Æрæджы Владимир Путин ралæууыд, ахæм фæндонимæ, цæмæй мады капитал дыккаг сывæллонæн адарддæргонд æрцæуа 2021 азы 31-æм декабры онг, афтæ ма загъта уайтагъд сертификатæй спайда кæныны тыххæй дыууæ ног фадаты. Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм æмæ Уæрæсейы мады капиталы программæ кæй архайы 11 азы æмæ йæ архайд хъуамæ фæуыдаид 2018 азы фæстæ.

Йæ фæндон æмбарын кæнгæйæ, Владимир Путин банысан кодта, бæстæйы демографийы рæзты фарстытæ аскъуыддзаг кæныны мады капиталы программæйæн сæрмагонд нысаниуæг кæй ис, уый тыххæй. «Иу хæдзары бинонтæн дыууæ сывæллон уа, уый ссис æнæфæцудгæ тенденци», – банысан кодта Президент Паддзахадон программæйы лæггæдты тыххæй дзургæйæ.

«Мады капитал байгом кæнынæй рацыд 11 азы. Кæй зæгъын æй хъæуы, ныййарджытæ æмæ бинонтæ ныфс æвæрынц уыцы æхцатæй, уыцы фæрæзтæй. Уый ссис хорз стимул дыккаг сывæллон райгуырыны тыххæй. Куыд æй зонæм, афтæмæй мады капиталы программæйы архайд хъуамæ фæуыдаид æрбалæугæ азы кæрон. Уый фæдыл мæнмæ бахатынц ахæм фарстимæ: цы уыдзæн дарддæр?

Фæндон хæссын, цæмæй мады капиталы программæйы архайд адарддæргонд æрцæуа 2021 азы 31-æм декабры онг; уымæй дарддæр ма  хъæуы уæлæмхас уавæртæ йе спайда кæнынæн, номхуындæй, мады капиталæй фæрæзтæ гæнæн уыдзæн исын æрвылмæй дæр æххуысхъуаг бинонтæн.

Мады капиталæй спайдагæнæн уыдзæн скъолайы кары агъоммæйы ахуырады лæггæдтæ бафидыны тыххæй дæр. Сæрмагондæй сывæллон райгуырыны фæстæ мадæн йæ бон суыдзæн йæ ахуыр адарддæр кæнын, кæнæ та дарддæр кусын», – банысан кодта УФ-йы Президент Владимир Путин.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.