Знон, 18 апрелы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид официалон æгъдауæй базонгæ кодта Генералон прокуратурæйы коллективæн ног снысангонд прокурор Дзæгъиаты Уырызмæджы.

Йæ раныхасы Тыбылты Леонид зæрдыл æрлæууын кодта, дзæнæттаг Цгъойты Мерабы трагикон мæлæт нæ прокуратурæ æмæ нæ адæмæн стыр зиан кæй уыд. Фæлæ, зæгъгæ, цард дарддæр кæны — нæ Республикæйы къухдариуæгад æмæ Парламент иумæ уынаффæ райстой Генералон прокурорæй Дзæгъиаты Уырызмæджы снысан кæнын. Тыбылты Леонид прокуратурæйы кусджыты базонгæ кодта Уырызмæджы цард æмæ архайдимæ. Уый у не ’мзæххон, куыста Уæрæсейы Федерацийы Мидхъуыддæгты министрады системæйы, сæрмагондæй та министрады фæдагурæн управленийы Сочæйы фæдыл. У юстицийы булкъон.

«Генералон прокуратурæйы коллектив кусынц нæ адæмы хæрзæбонæн, æмæ ацы коллективæй мæн стыр ныфс ис, — ацы куыст дарддæр дæр кæндзæн. Æнтыстыты æмрæнхъ ис хъæндзинæдтæ дæр, уымæ гæсгæ хъæуы кусын нæ бæстæйы Конституци æмæ закъæттæм гæсгæ. Ныртæккæ мах стæм бæстæйы сабыр цардарæзтады фæндагыл æмæ Уæрæсеимæ нæ ахастытæ ноджы æнгомдæр кæныныл», — дзырдта Тыбылты Леонид.

Уый ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ республикæйы Генералон прокуратурæ бирæ бакуыста 2008, 2009 азтæй фæстæмæ паддзахадон исад давыны цаутæ сбæлвырд кæныныл. Уыцы уавæр бирæбæрцæй рарастгонд æрцыд.

«Ныртæккæ Уæрæсейы бæрзонд къухдариуæгадæн æндæр ахаст ис Хуссар Ирыстонмæ. Бацархайдтам, цæмæй саразæм нæхицæн хорз ном æмæ дарддæр бакусæм нæ бæстæйы кад æрмæст Уæрæсейы раз нæ, фæлæ æгас дунейы дæр фæбæрзонддæр кæныныл. Уымæн æмæ Уæрæсейы Федераци нæ паддзахады хæдбардзинад куы банымадта, уæд Уæрæсейæн фæзынд бирæ знæгтæ æмæ æвзæрмæ бæлджытæ. Фæлæ мах фенын кодтам алкæмæн дæр, нæхицæн нæ бон кæй у нæ цард аразын æмæ нæ паддзахад рæзын æмæ фидар кæнын», — банысан кодта Президент.

Дарддæр ма бæстæйы сæргълæууæг æркой кодта Уæрæсеимæ ахсджиаг Бадзырды тыххæй дæр. Мах, зæгъгæ, практикон æгъдауæй цæттæ стæм Бадзырды фæдыл уæлæмхас сразыдзинæдтыл къухтæ бафыссынмæ, уыцы нымæцы æфсæддон фадыджы дæр. Æхсызгон хъуыддаг у уый дæр, æмæ УФ-йы Социалон райрæзты æмæ фæллойы министрадæй кæй райстæуыд гæххæтт, бюджетон сферæйы кусджытæн куыстмыздтæ фæфылдæр кæныны фæдыл. Ныртæккæ уыцы хъуыддагыл куыст цæуы финансты министрад æмæ Парламенты æнгæс комитетимæ иумæ. Уый нысан кæны афтæ, æмæ УФ-имæ стыр Бадзырд царды биноныг кæй цæуы.

Тыбылты Леонид ноджыдæр банысан кодта Генералон прокуратурæйы кусджыты егъау куысты фæстиуæгæн Хуссар Ирыстонæн æххуысы фæдыл бирæ хъуыддæгтæ кæй æрцыдысты æргом. Уыцы куыст хъæуы дарддæр кæнын. Йæ ныхæстæм гæсгæ 2014-2015 азты УФ-йы Нымайæн палатæ ахæм фæстиуджытæ са-рæзта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейæ æххуысы фæрæзтæ æнæнысанæй хардз нал цæуынц.

«Нæ республикæйы фæтк æмæ закъон цæмæй тыхджын кæной, уый тыххæй кæрæдзи фарсмæ хъуамæ лæууæм. Уæрæсейы Уæлдæр къухдариуæгад у нæ бæстæйы уæвæг стабилон уавæры фарс. Æмæ нæ æмгуыстад акæндзæн уæлахиз æмæ æнтыстытæм. Уымæ гæсгæ нæ паддзахадон къухдариуæгады органтæ хъуамæ кусой æмархайдæй. Уыцы хъуыддаджы Уырызмæг Фридоны фыртæн мæ цæст уарзы æнтыстытæ æмæ уæззау куысты æмбаргæ ахаст», — загъта кæронбæттæны паддзахады сæргълæууæг.

Генералон прокуроры хæдивæг Битеты Сергей банысан кодта, куыстхъом коллектив цæттæ кæй сты дарддæр дæр сæ разылæууæг хæстæ æххæст кæнынмæ.

Мадзалы хайадисæг РХИ-йы Парламенты Сæрдары хæдивæг Мамиты Инал Генералон прокурорæн арфæ ракодта, æмæ банысан кодта, кæй кæндзысты æнгом куыст. Прокуратурæ, зæгъгæ, у сæйраг хъусдарæг орган Конституцион закъæттæ æмæ æндæр республикон закъæттæ куыд æххæст цæуынц, уый фæдыл. Æмæ бæстæйы Конституцимæ гæсгæ райсгæ закъæттæ исын æмæ сыл контроль кæнын дæр хауы республикæйы Парламентмæ. Мамиты Иналы ныхæстæм гæсгæ Генералон прокуратурæ æмæ Парламенты раз стыр хæстæ ис æмæ цæттæ сты æмгуыстадмæ.

Ног снысангонд Генералон прокурор Дзæгъиаты Уы-рызмæг йæ раныхасы банысан кодта, бæстæйы къухдариуæгад æмæ Парламент æй ацы бынатмæ кæй саккаг кодтой, уымæй йыл кæй сæвæрдтой стыр бæрндзинад: «Нæ разы ис ахæм хæстæ — æппæт фарстатæ дæр афтæ аскъуыддзаг кæнын, цæмæй дзы уæлдай фарстытæ мауал уа. Генералон прокуратурæйы куыст дарддæр конд цæудзæн иууыл хуыздæр традициты, нæ бæстæйы адæм æмæ паддзахады хæрзæбонæн. Ныфс мæ ис æмæ куыстхъом коллективимæ æппæт фарстытæ дæр кæй цæудзысты бæстон куысты рæстæджы».

Мадзалы хайад истой Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Администрацийы сæргълæууæг Джиоты Алан, Уæлдæр тæрхондоны сæрдар Хуыгаты Илонæ.

КЪÆБУЛТЫ М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.