(Джусойты зæйласты трагедийыл сæххæст 90 азы)

Уыцы сау дудгæбон ныннæрыдысты, нызмæлыдысты Къуыдаргомы æнусон хæхтæ, тæгæлтæ фæхаудта ком. Хърамула æмæ Джоджора баиу сты æмæ зæрдæхалæн хъарæггæнгæ, сæ разæй раластой туджы пырхæнтæ.  Цалдæр уысммæ хæхты фæхстæ быгъдæгæй аззадысты. Æрдзы радон фыдæхæй басыгъдысты æнæхъæн комбæстæ, æгъатыр зæй сæ аныхъуырдта.

Уæд, Къуыдаргомы, Арашендайы хъæуы, фондз боны æнæрлæугæйæ фæуарыд мит. 1932 азы 14 февралы хохы фарсæй раскъуыд зæй æмæ фæласта æнæхъæн хъæубæстæ. Цы авд æмæ ссæдз хæдзары дзы уыд, уыдонæй ма æнæхъæнæй баззадысты æхсæз хæдзары. Бацарæфтыд Джусойты мыггаг. Æнамонд хабар уайтагъд айхъуыст. Фæдисмæ ныххæррæтт кодтой сыхаг хъæутæ: Цъон, Ерцъо, Замтарет, Кæсагджын…

Хæхтæ рæсугъд куыд сты, сæ фыдбылыз дæр уыйас у. Цæмæн басыгъдысты æрдзы фыдæхæй Джусойты мыггагæй сæдæйы бæрц адæймаджы? Уыдонимæ скъолайы ахуыр-гæнджытæ Гаглойты Симæ æмæ Багаты Ладо дæр.

Джусойтæй чи фæмард, уыдонæй уыд, хæдзарыдзагæй чи фесæфт, ахæм бинонтæ дæр. Уыдон уыдысты: Тебæ, Мамыкъа, Мыстул, Жижыла, Ким æмæ Васойы бинонтæ. Ацы æхсæз хæдзары бинонтæ бынсæфт фесты, сæ фæстæ змæлæг нал баззад, сæ таг аскъуыд. Цалдæр бинонтæй фæмард сты бирæгæйттæй. Зæгъæм, Пухайы бинонтæй фæмард 13, Сесейы бинонтæй – 12, Мелитонтæй -10, Никъалатæй – 8 æмæ афтæ дарддæр. Фæдисæттæ ма зæйы бынæй удæгасæй скъахтой 25 адæймаджы.

Æнæнхъæлæджы ирвæзт чи акодта, ахъæмтæ дæр дзы уыд. Джусойты Пуха сыхаг Кировыхъæуы хъæусоветы сæрдар уыд. Уырдыгæй изæры сæхимæ рацæйцыд, фæлæ уыйас мит ныууарыд, афтæ арф уыд æмæ-иу дзы бæх ныссагъд, цæуын нæ фæрæзта. Æмæ уæд уый дæр Начърепамæ йæ мады ‘рвадæлтæ Нанитæм баздæхт æмæ уым баззад. Фыдбæллæхæй йæхæдæг аирвæзт, фæлæ цæр-гæбонты йæ зæрдæ хъæдгомæй баззад. Йæ бинонтæй йын 13 аныхъуырдта зæй.

Джусойты Сесейы фырт Батыры ныхæстæм гæсгæ, уæды рæстæджы бирæгæйттæй кæй цардысты, уымæ гæсгæ сæ бинонтæ уыдысты 24, уыдонæй фæмард 12, йæ мад Багианы та йын æрдæгмардæй скъахтой. Иууылдæр йæ уæнгтæ уыдысты цъæлтæ æмæ йæ дохтыртæ аирвæзын кодтой. Фæлæ уый дæр уыцы мысинæгтимæ зæрдæхæлдæй фæцардис йæ амæлæтмæ. Батыр куыд зæгъы, афтæмæй сæ мад цал хатты иунæгæй аззадаид, уал хатты-иу æй хъарæггæнгæ баййæфтой.

