Знон РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид æмбырд ауагъта барадхъахъхъæнæг министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытимæ, цыран хайад райста республикæйы Генералон прокуроры бынатмæ нысанæрцæуæг Дзæгъиаты Уырызмæг дæр, — фехъусын кодта Президенты пресс-секретарь Гана Яновская.

Тыбылты Леонид банысан кодта, зæгъгæ йын йæ кандидатурæйы бавдыста республикæ-йы Парламентмæ æмæ æмхъæлæсæй депутатон корпус рахæцыдис йе ’вварс.

Президент загъта ахæм ныфс, зæгъгæ, Генералон прокуратурæ дарддæр эффективон куыст кæндзæн, йæ разы цы фарстатæ лæууынц, уыдон скъуыддзаг кæныны фæдыл.

Йæ рады республикæйы ног Генералон прокурор æппæт профилон ведомствоты йæ коллегæтæм сидгæйæ, банысан кодта, зæгъгæ, фæнд кæны йæ куыст æххæст æмархайдæй æххæст кæнын.

Дарддæр байхъуыстæуыд, Тыбылты Леонид уый размæ æмбырдты цы хæслæвæрдтæ радта, уыдоны фæдыл хыгъдтæ. Æввахс рæстæджы цы фарстатæ хъуамæ скъуыддзаг æрцæуой, уыдоны ’хсæн сты фæсивæд иууыл тынгдæр кæм æмбырд кæнынц, ахæм бынæттæ раргом кæнын, азартон хъæзтытæ ма ‘руадзын, кæцытæн бар нæй республикæйы архайæг закъондæттынадмæ гæсгæ. Ацы фарст хъуамæ æдзухдæр уа тыхон ведомствоты хъусдарды бын.

«Уый арæзт цæуы, цæмæй республикæйы æппæт территорийыл хъахъхъæд цæуа фæтк», — банысан кодта Президент.

Фæстаг дыууæ къуырийы дæргъы бакæнгæ куысты тыххæй дзургæйæ Мидхъуыддæгты министры хæдивæг Уалыты Муртаз радзырдта, ныридæгæн раргом чи æрцыдысты, уыцы 4 регистрацигонд фыдракæнды тыххæй.

«Активон куыст цæуы, наркотикон фæрæзтæ кæм уæй æмæ парахат кæнынц, уыцы бынæттæ раргом кæныны фæдыл, фæндагон-транспортон цаутæ, уыцы нымæцы машинæ нозтджынæй скъæрыны, афтæ хæцæнгарз æнæзакъонæй æфснайыны цаутæ раргом кæныны фæдыл. Цæрджытæ сæхимæ хъуамæ ма æфснайой æхсæнгæрзтæ, хицæн цауты рæстæджы уыдонæй фæкæнынц æхсгæ», — загъта уый.

Министры хæдивæг банысан кодта, ведомство дарддæр кæй кусы цæрджытимæ, цæмæй барвæндонæй радтой, цы æхсæнгæрзтæ сæм ис, уыдон. Афтæ ма банысанчындæуыд, зæгъгæ, цæрджытæ адих сты дыууæ категорийыл: сæ æхсæнгæрзтæ бархийæ чи дæттынц æмæ сæ радтын кæй нæ фæнды, уыдоныл. Æхсæнгæрзтæ æнæзакъонæй æфснайæг æфхæрд цæуы республикæйы закъонмæ гæсгæ.

Президент банысан кодта, зæгъгæ, абон нал сты 90-æм азтæ, адæм сæ цардæн æмæ се ’ввахс хиуæтты цардæн куы тарстысты.

«Мах аразæм цивилизацион паддзахад, цыран хъуамæ куса, фыццаджыдæр, закъон æмæ фæтк. Адæм хъуамæ æнкъарой стибилондзинад æмæ хъахъхъæд кæй цæуынц, уый», — загъта Тыбылты Леонид.

Ивгъуыд мæйы паддзахадон автоинспекцийы хаххыл регистраци æрцыдысты 244 бархалынады. Фæлæ статистикæмæ гæсгæ цæхгæр фæкъаддæр сты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

«Фылдæр хатт шофыртæ фæсидынц таксимæ, кæнæ сæ зонгæтæм æмæ рулы фарсмæ нал сбадынц нозтджынæй», — банысан кодта республикæйы мидхъуыддæгты министры хæдивæг.

Афтæ ма, Уалыйы фырты ныхæстæм гæсгæ, сæ куыст фæактивондæр кодтой фадыгон инспектортæ, кæцытæ регуляронæй ацæуынц сæ бæрны уæвæг районтæм.

Хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг Гассеты Ибрагим хыгъд радта, 9-æм майы бæрæгбонмæ тыхон ведомство цы цæттæгæнæн куыст кæны, уый тыххæй. 13 апрелæй цыппæрæм æфсæддон территорийыл уагъд цæуынц репетицитæ парадон расчеттæн æмæ рæнхъон скондæн парадон расчеттæ сты 23. Дзырд цыдис уый тыххæй дæр, цæмæй Фидауынгæнæг тыхты службæгæнджытæ исой уæрæсейаг пенси. Фарстыл куыст цæуы Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы Æдасдзинады советты.

Республикæмæ 1992 азы 14 июлы бакондæрцæуæг фидауынгæнæг тыхты æртæфарсон форматы хицæн азты службæ чи кодтой, уыцы æфсæддон службæгæнджыты пенсион ифтонгады фарст.

«Мах хъуамæ балæууæм, 14 июлы Хуссар Ирыстоны зæхмæ сабырад чи æр-хаста, нæ уыцы лæппуты фарсмæ», — загъта Президент.

