Фарон, 2023 азы, Гусалты Виталийы райгуырдыл сæххæст 70 азы. Ацы аз та 20 азы æххæст кæны йæ амæлæтыл. Мæлæн бон дæр мысæн бон у, æмæ сфæнд кодтон Иры хæрзгæнджытæй иуы ном ссарын. Цæвиттон, ивгъуыд æнусы 80-æм азты æмбисæй суанг йæ амæлæты онг тынг хæлар уыдыстæм, цавæрдæр хъуыддæгтæ иумæ сарæзтам, цыдæр уавæрты та йæ фарсмæ балæууыдтæн. 90-æм азты Гуырдзыстон Хуссар Иры ныхмæ хæст куы самадта, уæд арæх нал æмбæлдыстæм, фæлæ-иу стæм хатт Дзæуджыхъæумæ куы æрæфтыдтæн, уæд-иу æй æнæфенгæ нæ фæдæн, æмæ-иу уæд йæ кабинеты бирæ цæуылдæрты фæныхас кодтам.

Гусалты Витали уыд Абайты Васойы фæстагдæр ахуыргæнинæгтæй иу. Æз дæр каст фæдæн, ССР Цæдисы Æвзагзонынады институты цур цы аспирантурæ уыд, уый, æмæ Виталиимæ уыцы институты ирайнаг хайады кабинеты базонгæ дæн. Мæ зæрдыл ма лæууы: мæхи бацамоныны охыл кабинетмæ куы бахызтæн, уæд дзы баййæфтон Абайты куырыхон ахуыргонды йæ къæлæтджыны бадгæ. Йæ рахиз фарс та бадти Витали. Уæды рæстæджы Васо йæ азтæм гæсгæ институты кусæг нал уыд, рахызт консультанты бынатмæ. Фæлæ æрвылкъуыри кодта семинартæ авестæйаг æмæ рагон персаг æвзæгтæй, æмæ йæм уырдæм æмбырд кодтой, ацы æвзæгты сæр кæй хъуыд, уыцы студенттæ æмæ аспиранттæ. Васо-иу семинары райдайæн рæстæгæй иу сахат раздæр æрбацыд. Институтмæ кæддæриддæр цыд таксийыл. Витали та-иу ноджы раздæр æрбацыд, æмæ-иу ыл уынджы сæмбæлд. Йæ къах рыст æмæ йын лæдзæджы æнцой дæр зын уыд таксийæ рахизын æмæ æртыккаг уæладзыгмæ ссæуын. Витали йын-иу йæ дæлармыл ныххæцыд æмæ-иу æй скодта кабинетмæ.

Ирыстонмæ сыздæхгæйæ, Гусалты лæппу кусын райдыдта Гуманитарон æмæ социалон иртасæнты институты. Ам ын рахицæн кодтой фыццаг къуындæг, фæстæдæр та уæрæх кабинет. Алыхуызон рæсугъд дидинджытæй йæ сфæлыста æмæ йæ байдзаг кодта чингуытæй æмæ къухфыстытæй. Уырдæм æм арæх цыдысты канд йе ‘мкусджытæ нæ, фæлæ ма алыхуызон дæсныйæдты минæвæрттæ, арæхдæр консультацийы охыл.

