Фæстаг рæстæджы нæ республикæйы социалон æмæ скъолайы кары агъоммæйы уагдæттæн арæх баххуыс кæнынц хæлцадон продукттæй. Куыд ма фыстам, афтæмæй компани «Южный сад», кæцыйæн дыргъдæттæ ис Къостайыхъæуы, ахæм уагдæттæй бирæтæн байуæрста се ‘ркæнгæ тыллæгæй. Ныр та уыдон фæткъуыйы алыгъуызон сорттæ райстой кæсæг-балхъайраг амалиуæггæнæгæй.

Хæрзаудæн акци райдыдта нæ горæты сывæллæтты 13-æм рæвдауæндон «Теремок», социалон-медикон центр æмæ Цхинвалы скъола-интернатæй. Чи сæ уæрста, уыцы активистты сæргъ лæууыд Хуссар Ирыстоны хæххон лыжæты, спорты æмæ сноуборды федерацийы президент Тедеты Лери. Уый куыд загъта, афтæмæй фæткъуытæ тоныны хæрзаудæн акцийы хайад иста инициативон къорд авд адæймаджы скондæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ ацы акци республикæйы цæуы дыккаг хатт.

Кæсæг-балхъайраг амалиуæггæнæг йæ тыллæгæй рахицæн кæны Хуссар Ирыстоны сывæллæттæн. Уый ма куыд загъта, афтæмæй, цы тыллæг æрæмбырд кодтой, уый адих кæндзысты республикæйы сывæллæтты цæхæрадæттыл æмæ скъола-интернаттыл.

«Махæн бантыст 30 асыччы бæрц фæткъуытæ æрæмбырд кæнын. Фæнды мæ зæгъын, фаронæй ацы аз тыллæгæрзад мæгуыраудæр кæй уыд. Афтæ ма мæ бузныг зæгъын фæнды республикæйы генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæгæн, ацы хæрзаудæн акцийы нын кæй баххуыс кодта, уый тыххæй. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, фæткъуытæ нын чи рарвыста, уыцы амалиуæггæнæгæн æмæ йæ бинонтæн дæр, кæцытæ нын æрмæст дыргътæ нæ балæвар кодтой, фæлæ ма къуымбилæй быд худтæ нæ сывæллæттæн дæр», – загъта Тедеты Лери.

Фæткъуытæ уал кæмæн байуæрстой, уыдон дæр бузныджы ныхæстæ дзырдтой куыд фæткъуыты рарвитæг-амалиуæггæнæгæн, афтæ сæ чи æртыдта, æрласта æмæ уары, уыдонæн иууылдæр.

Нӕ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.