæргълæууæг Гæззаты Альберт дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ Аргъуаны арæзтадон куыстытæ райдыдтой 6-7 азы размæ.

«Ацы объект аразын райдыдтой цалдæр азы размæ æмæ йыл æрдзон фæзындтæ хорзæрдæм нæ бандæвтой, – загъта Гæззайы фырт. – Абон алыгъуызон хъуыдытæ рæгъмæ цæуынц хаст, фæлæ бæлвырд нæма сты» .

Гæззаты Альберты ныхæстæм гæсгæ Къуайсайы цæрджытæ æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсынц Аргъуаны арæзтады фæудмæ.

«Фидарæй мæ уырны, Аргъуанмæ бирæ адæм кæй цæудзæн, уымæн æмæ йæм æнхъæлмæ кæсынц бонæй-бон», – загъта уый.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.