Ацы институты йын бантыст бирæ хорз хъуыддæгтæ бакæнын. Фыццаджыдæр, уый, æмæ институты бирæ ныхæстæ æмæ тохты фæстæ бакодта «Скифаг-алайнаг иртасæнты центр». Центрыл æвæрд æрцыд Абайты ахуыргонды ном. Кусынмæ фæхуыдта канд ирыстойнаг ахуыргæндты нæ, фæлæ Уæрæсе æмæ суанг фæсарæнты дæр скифтæ æмæ аланты истори æмæ культурæйыл чи куыста, ирон æвзаджы рæзтмæ йæ хъус чи дардта, уыдоны. Центрæн йæ мыхуырон оргæн сси æрвылазон «Нартамонгæ». Йæ фыццаг номыр рацыд 2002 азы æмæ абон дæр цæуы, ныры онг дзы рацыд 18 номыры. Ацы журналы фæрстыл мыхуыр цæуынц куыд оригиналон иртасæн куыстытæ, афтæ æндæр журналтæй рамыхуыргонд уацтæ дæр. Уый руаджы чиныгкæсджытæ базонынц, дунейы ахуыргæндтæ скифтæ, сæрмæттæ, алантæ æмæ ирæтты тыххæй цытæ фæфыссынц, уыдон. Центры дыккаг мыхуырон оргæн хъуамæ суыдаид æрвылазон «Eurasia Scythica». Уым мыхуыр хъуамæ цыдаиккой æрмæстдæр, скифаг æвзаг æмæ историйы фæдыл цы куыстытæ ис, уыдон. Хъуыддаг афтæ у, æмæ иуæй-иу ахуыргæндтæ сдзырддаг кодтой скифаг æвзаджы равзæрд. Витали цы проект бацæттæ кодта, уый та хъуамæ суыдаид скифаг проблемæйы фæдыл ныхмæвæрд хъуыдыты автортæн иумæйаг «ныхасдон». Бантыст ын ацы æрвылазонæн æрмæстдæр йæ фыццаг номыр бацæттæ кæнын. Уый рухс федта 2006 азы, Виталийы мæлæты фæстæ, æмæ йæ кæд йæхæдæг бацæттæ кодта æмæ йын разныхас дæр йæхæдæг ныффыста, уæддæр дзы йæ ном никæцæй разынд. Æппæты хъыгагдæр та уый у, æмæ йæ ацыдимæ ацы проект дæр кæй ахуыссыд.

Проекттæн æмредакторæй амынд у францаг зынгæ славист æмæ иранист Франсуа Корнилье. Уый иттæг хорз зыдта бирæ æвзæгтæ, уыдонимæ уырыссаг дæр. Ирон æвзагæн та хорз зыдта йæ истори, æмæ-иу йæ иртасæн куыстыты кæддæриддæр бынат разынд йæхи оригиналон хъуыдытæн.

Æвæллайгæ ахуыргонды ахсджиагдæр проекттæй иу баст уыд Абайты Васойы номимæ. Уый райгуырды 90 азмæ Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд стыр конференци. Архайдтой дзы Ирыстон æмæ Уæрæсейы зынгæ ахуыргæндтæ. Конференцийы размæ мыхуырæй рацыд, Витали бæрнон редактор æмæ аразæг кæмæн уыд, тезисты уыцы æмбырдгонд «Вопросы иранистики и алановедения». Докладты бындурыл та йæ фæндыд номарæн æмбырдгонд (festschrift) рауадзын. Бирæ йыл фæфыдæбон кодта, фæлæ æхца кæй нæ уыд, уый аххосæй цæттæ æмбырдгонд рухс нæ федта. Æвæццæгæн, нæдæр федтаид, фæлæ йæм се ‘ххуысы къух бадардтой италиаг иранисттæ. Роммæ атæхын дæр ма йæ бахъуыд. Æхцайы фæрæзтæй дарддæр æм фæкастысты сæ гъæйт-мардзæ куыстытæй дæр. Уый руаджы æмбырдгонды гуырахст зынгæ фæфылдæр ис. Ахæм хуызы рацыд 1998 азы Ромы. Йæ цъарыл фыст ис, зæгъгæ, хæларгонд у Васойы 95 азы юбилеймæ. Фæстæдæр, 2002 азы, ирон æмæ италиаг ахуыргæндты æмгуыстгæнынады ссадвæдыл уырыссаг æвзагмæ тæлмацæй рацыд италиаг иранистикæйы патриарх Герардо Ньолийы чиныг «Название алан в сасанидских надписях» йæ 65 азы юбилеймæ. Редактор æмæ йын разныхасы автор уыд Гусалты Витали.