Джусойтæ се ‘ппæт дæр цардысты Стырмæсыджы хъæуы æмæ алы рæстæджыты ралыгъдысты алы рæттæм. Иутæ дзы æрбынат кодтой Арашендайы, иннæтæ  – Чъребайы, стæй Знауыры районы хъæутæ Нагутни, Дзагъина,  Жалабет æмæ æндæр рæтты. Уыцы бынæттæй дæр та фæстæдæр, иутæ 1920 азы алыгъдысты Цæгат Ирыстоны Ногиры хъæумæ, иннæтæ – Гуырдзыстоны Къахетмæ. Зæйы бæллæх стыр трагеди уыд се ‘ппæтæн дæр. Джусойты Саукъах уæдмæ Арашендайæ Ногирмæ рацыд цæрынмæ, йе ‘фсымæртæ Пуха æмæ Матиа æд бинонтæ баззадысты Арашендайы æмæ, уæлдæр куыд загътам, афтæ фесæфтысты. Уæд Хуссар Ирыстонмæ ахизæн æфцгуытыл дæр уыйас мит уыд æмæ дзы нæ уыд ацæуæнтæ. Баззадысты Ногиры Джусойтæ дæр сæ судзгæ мастимæ бынаты. Адæм иронвæндæгтæ кæнгæ цыдысты Саукъахы хæдзармæ, скодтой сын хæрнæджы фынг. Уыцы дудгæбонæй райгуырд Саукъахы хъарæг. Ныффыста æмæ йæ йæ чиныг «Памятники народного творчества осетин»-мæ бахаста ахуыргонд Хæмыцаты Тамарæ, «Саукъахы хъарæг Джусойтыл», зæгъгæ, ахæм сæргондимæ. Æрхæссæм дзы цалдæр рæнхъы:

Джусойты Саукъах йæ бинонтыл афтæ ныхъхъарæг кæны:

 

«Ныр ма цы хурмæ цæуон? Мæ хъæлдзæг бинонты

Æмбырдæй куы ныууагътон,

Ныр нæ сывæллæтты фендыл æппын иу мæй куынæ лæууыдтæн,

Уæд сын ныр сæ мæрдтæ дæр куынæуал федтон.

Ныр сын сæ рæзгæ къабæзтæ æндонсалд ихы цъæхмæ

Æнусты цъити уæззау нылхъывта…».

Амынд чиныджы ма Тамарæ куыд фыссы, афтæмæй «14 февраля 1932 года, под снежным обвалом погиб 131 человек из рода Джусоевых». Цал уыдысты, уый абон алыхуызон дзурынц, бынтон бæлвырд бæрæггæнæнтæ нæй. Фæлæ сæдæйæ къаддæр нæ уыдысты.

Сау дудгæ бон ныккодта уæд Знауыры цæрæг Джусойтыл дæр се ‘рвадæлты сæфтæй æмæ сæ сæртæ хойгæ чыртæ-чыртæй цыдысты Арашендамæ. Мæ фыд Сергей уæд гуырд нæма уыд, фæлæ йын йæ фыд Разден куыд дзырдта, афтæмæй сын уый фæстæ Нагутнийы скодтой æхсæны хист. Скодтой сыл зарæг дæр, фæлæ йын рæстæгыл йæ ныхæстæ ныффыссæг нæ фæци æмæ фесæфт.

Уæды хабæрттæн абон æвдисæн нал ис. Чи сыл фæфыста, уыдон арфæйаг хъуыддаг бакодтой, фæлæ уый фаг нæу.  Хорз сæ зыдта Тарскæйы хъæуккаг Джусойты Леуан, йæхæдæг дæр цыппараздзыдæй зæйы бын фæцис æмæ аирвæзт. Адон фылдæр уый мысинæгтæ сты. Уыцы стыр фыдох чи ʻрыййæфта, уыдонæй ма абон æгас у æрмæстдæр иунæг адæймаг, Тарскæйы хъæуккаг Джусойты Сограт, фæлæ ууыл дæр уæд дыууæ азы дæр нæма цыд æмæ дзы цы хъуамæ хъуыды кæна. Зæй та сæ хæдзары иувæрсты ацыд. Фæлæ йæ зындгонд фыд Годжиа уыд, пырх хъæууатæй фæстæмæ нæргæ хъæу чи сарæзта, уыдоны активондæртæй иу.

Ахæм стыр трагедийæн абон йæ аххосаг раиртасын зын у. Æрдзон фыдбылызты адæм сæхæдæг аххосджын кæй сты, ахæм ныхæстæ дæр уыд æмæ ныр дæр ис. Къуайсайы хъæуккаг Зассеты Болат куыд зæгъы, афтæмæй йæ фыдыхо дæр фæмард ацы зæйы бын. Уый уыд Джусойты чындз. Йæ сывæллонæн авдæнмæ куыд хæрын кодта, афтæмæй сæ зæй йæ хъæлæсы ахаста. Болаты хъуыдымæ гæсгæ, революцийы фæстæ адæм Хуыцау æмæ дзуæртты ныхмæ кæй рацыдысты, уый сын нæ ныббарстой. Газет «Хурзæрин»-ы 2021 азы 27 ноябры йе ‘рмæг «Ирыстоны кувæндæттæ»-йы фыссы:

