Æнтыст аразæг алыхатт уавæртæ кæй не сты, уымæн та ацыхатт дæр фидар æвдисæн уыди Дудайты Доннæйы æнтыст Краснодары Киокусн-кан каратэйæ ерысты. Уавæртæ та, кæй зæгъын æй хъæуы, хуыздæрхъуаг сты: æрвылхаттдæр ацы спорты хуызы архайджыты бахъæуы ерыстæм ацæуыны хæрдзтæн финансон фæрæзтæ агурын.

Ацы аз 17-18 февралы Краснодары уагъд цыдысты «Кубок Кубани», зæгъгæ, киокусн-кан каратейæ. Сывæллæттæ дзы хайад истой Уæрæсейы хъайтар армийы инæлар В.Г.Казанцевы приз рамбулыны сæраппонд. Иумæйагæй ерысты хайад райстой Уæрæсейы Федерацийы 18 регионы, æдæппæт 280 адæймаджы.

Хуссар Ирыстоны командæйы сконды уыди 7 спортсмены: Тедеты Аннæ, Дудайты Доннæ, Гаглойты Дианæ, Тадтаты Роман, Тадтаты Софья, Пухаты Михаил æмæ Тыджыты Иринæ. Хъыгагæн ацы командон скондæй 6 адæй-магæн нæ бантыст уæлахиздзаутæ æмæ призертæ суæвын. Уыйхыгъд Дудайты Доннæ се ‘хсæнæй равзæрд йе стыр удыхъаруйы фæрцы. Уый архайдта 50 килограммы уæзы хуызы 12-13 аздзыд спортсментимæ ерысты. Дыууæ развæлгъау тохы иттæг арæхстджын разынди æмæ рагагъоммæ фæуæлахиз йæ ныхмæлæуджытыл.

Финалон тохы чысыл Дудиан татамийыл фембæлд бынæттон каратисткæйыл. Уый æвиппайды фæхæсти йæ ныхмæ тохгæнæджы архайды миниуджытыл æмæ хъæппæрис райста йæхи къухмæ. Уыйадыл йæ тохы бартæ нал радта йæ ныхмæлæууæгмæ æмæ сси уæлахиздзау.

«Æз зæрдæбынæй мæхи цæттæ кодтон ацы ерыстæм, тынг бæллыдтæн фыццаг бынат райсынмæ. Фæнды мæ мæ ацы уæлахизæй мæ фыды ном ссарын, уый æрæджы фæмард трагикон æгъдауæй. Дарддæр дæр кусдзынæн мæхиуыл, цæмæй мын ноджыдæр уа æнтыстытæ».

Кæд Дудайты Доннæйыл йæ царды тынг уæззау хабар æрцыд, уæддæр нæ асаст йæ ныфс, æмæ та райста ног уæлахиз. Уый нысан кæны, æцæгæйдæр фидар удыхъæды хицау кæй у, æмæ йæм кæй æнхъæлмæ кæсы стыр фи-дæн. 9 майы уый архайдзæн Цæгат-Кавказы федералон зылды фыццагиуæгады Стараполы, æмæ нæ ныфс ис, уым дæр та йын кæй нæ разындзæн аккаг ныхмæлæууæг.

Куыд зонæм, афтæмæй 2017 азы Дудайты Доннæ хайад иста æрыгæтты æхсæн Уæрæсейы фыццаг бынат бацахсыны фæдыл ерысты æмæ ссис сыгъзæрин майданы хицау. Уымæй дарддæр ма уый ист æрцыд Уæрæсейы Федерацийы иугонд командæмæ.

Доннæйы тренер Созайты Владимир куыд зæгъы, афтæмæй ацы ерыстæ уыдысты цæттæгæнæн Цæгат Кавказы Федералон зылды ерысты размæ. Цæттæ кæндзысты, æмæ сын кæд финансты проблемæ нæ уа, уæд дзы æнæмæнг хайад райсдзысты.

Созайы фырт ма загъта бузны-джы ныхæстæ парти Иугонд Ирыстоны сæрдар Тадтаты Аланæн ацы ерыстæм ацæуыны сæраппонд сын æхцайы фæрæзтæй кæй баххуыс кодтой, уый тыххæй. Афтæ ма райгонд уыд Инæлар-майор Гассеты Ибрагимæй, транспортæй сын сæ къух кæй сарæзта, уый тыххæй.

Мах дæр Дудайты Доннæйæн, стæй уый номæй нæ чысыл спортсментæн зæгъæм æнтысты фæндиæгтæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.