Йæ хуыздæр проекттæй иу у Абайты Васойы равзаргæ уацмыстæ рауадзын. Проект цæттæ кодтой иумæ. Бæлвырддæр дзургæйæ та, Васо йæхæдæг равзæрста æмæ ссæртæ кодта йæ уацмыстæ, кæцыдæртæ дзы фæцыбырдæр кодта, кæцыдæртæм дзы цыдæртæ бафтыдта æмæ сæ ныддихтæ кодта цыппар томыл. Витали та сæ мыхуырмæ цæттæ кодта, редакторы куыстæй дарддæр сæм хорз фæкаст куыд корректор. Фыццаг том рацыд Васойы 90 азы юбилеймæ, дыккаг та – 1995 азы. Æртыккаг том æгæр гуырахстджын разынд æмæ йæ Витали адих кодта дыууæ хицæн чиныгыл. Фæлæ йын сæ рауадзын нал бантыст. Æрæджы куыстытæ ногæй рауагъта Цыбырты Алексей, æртыккаг том дæр сæм бафтыдта, афтæмæй. Цыппæрæм том Васо нæ сæрвыста, æмæ дзы цавæр æрмæджытæ хъуамæ уыдаид, уый, æвæццæгæн, мах никуыуал базондзыстæм. Кæуыл æууæндыд, æрмæстдæр ахæм адæймагæн бабар кодтаид йæ уацмыстæ рауадзыны хъуыддаг. Витали йæ куыст иттæг хорз кæй бакодта, уый тыххæй йын фыццаг томы разныхасы арфæйы ныхæстæ загъта: «Считаю долгом выразить глубокую признательность Виталию Гусалову, взявшему на себя нелегкий труд технической подготовки материала к печати».

Алывæрсыг уыд Гусалты лæппуйы курдиат, ахадæн уыд йæ фæллой ирон æвзаг æмæ культурæйы сæраппонд. Хорз зыдта нывкæнынады техникæ æмæ истори. Нывгæнджыты æхсæн уæлдай стырдæр аргъ кодта Босхæн. Йæхæдæг дæр ныв кодта, фыста æмдзæвгæтæ æмæ зонадон куысты дæр (нæ уарзта дзырд «наукæ»). Ныртæккæ мын нæй йе сфæлдыстадон бынтæн аккаг аргъ скæныны фадат, фæлæ радзурдзынæн дыууæ хабары.

2002 азы Францы, Аррасы университеты, цыд конференци. Нæ дыууæйæн дæр дзы уыд докладтæ. Францмæ иу доклады номыл ацæуыны хъуыддаг мæ хæлармæ раст нæ фæкаст æмæ сфæнд кодта журнал «Нартамонгæ»-йæн Парижы презентаци саразын. Франсуа Корнильейæн йæ хъуыды куы бамбарын кодта, уæд æм иттæг хорз фæкаст æмæ ноябры уазалдæр бонтæй иуы атахтыстæм Мæскуымæ. Уым иу æхсæв хъуамæ арвыстаиккам уазæгуаты æмæ дыккаг бон райсомæй атахтаиккам Францы сæйраг сахармæ. Дзæуджыхъæуæй Мæскуымæ немæ тахтысты ирон культурæйы гъæйт-мардзæ минæвæрттæ – Дзантиаты Анатоли æмæ Сæлбиты Аким. Рацæй-рабон æмæ хæдтæхæг Мæскуыйы нæ, фæлæ Нижний Новгороды куы ‘рбадид. Райсомæй суанг хæрзизæртæм аэропорты арвыстам: Мæскуыйы сæрмæ бæзджын мигъ ныббадти æмæ йæ аэропорттæ нæ куыстой.

