Республикæ Хуссар Ирыстоны Æмбæстагон хъахъхъæнынад, уæлвæткон уавæртæ æмæ стихион æнамонддзинæдты фæстиуджытæ иуварс кæныны фæдыл министрады сырæзтыл ацы аз сæххæст 15 азы. Ацы министрады сконды цы ахсджиаг службæтæ ис – æмбæстагон хъахъхъæнынады службæ, агурæн-ирвæзынгæнæн дæлхай æмæ зынгсирвæзты ныхмæ тох кæныны службæ – æдзух сты куысты уæлхъус æмæ цæттæ сты цыфæнды æрцæугæ цаутæ аиуварс кæнынмæ.

4 октябры министрады 15 азы сӕххӕсты цытӕн Паддзахадон драмон театры бӕстыхайы уыдис цытджын æмбырд. Хайад дзы райстой Хицауады Сӕрдар Джуссойты Констатин æмæ хицауады уæнгтæ,  бӕстӕйы раздӕры Президент Тыбылты Леонид, Уӕрӕсейы Федерацийӕ делегаци Уӕлвӕткон уавӕрты министры хӕдивӕг инӕлар-булкъон Илья Денисовы сӕргълӕудӕй, Республикӕ Абхазӕй ӕмӕ Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады кусджытӕ.

Ӕмбырды райдианы равдыстой киноныв министрады рӕзт ӕмӕ ахадӕн куысты фӕдыл.

Уӕлвӕткон уавӕрты министр Гассеты Ибрагим сӕрмагонд скондӕн раарфӕ  кодта министрадыл 15 азы сӕххӕсты цытӕн. Ныфс бавӕрдта патриотизм, бӕрзонд компетентондзинад ӕмӕ сӕ разылӕууӕг хӕстыл иузӕрдиондзинад дарддӕр дӕр ахъазгӕнӕг кæй уыдзысты сӕ службӕйон хӕстӕ ӕнтыстджынӕй ӕххӕст кӕнынӕн. Уӕлвӕткон уавӕрты министрад, зӕгъгӕ, кӕд ӕвзонг министрад у, уӕддӕр ын ис конк-ретон фӕстиуджытӕ ӕмӕ бӕстӕйӕн пайдахӕссӕг сты.

Рæсугъд æмæ цымыдисонæй ацыд Уӕлвӕткон уавӕрты министрады юбилей

Министрад йӕ сырӕзтӕй фӕстӕмӕ эффективонӕй бӕстон кӕны уӕлвӕткон уавӕртӕ ма ӕруадзын ӕмӕ сӕ аиуварс кӕнын, уыимӕ иумӕ ма ифтонг кӕны цӕрджыты ӕдасдзинад.

Нӕ разылӕууӕг хӕстӕ ӕмӕ нысӕнттӕ нӕ къухты ӕфтынц кусджыты профессионализм, оперативондзинад, ныфсхастдзинад ӕмӕ хиуылӕнауӕрдондзинады руаджы ӕрдзон катаклизмтӕ ӕмӕ аварион-ирвӕ-зынгӕнӕн куыстытӕ уадзыны рӕстӕджы. Ӕрвылбон дӕр Уӕлвӕткон уавӕрты министрады оперативон тыхтӕ ӕххӕст кӕнынц сӕ ӕвӕджиаг хӕстӕ, зынгсирвӕзты ныхмӕ тох ӕмӕ аварион-ирвӕзынгӕнӕн куыстытӕ кӕныны рæстæджы», – дзырдта министр.

Гассеты Ибрагим банысан кодта уӕрӕсейаг коллегӕтимӕ активон ӕмархайд ӕнтыстджынӕй дарддӕр кæй кӕны. Уый тыххӕй уӕрӕсейаг делегациимӕ бауынаффӕ кодтой къорд фарстытыл, кӕцытӕ, йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, ӕввахс рӕстӕджы бандавдзысты министрады куыстыл, уыцы нымӕцы кусджыты пенсион ифтонгадыл дӕр.

Хицауады Сӕрдар Джуссойты Константин мадзалы хайадисджыты базонгӕ кодта бӕстӕйы сӕргълӕууӕг Гаглойты Аланы арфӕимӕ.  Банысан  кодта, Уӕлвӕткон уавӕрты министрад арӕзт кӕй ӕрцыд бӕстӕйӕн уӕззау ӕмӕ вазыгджын рӕстӕджы.

Хуссар Ирыстонӕн бӕрзонд квалификациджын кадртӕ бацӕттӕ кӕнынмӕ егъау хайбавӕрд кæй хæссы ӕмӕ Уӕрӕсейы Уӕлвӕткон уавӕрты зынгсирвӕзты ныхмӕ службӕйы паддзахадон академийы сырӕзтыл 90 азы кӕй сӕххӕст, уый цытӕн академи РХИ-йы Президенты барамындӕй хорзӕхджын ӕрцыд Кады орденӕй.

Уӕлвӕткон уавӕрты министрады юбилейон бӕрӕгбон нысан кӕныны цытӕн паддзахады сӕргълӕууӕджы номӕй министрады кусджыты майдантӕ ӕмӕ Кады грамотæтӕй схорзӕхджын акодта Хицауады Сӕрдар Джуссойты Константин.

Гассеты Ибрагим хорзӕхджын ӕрцыд Уӕрӕсейы Федерацийы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады «За содружество во имя спасения»-йы ӕмӕ Абхазы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады майданӕй.

Министрады кусджытӕ ма бӕрзонд хорзӕхтӕ райстой мадзалы хайадисӕг хӕларадон бӕстӕты минӕвӕрттӕй. Традицимӕ гӕсгӕ, бӕрӕгбонон цытджын ӕмбырды фӕстӕ ӕвдыст ӕрцыд, Хуссар Ирыстоны Культурӕйы министрад цы концертон программӕ бацӕттӕ кодта, уый.

Бӕрӕгбонон мадзӕлтты фӕлгӕтты ма Уӕлвӕткон уавӕрты министрады кусджытӕ Паддзахадон университеты базӕйыл ӕвдыстой сӕ арӕхстдзинад уӕлвӕткон ӕмӕ ирвӕзынгӕнӕн ӕндӕр уавӕрты.

                                                                                                             Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.