Не ʻхсæнады ис афтæ хъуыдыгæнджытæ, ома Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ активон хайад цæмæн исынц Донбассы уагъдцæуæг сæрмагонд æфсæддон операцийы. Æгæрыстæмæй ма ахæццæ вæййынц Цæгат Ирыстонмæ дæр æмæ райдайынц сæ «дзæгъæлы» ныхæстæ кæнын, ома «ирæттæ цы хæсджын сты», «бындзагъд нæ ныккодтой», «Украинæйы хæст мах хæст нæу» æмæ афтæ дарддæр. А, мах ма хицæн паддзахадыл нымад стæм – ахæм ном уæддæр хæссæм, фæлæ Цæгат Ирыстон та Уæрæсейы сконды куы ис? Æви æндæр æмбæстæгтыл нымад сты, æндæр паспорттæ сæм ис? Мах дæр ма, хицæн паддзахад уæвгæйæ, УФ-йы æмбæстæгтæ куы стæм æмæ ныл уымæ гæсгæ куы ис цыдæр хæстæ.

Чидæртæ ахæццæ вæййынц историмæ æмæ райдайынц дзурын, зæгъгæ, Уæрæсейыл нæхи никуы атигъ кодтам, афтæмæй нын цалдæр хатты «хъыцъыдæттæ» бадардтой. Ойы, раст зæгъынц. Æрмæст Уæрæсейы империйы рæстæджы ныл гуырдзиаг фашистты æвзагæй цалдæр хатты туджы зæйтæ рауагътой, стæй нæ ныддихтæ кодтой, 90-æм азты нæ лæгмарты дзыхы фæуагътой. Фæлæ куы ахъуыды кæнæм, уæд нын Уæрæсе дæр бирæ хæрзты бацыд æмæ мæстыгæрæй нæ хъæуы дзурын. Абоны бон нын республикæ кæй ис, уый, фыццаджыдæр, нæхи тугæй æлхæд у. Фæлæ нæ Уæрæсейы хорзæх куы нæ уыдаид, уæд гуырдзиаг фашистты ныхмæ фæлæууыдаиккам?

1990 азты хæстон архæйдтыты рæстæджы гуырдзиаг æфсæддонты ‘хсæн уыдис украинæгтæ æмæ ма æндæр бæстæтæй хæстонтæ. Стæй ма сæм гуманитарон æххуыс æмæ æхсæнгарз дæр цыд фæсарæнтæй, абон Украинæйы куыд ифтонг кæнынц, афтæ. Æрмæст къаддæр масштабты. Æмæ махæн та чи æххуыс кодта не ‘мтуг Цæгат Ирыстон æмæ Уæрæсейы йедтæмæ?

10 азы мыл цыд, фæлæ йæ хорз хъуыды кæнын, 1992 азы сæрды уæрæсейаг фидауынгæнæн тыхтæ Цхинвалмæ куы æрцыдысты, уæд сыл бынæттон цæрджытæ куыд æмбæлдысты. Адæм сæ размæ тыгуыртæй цыдысты дидинтимæ æмæ уыцы рæстæджы уыдысты сæ иунæг ныфс. Дзырд цыд Хуссар Ирыстон уæва, æви нæ, ууыл. Æмæ Уæрæсе алцы дæр сарæзта, цæмæй нæ хæрзæрыгон республикæйы цæрджыты ма бауадзой сыскъуынын, кæнæ фæсурын сæ фыдæлты уæзгуытæй. Æмæ уыцы уæрæсейаг хæстонтæ дæр уæлдайаг нæ уыдысты сæ ныййарджытæн. Мах хъахъхъæнгæйæ дзы чи фæмардис, уыдоныл дæр афтæ фæрыстысты сæ хиуæттæ, абон мах куыд риссæм, нæ æдзард хъайтар хæстонтыл, афтæ.

Хуссар Ирыстонæй Донбассмæ ацыдысты 4-æм базæйы æфсæддонтæ æмæ бархионтæ. Хæстонæн йæ ном йæ уæлæ ис, дзырды бындур дæр «хæст» у, æмæ æфсады куы службæ кæнай, уæд уыцы хъуыддаг хъуамæ æмбарай. Кæд æмæ абон сабыр рæстæг у, уæд, гæнæн ис, æмæ сом бахъæуа райсын æхсæнгарз æмæ æххæст кæнай дæ разылæууæг хæстæ. Дзырд 4-æм базæйы æфсæддонтыл цæуы. Уымæ гæсгæ дзы цы ис диссагæй, хæстмæ сæ кæй акодтой. Салдатæн йæ хæс у бардзырд сæххæст кæнын æмæ кæд дæ ныфс нæ хастай ахæм хъуыддагмæ, уæд дæ нæ хъуыдис æфсæддоны професси равзарын. Дзырд «бархион»-æн дæр йæ мидис æнцон æмбарæн у. Тыхæй сæ ничи кæны хæстмæ – нæ дæ цæттæ, дæ ныфс нæ хæссыс æмæ ма ацу. Æмæ ам та кæмæ хъæуы претензитæ здахын – Президентмæ, бархион хæстонмæ? Кæмæн ис бархионы бауромыны бар?

Мæнмæ гæсгæ «хæстон адæймаг» æр-дзæй рахæсгæ у, адæймаджы характеримæ баст у. Алкæмæн йæ бон нæу хæцын æмæ худын дæр никæуыл хъæуы – адæймаджы сконд ахæм у. Ныридæгæн  Донбассмæ цы бархионтæ ацыдысты, уыдон æцæгæйдæр хæстонтæ сты æмæ, сæ къухтæ сæ зæрдæтыл сæвæргæйæ, балæууыдысты хъыгдард æмæ рыстзæрдæ адæмы фарсмæ. Æмæ уыцы хъуыддаг раздæр дæр æмæ ныры дуджы дæр хорз миниуæгыл дзурæг у. Нæ сын хъæуы сæ царды равзаргæ  фæндаг  æнад кæнын. Кæмдæрты сæ критикæйы бын фæкæнынц, фæхонынц сæ «æнæзонд», ома сæхи къахæй мæлæтмæ цæуынц. Фæлæ ахæмты фæрцы цæрынц паддзахадтæ, сæ фæрцы вæййынц æдас адæм. Тынг зын у, фронтæй сау хабар хъусын. Фæлæ фæразын хъæуы.

Мах сæ хъуамæ сæрыстыр уæм æмæ сын кад кæнæм. Фронты уæвæг хæстонтæ йæ хъуамæ æмбарой, сæ тохæн сын кæй аргъ кæнынц, сæ райгуырæн уæзæгыл сæм кæй æнхъæлмæ кæсынц уæлахизимæ!

                            Джиоты Алыксандр