РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид йæхимæ райста Цхинвалы хуыйæн фабрикæ БТК-4 генералон директор Коцты Хъазбеджы.

Фембæлды рæстæджы уынаффæ кодтой куыстуаты архайды дарддæры оптимизацийы æмæ республикæйы дæрддагдæр районты уæлæмхас цехтæ бакæныны фарстытыл.

Тыбылты Леонид банысан кодта, зæгъгæ, республикæйы къухдариуæгад стыр хъусдард здахы Цхинвалы хуыйæн фабрикæйы архайдмæ, уымæн æмæ БТК-4 руаджы республикæйы цæрджытæн фадат ис хорз куыстмыздимæ комфортон уавæрты кусынæн.

Йæ рады, Коцты Хъазбег фехъусын кодта паддзахады сæргълæууæгæн фабрикæйы кондадон хайы фадыджы цы позитивон уавæр ис, уый тыххæй. Уый банысан кодта, зæгъгæ, абоны бон куыстуаты кусынц 500 адæймагæй, кæцытæн арæзт æрцыдысты æппæт æнæмæнгхъæуæг уавæртæ, кусджытæ æнæаргъæй специалон автобустыл ласт цæуынц цыппар маршрутыл, кусы хæрæндон.

«Адæм райгонд сты сæ куыстæй. Нæ кусджытæй иуæй-иутæ, æгæрыстæмæй, куыстмæ рацæуынц улæфтбонты дæр, уымæн æмæ куыд бакусынц, ууыл баст у сæ куыстмызд дæр, кæцы мæйæ мæймæ фылдæр кæны. Æрмæст ивгъуыд мæйы махæн план уыд 42 мин дзаумайы бахуыйын. Мах уыцы план сæххæст кодтам. Ацы мæй нæ план у чысыл фылдæр», — загъта уый.

Коцты Хъазбег ма фехъусын кодта, зæгъгæ, Санкт-Петербурджы гом акционерон æхсæнад «БТК групп»-ы сæйраг офисы кусæгон рабадты рæстæджы Цхинвалы хуыйæн фабрикæ 2015 азы куысты хатдзæгтæм гæсгæ бацахста фыццаг бынат.

«Æз нымайын афтæ, æмæ уый хорз æнтыст у. Мæнæн мæхицæн дæр æнæнхъæлæджы уыд, райдайгæ куыстуат уæвгæйæ, мах рахызтыстæм фыццаг бынатмæ уæлдай фæлтæрдджындæр куыстуæтты ’хсæн. Уый дзурæг у ууыл, æмæ нæ кусджытæ кæй райстой хорз квалификаци æмæ куыст кæй у æмбæлон æгъдауыл арæзт», — загъта БТК 4-йы генералон директор.

Паддзахады сæргълæууæг æвæрццаг аргъ скодта Цхинвалы хуыйæн фабрикæйы архайды позитивон тенденцийæн, гом акционерон æхсæнад «БТК групп»-ы цæстдарæн советы сæрдар Боллоты Таймуразæн арфæйы ныхæстæ зæгъгæйæ.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, абоны бон республикæйы дæрддагдæр районты, сæрмагондæй, горæт Къуайсайы уæлæмхас хуыйæн цехтæ бакæныны тыххæй фарстыл активонæй куыст цæуы.

«Адæм æнхъæлмæ кæсынц, цæмæй бæрзонд хæххон Къуайсайы фæзыной кондад æмæ кусæгон бынæттæ», — банысан кодта Президент.

Фембæлды кæрон Тыбылты Леонид раарфæ кодта Коцты Хъазбегæн, егъау хуыйæн куыстуатыл æнтыстджынæй кæй къухдариуæгад кæны, уый тыххæй æмæ йын загъта дарддæры æнтыстытæ йæ куысты.

РХИ-йы Президент æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.