Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй бадзырдыл президенттæ Владимир Путин æмæ Тыбылты Леонид Мæскуыйы сæ къухтæ куы æрфыстой, ууыл сæххæст 9 азы. Уæдæй нырмæ уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг ахастытæ рæзынц, бонæй-бон фидардæр кæнынц. Бадзырд арæзт æрцыд, августы хæсты фæстæ – 2008 азы 17 сентябры Хæлардзинад æмæ æмкуысткæнынады тыххæй Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы æхсæн стыр бадзырды бындурыл. 

Документы сæйраг пункттæ сты Инвестицион программæйы фæлгæтты  Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн æххуыс кæнын æмæ нæ республикæйы йæ къахыл слæууын кæнын. Уыимæ ма Уæрæсейы Федераци гарант у Хуссар Ирыстоны æдасдзинадæн. Ацы бадзырдмæ гæсгæ УФ-йы арæнхъахъхъæнджытæ сæ хуссарирыстойнаг коллегæтимæ хъахъхъæнынц нæ республикæйы паддзахадон арæнтæ.

Бадзырд у стратегион масштабы документ æмæ йын  ис историон нысаниуæг. Уымæн æмæ документмæ гæсгæ, Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстон  сарæзтой иумæйаг хъахъхъæнынадон тыгъдад æмæ æдасдзинады системæ. Бадзырды нысан æрцыд дæргъвæтин рæстæгмæ ахастыты ориентиртæ. Документы пунктты реализаци фæахъаз нæ республикæйы цæрджыты царды æмвæзад фæбæрзонддæр кæнынæн, Уæрæсейы престижон уæлдæр ахуыргæнæндæтты нæ абитуриентты ахуырæн. Бадзырды фæлгæтты нæ республикæйы фылдæрæй-фылдæр кæнынц пенситæ, бюджетон организациты куыстмыздтæ,  фæхуымæтæгдæр уæрæсейаг æмбæстагдзинад райсыны процедурæ дæр.

Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн æмцæдисон ахастытæ фæарфдæр сты, фæуæрæхдæр æмæ фæаивдæр бадзырдон-барадон базæ, фæактивон сты  интеграцион процесстæ дæр. Иууыл сæйрагдæр та у, хæсты фæстиуæгæн пырх æмæ сыгъд республикæ кæй сæндидзыдта, уый.

Бадзырды бындурыл дыууæ бæстæйы ‘хсæн арæзт æрцыд дыууæсæдæйы бæрц сразыдзинæдтæ. Уыцы сразыдзинæдтæм гæсгæ, рæзынц æмæ фидар кæнынц нæ республикæйы социалон-экономикæйы, медицинæйы, ахуырады фадгуытæ. Уавæртæ арæзт цæуы фермерон хæдзарадты рæзтæн, хæрзвадæттæ арæзтæуы фæсарæйнаг инвестортæн, рæзынц Уæрæсеимæ базарадон-экономикон æмæ æхсæнадæмон бастдзинæдтæ, дунейы алы политфæзуæтты нын Уæрæсе хъахъхъæны нæ интерестæ.

Не статусы банымадæн дæр стыр фæахъаз Уæрæсейы Федераци. Уый руаджы нын нæ паддзахадон хæдбардзинад банымадтой: нырма йæхæдæг, уый фæстæ та – Науру, Венесуэлæ, Сири, Никарагуа.

Уæдæ нæ адæм дæр фæстæ нæ лæууынц. Ирон лæг йæ уæлæ хæс нæ уадзы æмæ абон сæрмагонд æфсæддон операцийы нæ лæппутæ сты раззагон хаххыл, уæрæсейаг хæстонтимæ иумæ тох кæнынц фашистты фæдонтимæ.

ОСИАТЫ Индирæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.