Ивгъуыд азтимæ абаргæйæ, ацы аз зымæг уыд карздæр. Кæд фесты зымæджы бонтæ, уæддæр митуард къаддæр нæ, фæлæ фæтынгдæр ис. Уый фæстиуæгæн нæ республикæйы хъæутæй бирæтæ баззадысты миты амынæты.

Дзауы районы Синагур æмæ Теделеты хъæуты цæрджытæ куыд радзырдтой, афтæмæй ацы хъæутæ ахицæн сты æддагон бастдзинадæй, бирæ мит кæй æруарыд æмæ фæндæгтæ сыгъдæг кæныныл кæй нал тых кæнынц кусджытæ, уый фæстиуæгæн. «Æртындæс боны дæргъы нæм нæй фæндаг. Зымæджы нæм уый бæрц мит не ‘руарыд, ныр къуырийы дæгъы цас æруарыд. Кæд бæрнон кусджытæ архайынц йæ асыгъдæг кæныныл, уæддæр сæм нæй фаг хъæугæ техникæ æмæ йыл нæ тых кæнын», – радзырдтой телефоны хъæуты цæрджытæ.

Уыдон ма куыд загътой, афтæ-мæй ахæм уавæры рагæй нал бахаудысты æмæ сæм кæд хæлцадон продуктты фæсауæрцтæ вæййы, уæддæр сын ныр нал сфаг сты æмæ æййафынц зындзинæдтæ. Нал сæм ис сæкæр, ссад, медикаменттæ. «Ныртæккæ Синагуры ис уæззау низæй рынчын сылгоймаг, кæцы хъуамæ ацыдыдаит химиотерапи аразынмæ, фæлæ фæндаджы тыххæй баззад. Уыйхыгъд ма йе ‘мкъайы дæр бахъуыд горæтмæ ацæуын иу боны æмгъуыдмæ, фæлæ уæдмæ фæндаг æрæхгæдта æмæ баззад горæты. Ныр рынчын сылгоймаг ис иунæгæй. Хъæуы цæрджытæ йын йæ хæдзармæ фæндаг асыгъдæг кодтой æмæ йын бахастой хъæугæ продукттæ дæр», – загътой цæрджытæ.

Хæхбæсты бирæ митæруард æмæ йæ фæстиуджытæ хистæр кары адæм хорз хъуыды кæнынц. Ныр дæр та ацы хъæуты цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæ зæрдыл æрлæууыдысты, нал сæм уыд хæдзарæй-хæдзармæ фæндаг дæр. Фæлæ сæ амондæн, хъæуы баззад Нартыхты Эльдары хисæрмагонд трактор ДТ-75 æмæ уый асыгъдæг кодта хъæуы мидæггагон фæндæгтæ.

Синагуры хъæуы ис Арæнгæрон управленийы заставæ дæр. Ам службæгæнджытæн сæ бинонтæ дæр тыхсынц. Куыд ма загътой, афтæмæй сын фæуд кæнынц сывæллæтты хæринаг æмæ памперстæ, медикаменттæ. «Нæй нæм афтиæгтæ, магазин сафтид ис, цы хæрзцъус продукттæ ма дзы баззадис, уыдонæн сæ пайдакæныны рæстæг фæцис, афтæ сапон æмæ гæрзтæхсæнтæ дæр фесты», – зæгъынц хъæуы цæрджытæ.

Фæндæгты уавæры тыххæй йæ хъуыды загъта Фæндагарæзтад æмæ эксплуатацийы Къуайсайы хайады прораб Æлборты Валик дæр. «Къуырийы дæргъы ам мит йæ уарынæй не ‘рлæууыд, хъызыдис, æмæ хæххон бынæтты ахæм боныгъæдты сæвæры хъæпæнтæ. Фæндаггæрæтты ис зæйцæуæн бынæттæ дæр æмæ уыдонмæ уаргæ боныгъæдты нæ вæййы бавналæн, тæссаг у. Уымæ гæсгæ æнхъæлмæ кастыстæм боныгъæдты фæхуыздæрмæ. Ныр кусæм фæндаг асыгъдæг кæныныл, фæлæ нæ уавæр дæр æххæстæй кæй нæ амоны, уымæ гæсгæ йыл нырма нæ фæтых стæм. Техникæйæ нæм ис æрмæстдæр иу зæронд трактор æмæ уый дæр арæх фехæлы. Асыгъдæг уал кодтам бацæуæны зæйы бынæттæ æмæ арф хъæпæнтæй, баззадис ма дзы 500 метры бæрц æмæ та фехæлд трактор. Тракторист Джиоты Афто æмæ иннæтæ райсом 6 сахатæй балæууыдысты сæ куысты уæлхъус, æмæ трактор бацалцæг кæныны фæстæ, дарддæр кусдзыстæм фæндаджы байгом кæныныл. Кæд боныгъæд нæ фæива æмæ нæ техникон уавæртæ нæ бакъуылымпы кæной, уæд нæ ныфс ис дыууæ боны æмгъуыдмæ хъæумæ фæндагон бастдзинад сифтонг кæнын», – радзырдта Æлборты фырт.

Валик ма куыд загъта, афтæмæй хъæуы цæрджытæй чи тыхсы дохтырмæ ацæуыныл, уыдон Нартыхты Эльдары ДТ-10-ыл ракæндзысты хъæуæй, горæты ‘рдыгæй та сæ сæхи трактормæ рахизын кæндзысты æмæ сæ афтæмæй ракæндзысты горæтмæ, сæхи фæндонмæ гæсгæ.

 

                 ХУЫГАТЫ Миленæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.