Гаглойты Алан кусæгон балцы ис Уæрæсейы Федерацийы. Йемæ ацыдысты Президенты Администрацийы сæргълæууæг Мæргъиты Алан æмæ РХИ-йы Хицауады сæрдары хæдивæг – юстицийы министр Джиоты Алан.

2 апрелы Гаглойты Алан фембæлд Уæрæсейы Федерацийы Президенты Администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Дмитрий Козакимæ. Уыдон ныхас кодтой дыууæфарсон æмахастыты фарстатыл, номхуындæй та – Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон фадыджы рæзты фарстатыл. Гаглойты Алан æмæ Дмитрий Козак сæрмагонд хъусдард аздæхтой 2025 азы онг Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзты программæйы реализацийы фарстатæм.

Дыууæ фарсы дæр банысан кодтой дарддæры æмгуысткæнынад æмæ æмархайдмæ сæ цæттæдзинад.

3 апрелы Гаглойты Алан ссардта «Крокус»-ы теракты фæмардуæвджыты рухс нæмттæ.

Хуссар Ирыстоны Президент Подмосковьейы Красногорскы дидинджытæ сæвæрдта «Крокус Сити Холл»-ы теракты амæттæгты мемориалыл.

Фæмардуæвджыты рухс нæмттæ ма ссардтой Уæрæсейы Федерацийы Републикæ Хуссар Ирыстоны минæвар Гасситы Знауыр, РХИ-йы Президенты Администрацийы сæргълæууæг Мæргъиты Алан æмæ Хицауады Сæрдары хæдивæг – юстицийы министр Джиоты Алан.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.