Цы гæнæн уыд. Аэропорты æнхъæлмæ кæсæн залы, ныхæстæгæнгæ, дыууæрдæм рауай-бауай кодтам æмæ дын уалынмæ Витали афтæ куы бакæнид: «Уæллæй, райсомæй, мæ гæххæттытæй ма цалдæрыл мыхуыртæ авæрон, зæгъгæ, нæ бухгалтеримæ институтмæ атагъд кодтон, æмæ мæ Уастырджимæ скувын ферох ис». Афарста Анатолийы æмæ рабæрæг ис: уый дæр Фæндагсарыл йæхи нæ афæдзæхста. Хуыздæр нæ разынд Аким æмæ мæхи хъуыддаг дæр. Нæхиуыл æрхудтыстæм æмæ хъуыддаг сраст кæныны охыл ресторанмæ бауадыстæм. Уый уыд æхсæвы 10 сахатмæ æввахс. Уастырджийы ном куы ссардтам, уæд нæм иу-дæс минуты фæстæ фæсидтысты, уæ рейс цæттæ у, зæгъгæ. Парижы нæ хъуыддæгтæ иттæг хорз ацыдысты. Канд Корнилье нæ, фæлæ йæ хæлар профессор Корвизье æмæ ирон диаспорæйы минæвар Дзанайты Лорæ дæр æдзух нæ фарсмæ уыдысты. Фæстæмæ цæугæйæ рæдыд нал æруагътам, æмæ нæ хæдзæрттыл æнæкъуыхцыйæ сæмбæлдыстæм.

Дыккаг хъуыддаг баст у Абайты Васойы мæлæтимæ. Гусалты Витали уыд мард бавæрыны фæдыл арæзт къамисы уæнг. Къамис иттæг хорз срæвдз кодта хъуыддаг, фæлæ сæм мард бавæрыны бынаты тыххæй быцæуаг ныхас рауад. Иутæ дзырдтой, зæгъгæ, нæ куырыхон ахуыргонды бавæрын хъæуы Намысы фæзы, иннæты хъуыдымæ гæсгæ та – Ирон аргъуаны кæрты. Фæстаг фæндоны ныхмæ чи дзырдта, уыдонæн сæ хъуыдыты сæйрагдæр уый уыд, зæгъгæ, аргъуаны кæрты бынат нал ис. Æмæ уæд Витали йæхи хъæппæрисæй æрзылд аргъуаны кæрты, ссардта дзы иттæг хорз бынат, æмæ къамисы иннæ уæнгтæ дæр дыууæ нал загътой. Васойы цы бон бавæрдтой, уыцы изæр æй нал федтон, фæлæ йæм дыккаг бон институтмæ куы бацыдтæн, уæд йæ кабинеты рухс загътам, стæй изæ-рырдæм ацыдыстæм Васойы риуыл арт скæнынмæ. Арт, зæгъгæ, кæуылты ныхас у – немæ лыстæг къæцæлтæ айстам æмæ, ирон æгъдау цы домдта, уый бакодтам.

Уыцы бон Витали сывæллонау фæкуыдта. Афтæ зæрдиагæй ма йæ кæугæ федтон, Уарзиаты Вилен куы фæзиан ис, уæд. Тæнæгзæрдæ æмæ, италиæгтæ molto emotionale кæй фæхонынц, ахæм уыд мæ хæлар. Васойы фæстæ йын цыма йæ базыртæ ацагъдæуыд, ахæм хуыз райста. Цалдæр хатты рынчындонмæ дæр бахауд. Мæ зæрдæйæ нæ хицæн кæнынц, йæ мæлæты размæ йæм куы бауадтæн, уæд мын цы ныхæстæ загъта, уыдон: «Мæлгæ дын кæндзынæн, Юри». Мæ бон куыд уыд, афтæ йын ныфсытæ февæрдтон, фæлæ хъысмæты фæсайын никæй бон у. Цыбыр, фæлæ ирд уыд йæ цард. Æгæр æвгъау уыд мæлынæн…

ДЗИЦЦОЙТЫ Юри,

Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты

ирон æвзаг æмæ æвзагзонынады

кафедрæйы сæргълæууæг.

                                                                                                      «Мах дуг» 2024 аз, 3 номыр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.