Юстицийы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг фехъусын кодта, зæгъгæ, РХИ-йы Парламентмæ мажоритарон пропорционалон системæмæ гæсгæ æвзæрстыты тыххæй закъоны проект Президенты фæндонмæ гæсгæ ныридæгæн цæттæ у æмæ ис Президенты администрацимæ.

Президенты админстрацийы сæргълæууæг Джиоты Аланы ныхæстæм гæсгæ, æввахсдæр бонты закъоны проектмæ æркастæуыдзæн президенты цур конституцион закъондæттынад фæхуыздæр кæныны къамисы.

Джиоты Мурат, фæсконфликтон уавæр æрбæстон кæныны фарстыты фæдыл президенты минæвар фехъусын кодта, зæгъгæ, майрæмбоны Паддзахадон Думæ сратификаци кодта Паддзахадон арæны тыххæй бадзырд. Ууыл къух æрфыстæуыд 18 февралы 2015 азы Мæскуыйы. Документ лæвæрд æрцыд УФ-йы президентмæ æркæсынмæ йæхимæ. Уый ма фехъусын кодта, зæгъгæ, документы проектыл куыста дыууæ бæстæйы къамис.

Æмбырды ма дзырд цыд æбæрæгæй сæфт республикæйы æмбæстæгты тыххæй. Джиойы фырты ныхæстæм гæсгæ, æбæрæгæй сæфтыты ссарыны сæраппонд дарддæр куыст цæуы.

«Ивгъуыд къуыри Мæздæджы ссардæуыд не ’мбæстаджы ингæн. Уый 2008 азы августы хæсты рæстæджы фæмард 12 скъоламæ хæстæг. Цасфæнды рæстæг ма рацæуа, уæддæр мах хъуамæ агурæм не ’мбæстæгты», — банысан кодта Тыбылты Леонид.

Æввахс рæстæджыты райдайдзæн Уырыссаг Чырыстон кувæндоны арæзтад раздæры 4-æм скъолайы бынаты. Аргъуан саразыны фæндон райстæуыд, Мæскуыйы патриарх Кирилл æмæ нæ республикæйы президент куы фембæлдысты, уæд. О, фæлæ кувæндоны саразынæн ис ныхмæдзæуджытæ дæр.

«Аргъуан арæзт æрцæудзæн, æмæ йæм цæудзысты нæ республикæйы растуырнынадыл хæцæг адæм, Алайнаг Епархийы Уаз Мады Майрæмы кувæндонмæ куыд цæуынц, афтæ», — загъта президент.

Æмбырды цы уынаффæгæнинаг фарстытæ уыд, уыдонæй дарддæр ма дзырд цыди нæ республикæйы фидæныл дæр, сæрмагондæй та фæсивæды хъомылдзинады фарстытыл. Ацы хъуыддаджы стыр нысаниуæг ис ирон адæмы уæлдæр уынаффæдон «Стыр ныхас»-ы куыстæн, уымæн æмæ æрмæстдæр уыдон рæстдзæвин идеологион куысты руаджы ис æрфидар æмæ райрæзын кæныны фадат фыдуаг цайдагъдзинæдтæ, уæлдайдæр та, нозтдзуан æмæ наркоманийæн бынат кæм нæй, ахæм хæдбындур ирон уагахастæн.

Ацы органы националон фарстытæм æрбаздахыны хъуыддаг Президент схуыдта приоритетон. Тыбылты Леонид сæрмагондæй банысан кодта, зæгъгæ, хорз уаид ацы уынаффæдоны хистæрты фæндон, адæмы æхсæн куыд кусынц, уый базонын.

Машинæ нозтджынæй скъæрыны фарстмæ раздæхгæйæ, æмбырды загъ-дæуыд ахæм хъуыды, зæгъгæ, хъæуы цæрджыты ’хсæн æмбарынгæнæн куыст адарддæр кæнын, ивары бæсты та иуæй-иу хатт тыхбыны куыстæй дæр спайда кæнын.

Æмбырды цæуыл дзырдтой, уыцы ахсджиаг фарстытæй ма иу уыд æфсадмæ æрсидыны фарст.

«Мах тынг лæмбынæг бакуыстам Хъахъхъæнынады хаххыл Æмцæдисдзинад æмæ интеграцийы фæдыл бадзырды уæлæмхас бадзырдтыл. Бакуыстæуыд уыцы фарстытыл, кæцытæ тыхсын кодтой канд æфсæддон службæгæнджыты нæ, фæлæ рæнхъон æмбæстæгты дæр. Абоны онг уал хъахъхъæд æрцыд нæ хисæрмагонд æфсад, нæ хæстон ведомство та йæ куыст дарддæр кæны», — загъта Президент.

Фæлæ ма Тыбылты Леонид йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, æфсæддон службæ бакæнын у тынг ахсджиаг хъуыддаг. Президенты ныхæстæм гæсгæ, æрыгон лæппутæ Республикæйы барадхъахъхъæнæг органтæм куыстмæ ист хъуамæ ма цæуой, сæ биографийы æмбæлон пункт куынæ уа, уæд.

Æмбырды ма Президент рæгъмæ рахаста, республикæмæ дон æнæкъуылым-пыйæ уадзыны фарст дæр. Тыбылты Леонид æрсидт æрæмбырдуæвджытæм, республикæйы сæйраг донуадзæны сæндидзын кæныны сæраппонд цы æхцайы фæрæзтæ рахицæн æрцыд, уыдон фарстмæ. Уый бахæс кодта Генералон прокуратурæ, Контролон-нымайæн палатæ æмæ Паддзахады æдасдзинады комитетæн, цæмæй æркæсой ацы фарстмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.