РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид йæхимæ райста Цхинвалы хуыйæн фабрикæ БТК-4-йы генералон директор Коцты Хъазбеджы, кæцы паддзахады сæргълæууæгæн радзырдта ивгъуыд азы куыстуаты куысты фæстиуджыты тыххæй.

«Ацы фембæлд нын, Хъазбег Исайы фырт, 2017 азы у фыццаг. Бар мын радт, раарфæ дын кæнон Ног азы æмæ Чырыстийы Райгуырды сæраппонд, афтæ ма раарфæ кæнон БТК-4-йы æппæт коллективæн дæр. Республикæйы разамынады номæй ма мæ фæнды, цæмæй æнæниздзинады, хæрзиуджытæ æмæ сабырады фæндиæгтæ зæгъай нæ хæлар, арæнгонд акционерон æхсæнад БТК  къордтæ»-йы президент Боллоты Таймуразæн. Æз зонгæ дæн хуыйæн фабрикæйы куыстимæ, йæ кусджытæ райгонд сты сæ куысты уавæртæй, уыдон дзуапп дæттынц абоны домæнтæн. Æмæ абон мæн фæнды фехъусон, цахæм этапы стæм, æруынаффæ кæнæм æппæт фарстытыл, уыцы нымæцы проблемон чи сты, ахæмтыл дæр», – загъта Президент.

Коцты Хъазбег йæ рады бузныг загъта Тыбылты Леонидæн йæ зæрдæбын арфæйы ныхæсты тыххæй æмæ йын радзырдта, Цхинвалы хуыйæн фабрикæ БТК-4 2016 азы цы куыст бакодта, уый фæстиуджыты тыххæй.

«Абоны бонмæ махмæ æнтысгæйæ кусынц 500 адæймаджы. Æмæ мæнæн фидарæй мæ бон зæгъын у, кондады рæзтмæ гæсгæ мах кæй схызтыстæм хорз æмвæзадмæ. Ивгъуыд азы мах фæлхасгæнджытæм арвыстам 250 мин иуæджы хорз гъæды цæттæ продукци. Афтæ ма махæн стыр плантæ ис 2017 азы дæр, мах фæнды продукцийы рауагъд 400-450 мин иуæгмæ схизын кæнын», – загъта уый.

Йæ ныхæстæм гæсгæ продукцийы рауагъд фæфылдæр кæнын фадат ратдзæн фабрикæйы кусджыты куыстмыздтæ фæфылдæр кæнынæн, кæцыйæн йе ‘мбис фыст цæудзæн премийы хуызы æрвылмæй дæр, йæ бæрц та æвдисдзæн кондады гуырахстæй.

«Æз регулярон æгъдауæй хъусын кæнын компанийы разамынадæн нæ кусджыты куыстмызды тыххæй, кæцытæй бирæтæ исынц 30 мин сомæй фылдæр. Уыдон сты хорз куыстмыздтæ æххæст социалон пакетимæ. 2016 азы æртæ азы сæххæст, кусын куы райдыдтам, уыцы бонæй æмæ йæ банысан кодтам. Таймураз Хъазбеджы фырты фæндонмæ гæсгæ йæ номæй 104 адæймаджы хорзæхджын æрцыдысты æхцайы премитæй», – фехъусын кодта БТК-4-йы генералон директор.

Коцты Хъазбег ма банысан кодта, зæгъгæ, хуыйæн фабрикæйы кусджытæ разæнгардæй æрывнæлдтой сæ куыстмæ бæрæгбонты фæстæ, 2017 азæн ног закъазтыл та кусын райдыдтой ивгъуыд азы декабры кæрон.

«Æппæт закъазты фæдыл дæр куыстытæ фæуыны фæстæ, ивгъуыд азы ноябры, нæ коллектив иууылдæр ацыдысты отпусчы. Нæ куысты спецификæ хынцгæйæ, отпусчы мах алыхатт дæр ацæуæм иумæ, уымæн æмæ фабрикæ кусы, куыд иу организм, афтæ. Алчидæр баззадис райгондæй, æгæрыстæмæй ма куырдтой, цæмæй тагъддæр рахизой куыстмæ», – загъта уый.

Тыбылты Леонид æвæрццаг аргъ скодта Цхинвалы хуыйæн фабрикæ БТК-4-йы куысты темптæн, афтæ банысан кæнгæйæ, зæгъгæ, æрлæууæн нæй къухыбафтгæ æнтыстытыл.

«Бузныг дæ информацийы тыххæй, Хъазбег Исайы фырт. Мæнæн æхсызгон у, ахæм ситуаци уæм кæй сæвзæрыд. Уый иттæг хорз у, абоны бонмæ 500 адæймаджы куыстæй ифтонг кæй æрцыдысты æмæ мæ афтæ рауадзгæ продукцийы гуырахст кæй фылдæр кæны. Уый дзурæг у, мах раст фæндагыл лæуд кæй стæм. Инвестицион климатыл дзургæйæ, æз арæх банысан кæнын, нæ республикæйы территорийыл хуыйæн фабрикæ БТК-4 байгом кæнын кæй у фыццаг зæрватыкк кондадон къабазы. Стыр бузныг арæнгонд акционерон æхсæнад «БТК – къордтæ»-йы къухдариуæггæнæг Боллоты Таймуразæн», – загъта Президент.

РХИ-йы Президент æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.