Президент Бибылты Анатоли фембæлд Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты профессорон-педагогон сконд æмæ студенттимæ.

Фембæлды раныхас кодта ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим. Уый æрæмбырдуæвджытæн радзырдта, уæлдæр ахуыргæнæндоны рæзтмæ паддзахады сæргълæууæджы хайбавæрды тыххæй, йæ материалон-техникон базæ фæхуыздæр кæныны æмæ зонынæдтæ райсыны уавæрты тыххæй. Уыимæ иумæ, ректор йæ катайдзинад равдыста, президенттæм кандидатты нымæц фылдæрæй-фылдæр кæй кæны, фæлæ зонæдты кандидаттæ æмæ доктортæ суæвынмæ чи хъавы, уыдон та къаддæрæй-къаддæр кæй кæ-нынц, уый тыххæй.

«Чи нæм раивдзæн нæ корифейтæ æмæ профессорты? Абонæй хуыздæр кæд уыдысты ахуыры æмæ кусыны уавæртæ? Университеты куысты æмвæзад æмбæлон æмвæзадыл ис æмæ нæ хæс у студенттæн уавæртæ саразын. Мах сæ аразæм», – загъта университеты ректор.

Президент 2007 азæй фæстæмæ, фарон фыццаг хатт фæфылдæр кодта стипендитæ. Æрмæстдæр уый æрдардта йæ хъус ацы проблемæмæ. Хъусдард здæхт æрцыд хуыздæр студентты разæнгард кæнынмæ. Студенттæ хорзæхджын цæуынц  сæрмагонд стипендитæй, уыцы нымæцы, Президентон стипендийæ дæр, кæцы схызт 7 мин сомы онг. Президентон стипенди чи исы, уыцы студентты нымæц дæр схызт 14 онг. Уый дæр Бибылты Анатолийы хæрзиуæг у. Мæн ныфс ис, æмæ уый дарддæр дæр кæй æххуыс кæндзæн ахуыргæнæндоны куыст æмæ размæцыдæн», – банысан кодта Тедеты Вадим.

Дарддæр раныхас кодта Бибылты Анатоли. Уый фыццаг рады банысан кодта ХИПУ-йы  профессорон-педагогон сконды бæрзонд профессионализм, студентты та рахуыдта бæстæйы фидæн. Банысан ма кодта, ХИПУ-йы рауагъдонтæй бирæтæ республикæйы бæрнджын бынæтты кæй кусынц, уый дæр.

Президент радзырдта, фæстаг 5 азы республикæйы реализацигонд цы программæ цæуы, уый арæзт кæй æрцыд цæрджыты домæнтæм гæсгæ æмæ æххæст дæр æрцыд.

«Разылæууæг хæслæвæрдтæн сæххæстгæнæн нæй, бюджеты финансон фæрæзтæ куынæ уа, уæд. Уый тыххæй фыццаградон хæс у бюджет фæфылдæр кæнын. Æмæ йæ фæфылдæр кодтам хи фæрæзтæй 855 милуан сомы. Банысан æрцыдысты приоритеттæ. Фыццаг рады хъусдард здæхт æрцыд пенситæ фæфылдæр кæнынмæ, кæцыты индексаци – 7,7 проценты, уагъд цæудзæн æрвылаз дæр», – загъта бæстæйы Сæргълæууæг.

Радзырдта, кæй фæфылдæр сты сывæллæтты пособитæ, нысан кæй æрцыд сывæллоны райгуырды тыххæй иурæстæгон бафыст, цыппар кæнæ уымæй фылдæр  сывæллон кæмæн ис, уыцы бинонтæн алы сывæллоны тыххæй дæр æрвылмæй 1000 сомы кæй фыстæуы,  карон ценз 80 азæй 75 азы онг кæй æрныллæг, æппæт уыдæтты тыххæй. Банысан кодта, 2008 азы хæсты фæстиуæгæн цы хæдзæрттæ æмæ фатертæ бахъыгдард сты, уыдон дæр æмæ бирæуæладзыгон бæстыхæйтты лифтытæ дæр цалцæг кæй æрцыдысты. Хъусдард аздæхта резервон электрохаххы арæзтады ахсджиагдзинадмæ, кæцыйы руаджы, æрдзон катаклизмæтæм нæ кæсгæйæ, республикæ ифтонг уыдзæн электроны рухсæй.

Æвзæрстыты тыххæй та загъта, зæгъгæ, рæдыд хъуыды у, ома, Президенты куыст æрмæст барамындтæ æмæ  бардзырдтæ дæттын у.

«Президент у, æрмæст хæслæвæрдтæ чи дæтты,  уый нæ, фæлæ ма сæ сæххæст кæнынæн уавæртæ чи аразы, ахæм адæймаг. Чизоны исчи не ‘мбары уыцы бынаты кусыны æппæт бæрндзинад æмæ йæм æнцон кæсы. Бамбарут æй, скъуыддзаг цæуы Бибылты Анатолийы хъысмæт нæ, фæлæ – паддзахады хъысмæт, ам чи цæры, уыцы адæмы хъысмæт», – банысан кодта Президент.

Уынаффæ цыд мидполитикон здæхты фарстатыл дæр, сæрмагондæй та Уистæйы хъæуы алыварс сæвзæргæ проблемæйыл мæ оппоненттæ контекстæй аппæрстой хицæн хæйттæ, мæнæй адæмы знаг саразыны тыххæй», – загъта уый.

«Сымахæн уæ хæс мæнæй адæмы знаг саразын уыд? Æмæ уыцы хъуыдытимæ цæут адæмæн къухдариуæг кæнынмæ? Адæмæй  манипуляци кæнынмæ хъавут? Сымах ахъуыды кодтат, мæ сывæллæттæ цы фæуыдзысты, ууыл? Ау, исчи куы фехъуса ацы ныхæстæ, куы йæ бауырной æмæ уынджы мæ лæппуйыл фембæлгæйæ йын куы зæгъа: «Ды дæ, нæ зæххытæ нын чи ныууæй кодта, уыцы Бибылты Анатолийы фырт».

Куыд ис гæнæн, æмæ хицауиуæгадмæ цы адæймаг цæуы, уый ахæм æдзæсгом митæ кæна? Ау, президенты къæлæтджын уый аргъ у? Кæй зæгъын æй хъæуы, нæу. Кæд тох кæныс, уæд тох кæн цæсгомджынæй, куыд адæймаг, куыд нæлгоймаг. Адæмы размæ рахиз дæ фæндæттимæ, æрсид сæм, цæмæй дæ фарс рахæцой. Æмæ адæм равзардзысты чи сæ фæнда, уый», – банысан кодта Президент.

Паддзахады экономикон размæдзыды тыххæй та банысан кодта Хуссар Ирыстонмæ инвесторты æрцыды æнæмæнгхъæуындзинад æмæ ахсджиагдзинад. Радзырдта «Ирон сæн», «Южный сад» æмæ æндæр проектты æнтыстджын архайды тыххæй дæр.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.