«Къуыдаргомы Джусойты хъæуы цæрæг æрыгон фæскомцæдисон райсом раджы йæ фæрæт айста æмæ суг кæнынмæ араст уæлбыл хъæдмæ. Джусойты дзуары цурмæ куы бахæццæ, æмæ уыцы стыр фыдæлтыккон бæлæстæ куы федта, уæд йæ фæнд фæивта. Кæд дзуæрттæ нæй, уæд ацы стыр бæлæстæй иу-цалдæр куы ракæнон, уæд мын цы уыдзæнис, зæгъгæ. Уыцы хъуыдытимæ фæрæтæй бав-нæлдта стыр бæлас калынмæ. Бæлас куыд рацæйкалдис, афтæ мæрайæ зæд ратахт гыццыл сывæллоны хуызы æмæ цæхæркалгæ хохы сæрмæ Рагъы дзуары ‘рдæм стахт. Лæппу уый куы федта, уæд фыртæссæй йæ фæрæт дард фехста æмæ хъæуырдæм лидзынмæ фæцис. Ныхасмæ куы æрбахæццæ, уæд тарстхуызæй зæронд лæгтæн хабар радзырдта. Кæй фæрæдыд æмæ дзуары бæлас кæй акалдта, уый тыххæй йын хистæр зæронд лæг бауайдзæф кодта:

– Дегæрыл фæуай, уый цы бакуыстай? Дæхи дæр æмæ æнæхъæн хъæуы дæр куы бабын кодтай. Ауай рæвдз æмæ кусарт акæнут, хатыр ракурут, кæд ма нын ныббара, уæд.

Изæрырдæм бæстæ нытталынг ис, сау мигъ ныббадт комы, схъызыдис, мит уарын райдыдта. Уаргæ дæр – уарыны хуызæн. Цыбыр рæстæгмæ Къуыдаргом миты бын фæцис…   Афтæмæй цыдæр æнамонд гуырды тыххæй адæм фесæфтысты. Диссаг уый у, æмæ уыцы ран зæй æрцæуæн дæр нæй. Никуы дæр дзы уæды онг уыд, никуы дæр – уый фæстæ».

Кæй зæгъын æй хъæуы, Болаты хатдзæгтæн бæлвырд бындур нæй. Уыдон сты зæрдæаив хъуыдытæ. Уымæн æмæ, хъыгагæн, æрдзон фыдбылызтæ раджы дæр уыд æмæ ныр дæр æмæ сæ дзуæртты аххос кæнæм, уый цас раст уыдзæн.

Сæдæмæ æввахс адæймаджы æвирхъау мæлæт канд Джусойты трагеди нæ уыд, фæлæ æнæхъæн Ирыстоны. Уыцы аз 20 февралы газет «Коммунист»-ы фыстой: «Къуыдары Арашендайы хъæу фæцис зæйы бын. Удæгасæй ма дзы скъахтой 25 адæймаджы, фæлæ уыдон дæр сты тынг цæфтæ, хъæуы сын дохтырты æххуыс. Хъæуы фос бынтондæр фæцагъды сты, агъуыстытæ никуыцæй уал зынынц, удæгасæй ма чи баззад, уыдонæн нал ис хæринаг. Къахынц, сæфт адæмæй ма кæй не ссардтой, уыдоны».

Нигер дæр уыцы стыр трагеди равдыста йæ поэмæ «Хур – фæдисон»-ы:

 

Хъæу Арашенда

Абон бабын ис,

Абон Джусойтæ

Фесты царæфтыд!

Кæд алы хъæутæй фæдис фæцыдысты æмæ сæ фæкъахтой миты бынæй, уæддæр дзы бирæты не ссардтой æмæ миты бын баззадысты суанг Зæрдæвæрæнмæ. Утæппæт мæрдтæн хицæн ингæнтæ чи къахта. Бавæрдтой сæ уæлбыл иу æфсымæрон ингæны. Мæнæ цы фыста Нафи газет «Советон Ирыстон»-ы 1972 азы 15 февралы:

«Ерцъойы æфцæгæй коммæ куы ныккæсай, уæд дæ цæст схæцдзæн цæугæдон Хърамулайы рахисфарс уæлбыл иу чысыл уæлмæрдыл. Ам цалдæр бал бæласы дæлбазыр ныр цалдæр азы мæрдвынæй кæнынц Джусойты зæйласт мыггаг. Æз, цагъды уæлдæйттæй иу, ардæм куы ‘рбафтын, уæд худаистæй фæзæгъын: рухсаг ут, мæ зынгхуыст æрвадæлтæ…».

