Афтӕ зӕгъы рагон ирон ӕмбисонд, йӕ мидис – ома, рӕнтон куы уай, тыхст лӕгӕн йӕ къух куы ацаразай, уӕд дӕм фӕстӕмӕ дывӕрӕй ӕрбаздӕхдзӕн, дӕ хорзракӕнд ӕнӕхъуаджы нӕ фӕуыдзӕн. Чизоны, раджы кӕддӕр, ӕцӕгдӕр, афтӕ уыд, иугӕр адӕмы ‘хсӕн ахӕм ӕмбисонд фӕзынд, уӕд. Фӕлӕ ныры дуджы афтӕ нал у, сӕдӕ хорзы кӕмӕн бацӕуай, уымӕн дӕр иу хатт дӕ бон хорзы бацӕуын нал бацис, зӕгъгӕ, уӕд дын дӕ сӕдӕ хорзы дӕр дон йӕ бынмӕ аласдзӕн, йе знаг фестдзынӕ. Афтӕ кӕй у, ӕвӕццӕгӕн, уымӕн райдыдтам пайда кӕнын мӕнӕ ахӕм ӕндӕр ӕмбисондӕй – хорз ма ракӕн, ӕмӕ фыд ма ссарай…

Фӕлӕ уӕддӕр цӕрын ӕмӕ архайын хъӕуы фыццаг ӕмбисондмӕ гӕсгӕ. Æрӕджы фӕсивӕдон орга-низаци «Иууон Алани»-йы активондӕр уӕнгтӕй иу Джиоты Марианӕ социалон хызӕг Facebook сарӕзта активистты къорд, кӕцы хуыйны «Президент дӕ фарсмӕ куы уа». Йӕ тематикӕйыл дзургӕйӕ, къорды администратор ӕмбарын кӕны: ацы къорд арӕзт ӕрцыд уый тыххӕй, цӕмӕй нӕ зӕрдыл дарӕм хорздзинад, уымӕн ӕмӕ зӕххыл иунӕг адӕймагӕн дӕр нӕй ахӕм гаранти, ӕмӕ ма бахауа, царды цы бирӕнымӕц тыхст уавӕртӕ фӕзыны, уыдоны ахӕсты, фӕлӕ Хуссар Ирыстонӕн ис ахӕм президент, кӕцы алы хатт дӕр тыхст адӕймагмӕ фӕдаргъ кӕндзӕн ӕххуысы къух».

Ам дзырд цӕуы ахӕм ӕххуысыл, кӕцы ӕххуысӕн  бакӕнӕн нӕ вӕййы бюджетон фӕрӕзты хардзӕй, уымӕн ӕмӕ паддзахадон бюджеты амынд цы нӕ уа, ома, бюджет исыны рӕстӕджы ӕхцайы фӕрӕзтӕ дих цӕй тыххӕй не ‘рцыд, ахӕм ӕххуысӕн хицауады ‘рдыгӕй бакӕнӕн нӕй. Марианӕ ныридӕгӕн социалон хуызӕджы сӕвӕрдта, Хуссар Ирыс-тоны цӕрджытӕй президент кӕмӕн баххуыс кодта, ахӕм ӕртын историйы бӕрц – бинонтӕ, ӕнӕхъӕн организацитӕ, коллективтӕ – кӕцытӕн йӕ фонды фӕрӕзтӕй баххуыс кодта Бибылты Анатоли.

«Æз арӕх фехъусын, президент кӕй баххуыс кӕны, ӕнӕнхъӕлӕджы тыхст уавӕры чи бахауы, ахӕмтӕн, кӕмӕн йӕ уӕззау рынчыны хос кӕнынмӕ арвиты, кӕмӕн ахуыр кӕ-нынмӕ ацӕуынӕн баххуыс кӕны, куы кӕцыдӕр спортивон къорд кӕнӕ хицӕн спортсменты ерыстӕм арвиты, кӕмӕн – хӕдзар аразынӕн арӕзтадон ӕрмӕджытӕ кӕнӕ финансон фӕрӕзтӕй баххуыс кӕны, ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Бирӕтӕ нӕм сӕхӕдӕг дӕр ныффыссынц бузныджы ныхӕстӕ, президент сын кӕй баххуыс кӕны, уый тыххӕй. Уыдонӕн сӕ фылдӕр хай куыд зӕгъынц, афтӕмӕй, куы фӕтыхсынц, уӕд комкоммӕ президентмӕ уымӕн  бахатынц, ӕмӕ сӕ хиуӕттӕй, сӕ зонгӕтӕй арӕх фехъусынц, алкӕмӕн дӕр кӕй баххуыс кӕны, уый тыххӕй. Уымӕ гӕсгӕ мӕ бафӕндыд ацы къорд са-разын социалон хызӕджы, цӕмӕй не ‘мбӕстӕгты ныфс уа – макуы мачи фӕтыхсӕд, фӕлӕ ахӕм исты, зӕгъгӕ, уӕд сӕ проблемӕимӕ иунӕгӕй кӕй нӕ баззайдзысты. Нырма ӕртын ӕрмӕгӕй фылдӕр нӕ сӕвӕрдтон  нӕ къорды фарсыл, фӕлӕ мӕм ахӕм историтӕ ис, кӕд минтӕ нӕ, уӕддӕр сӕдӕтӕ», – зӕгъы къорды администратор Джиоты Марианӕ.

Джиоты чызджы ныхӕстӕм гӕсгӕ президент адӕмӕн цы бирӕнымӕц хорз хъуыддӕгтӕ сарӕзта ӕмӕ аразы, уыдонӕн мыхуырмӕ сӕ иу чысыл хай бацӕттӕ кӕнын дӕр зын сӕххӕст кӕнӕн у, фӕлӕ йын ӕххуыс кӕнынц къорды иннӕ уӕнгтӕ дӕр, кӕцытӕ ӕвдисӕн вӕййынц ахӕм хъуыддӕгтӕн, кӕнӕ сӕхӕдӕг дӕр бахаудтой тыхст уавӕры ӕмӕ сӕхиуыл бавзӕрстой Бибылты Анатолийы зӕрдиаг ӕххуыс.

«Æз дӕн къорды администратор, фӕлӕ уый афтӕ нӕ нысан кӕны, ӕмӕ ӕндӕртӕн нӕй гӕнӕн, цӕмӕй се ‘рмӕджытӕ мыхуыр кӕной нӕ къорды фарсыл. Æз стыр ӕхсызгонӕй ныммыхуыр кӕндзынӕн алкӕй истори дӕр, кӕцытӕ дзурӕг сты, тыхст уавӕры бахаугӕйӕ сын Бибылты Анатоли куыд баххуыс кодта, ууыл, – сиды йӕ къорды кӕсджы-тӕм  Марианӕ.

Бынтондӕр гуырысхойаг нӕу, хорздзинад фенын кӕй нӕ фӕнды, хъӕндзинӕдтӕ агурынӕй ӕхцондзинад чи исы, ахӕмтӕн та фадат фӕзындзӕн афтӕ зӕгъынӕн: ӕмӕ цы, иугӕр президент у, уӕд хъуамӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕна, уӕдӕ куыд?.. Æмӕ раст уыдзысты, фӕлӕ хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ нӕм президенттӕ ныры онг дӕр уыдис, фӕлӕ… Цӕвиттон ӕрхӕссӕм, ны-рыккон ӕнцонвадат коляскӕтӕ кӕмӕн балхӕдта, ӕмӕ сӕ уӕззау уа-вӕр кӕмӕн фенцондӕр кодта, уыцы алыгъуызон уатон рынчынтӕй – уы-дон уӕды онг нӕ тыхстысты, уӕдмӕ сӕ нӕ хъуыдысты уыцы коляскӕтӕ? Æви нӕм раздӕр къаддӕр финансон ӕххуыс цыди?..

Зӕгъӕм, Бибылты Анатоли йӕ фондӕй ӕххуыс кӕны газет «Хурзӕрин»-ӕн дӕр – ӕрвылмӕй 70 мин сомы. Ирон ӕвзаг цӕрдхъом кӕй нал у, нӕ царды алы фадгуыты йын уырыссаг ӕвзаг йӕ бартӕ ӕмӕ йӕ бынат кӕй бацахста, уый аххосӕй, иннӕ мыхуырон фӕрӕзтимӕ абаргӕйӕ, нӕ редакци уӕлдай зындзинӕдтӕ кӕй ӕвзары, уый тыххӕй. Уыцы зындзинӕдтӕ дӕр абон нӕ фӕзындысты, зыдтой ӕмӕ сӕ уыдтой ӕн-дӕртӕ дӕр, фӕлӕ никӕй бафӕндыд сӕ фенын, нӕ уавӕры бацӕуын, кӕд нӕм мӕгуырдӕр фондтӕ нӕ уыд, уӕддӕр. Бибылты Анатолийӕн дӕр бар уыд, цӕмӕй сӕ «ма федтаид» – хъаст ыл куынӕ бакодтаиккам, мыййаг, фӕлӕ уый афтӕ нӕ бакодта, Джиоты чызг цы бирӕнымӕц тыхст адӕмы кой кӕны, уыдонмӕ ахасты куыд нӕ бакодта, афтӕ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.