Нæ мыггаджы сæфтыл абон дæр риссы зæрдæ. Бирæ зарджытæ, æмдзæвгæтæ, уацтæ фыст æрцыд ацы трагедийыл. Хаджеты Таймураз йæ зæрдæйы хъыгтæ равдыста йе ‘мдзæвгæ «Мыггаджы сæфт»-ы:

 

…Ныррыхыд, топпы фатау, зæй,

Æмæ фæхаудта ком тæгæлтæ.

Нынниуы уаддымгæ хъæрæй,

Ныккæуы сухты цагъд мыггагыл…

Уыцы аз зындгонд зарæггæнæг Наниты Андо Къуыдары фæсивæдимæ скодта Джусойты зарæг. Уыцы фыдбæллæхыл у йæ зындгонд ныв Тугъанты Махарбегæн «Зæйластыты агурын», зæгъгæ. Зæйласт адæмæн арæзт æрцыд æппæтадæмон къамис. Уыцы къамис стыр æххуыс бакодта, Арашендайы хъæуæй ма удæгас чи баззад, уыдонæн. Лæвæрд сын æрцыд хойраг, дарæс. Рахицæн сын кодтой йæ фарсмæ æндæр цæрæнуат æмæ хъæу æдзæрæг нæ фæцис. Хъæуы ном та схуыдтой Ногхъæу, сæ колхоз та уыди хуыздæртæй иу. Фыдыбæстæйы стыр хæст куы райдыдта, уæддæр ма цагъдуæлдай хъæуæй рантыст 12 хæстоны, уыдонæй дæр аст баззадысты тохы быдыры.

Фæлæ  уæддæр хъæу фæстæдæр федзæрæг. Уырдыгæй Джусойтæ 40-50 азты фæлыгъдысты алырдæм, сæ фылдæр ныртæккæ цæрынц Цæгат Ирыстоны Тарскæйы хъæуы. Уæддæр сын Къуыдаргом адджын у. Арæх абæрæг кæнынц сæ фыдæлты уæзæг æмæ ингæнтæ.

Ацы аз 14 февралы 90 азы сæххæст ацы стыр фыдбæллæхыл æмæ сын мах дæр сæркъулæй зæгъæм: «Рухсаг ут, зæйласты амæттæгтæ!».

Уæлдæр куыд загътон, афтæмæй ацы стыр трагеди æппæт Ирыстонæн иумæйаг уыд. Æмæ, стыр хъыгагæн, абоны онг сæ уæлмæрды иу хуымæтæг цырт æвæрд не ʻрцыд. Цалдæр азы размæ дзы Джусойтæ сæхæдæг цырт сæвæрдтой æмæ йын йæ алфæмблай сæхгæдтой. Фæлæ уыцы цырт ахæм стыр трагедийы домæнтæн дзуапп нæ дæтты…

                                                                                  ДЖУСОЙТЫ  Нинæ

 

 

 

ДЖУСОЙТЫ  ЗАРÆГ

(Адæмон ныхæстæ æмæ музыкæ)

 

Хохы дагъ рацæуы кæлгæ-кæлгæ,

Уæй, уæрæйдæ, кæлгæ-кæлгæ,

Рæсугъд чызг рацæуы кæугæ, ниугæ,

Уæй, уæрæйдæ, кæугæ, ниугæ.

 

Джусойты хæдзæрттæ комы ʻрдæм,

Уæй, уæрæйдæ, комы ʻрдæм,

Зæй сæ фæласта бонырдæм,

Уæй, уæрæйдæ, бонырдæм.

 

Цомут ма, лæппутæ, къахырмæ,

Уæй, урæйдæ, къахырмæ,

Джусойты мæрдты къахынмæ,

Уæй, урæйдæ, къахынмæ,

 

Охх, Джусойтæ, Джусойтæ,

Уæ, уæй, бецау Джусойтæ.

Зæйтæ фæцыдис бонырдæм,

Уæй, уæрæйдæ, бонырдæм.

Се сæфт æрцыдис бонырдæм,

Уæй, бецау, бонырдæм.

 

Уæлæ нын Хуссары – дзедырæг,

Уæй, уæрæйдæ, дзедырæг.

Джусойты хъæу нын – федзæрæг,

Уæй, уæрæйдæ, федзæрæг.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.