Абон дуне ис «сæдæ азы цынæ æрцыд, ахæм стыр трансформацийы» уавæры. Ацы уавæр æнхъæвзы бирæ аспекттыл тыхты центрæй æмæ дардмæцæуæг зонадон-техникон процессы æндæвдадæй суанг дины, координалон территориалон претензиты тыххæй алы рæтты райхъалуæвæг хæстон конфликтты  онг. Глобалон трансформацийы уавæрты, дуне тæссаг арæнмæ куы бахæццæ, уæд  чысыл паддзахадты чысылнымæц адæмтæн къухдариуæг кæнын хъæуы æрмæстдæр иумиагнационалон интерестæй кæронмæ кæрæдзи æмбаргæйæ, куыд политикон тыхты алыгъуызон æмæхсæнадтæ, афтæ  арæзт диалог «Хицауад-æхсæнад»-æй. Дунеон уавæрæн раст аргъ кæнын, хи паддзахадмæ бæрнон ахаст æмæ стабилондзинад хъахъхъæнын сбæрæг кæндзæн чысыл паддзахадты дарддæры дунеон фæтк æмæ цардарæзт. Ивдæрцæуæг дунейы алыгъуызон  æргъадты системæимæ махæн нæ бон нæу бамбарын,    æппæт политикон тыхтæн дæр сисын афон у æппæт мидæггагон ныхмæцыдтæ  æмæ æнæразыдзинæдтæн, иу ныхасмæ æрцæуын æмæ нæ иумиаг хæдзары хъæрмуддзинады æнæмæнгхъæуындзинады æмбарынадмæ æрцæуын. Фидар политикон  минæварад сифтонг кæныны тыххæй  махæн не ‘ппæтæн дæр афон у æрхъуыды кæнын рæзты ног хуыз – куыд æхсæнад æмæ паддзахады интерестæ фæдфæдылонæй  равдисæг, афтæ. Æрмæстдæр афтæмæй махæн нæ бон бауыдзæн ногдзинадмæ, рæзты бæрзонддæр æмвæзадмæ æнтысджынæй ахизын. Парти «Ныхас» у æхсæнады алы фæлтæртимæ  хицауиуæгады диалоджы æмбар хайадисты фарсхæцæг. Мах уарзæм нæ Фыдыбæстæ, аргъ кæнæм йæ историйæн æмæ традицитæн, хъахъхъæнæм Республикæ Хуссар Ирыстоны æппæт адæмы бындурон интерестæ, тырнæм алы æмбæс-таджы бахъахъхъæнынмæ дæр.

Хуссар Ирыстоны адæмы нæ дих кæнæм галиутæ æмæ рахистыл, адæмы нæ дих кæнæм нацитыл, динтыл æмæ социалон статустыл. Парти «Ныхас» тырны, нæ Райгуырæн бæстæйы размæдзыд кæй фæнды, бæстæйы æппæт уыцы æмбæстæгты æрбаиу кæнынмæ.

ПОЛИТИКОН ПАРТИ «НЫХАС»-ы  ИДЕЙОН БЫНДУРТÆ

Нæ идейон бындур у патриотизм-идеологи, кæцыйæн йæ бон у иумиагнацион нысæнттæ æмæ хæслæвæрдты тыххæй æхсæнады баиу кæнын.

Мах цæттæ стæм,  Хуссар Ирыстоны хæрзæбоны æмæ адæмы цард фæхуыздæр кæныны тыххæй чи архайы, æмбæстæгты закъонон интерестæ æмæ бартæ чи  хъахъхъæны æмæ сæ реализаци кæны, æппæт уыцы политикон æмæ æхсæнадон тыхтимæ æмбар æмкуысткæнынадмæ æмæ иумиаг архайдмæ.

Парти «Ныхас» у адæмы парти, архайы адæмы тыххæй æмæ йын хъахъхъæны йæ бындурон интерестæ. Парти йæ практикон  архайды æнцой кæны, Республикæ Хуссар Ирыстоны тыххæй чи цæры æмæ фыдæбон кæны, хиуыл нæ ауæрдгæйæ, нæ бæстæйы чи хъахъхъæны, уыдонæй  алкæцыйыл дæр.

Нæ партийæн ис экономикон, социалон æмæ барадон системæйы моделтæ, уыдон ахъаз сты адæймæгты бангом кæнынæн. Мах нæ паддзахады æргом хъуамæ раздахæм хъæуы ‘рдæм, цæмæй йæ мæлын ма бауадзæм, стыр хъæууонхæдзарадон кондад та æмæ коллективон хæдзарад та сæндидзын кæнын, фермертæ æмæ хъæууон цæрджыты хæдзарадтæн баххуыс кæнын æмæ хъæуты нырыккон социалон инфраструктурæйы арæзтад адарддæр кæнын.

ПАРТИЙЫ ЦЫ ФÆНДЫ, ЦЫ АРАЗЫ

Фыццаджы фыццаг мах æвæрæм приоритеттæ:

Приоритет №1 – Адæймаг, æмбæстаг, гоймаг. Æппæт фадæттæ дæр йæ сæрибардзинады, размæдзыды æмæ хи реализаци кæныны тыххæй.

Приоритет №2 –  Гоймаджы размæцыд æмæ амонды тыххæй æмбæлон уавæртæй  ифтонггæнæг бинонтæ. Адæймагæн, æхсæнадæн æмæ паддзахадæн уыцы бинонтæ хъуамæ суой сæйраг æргъадтæ.

Приоритет №3 – Æхсæнад.   Уый хъуамæ суа æмбæстагон . нæ принцип – гоймаг æмæ æхсæнады интересты ахъуыдыгонд баланс.

Приоритет №4 – Паддзахад.  Уый хъуамæ суа æцæгæй барадон, демократон æмæ социалон. Нæ принцип  – адæймаг паддзахады тыххæй нæ, фæлæ паддзахад адæймаджы тыххæй.

 

Экономикæ

Республикæ Хуссар Ирыстоны экономикон æндидзынадæн уæвæн нæй æнæ паддзахады хайадистæй.

Паддзахад хъуамæ уа базары  активон хайадисæг. Нырыккон эффективон экономикæ кусы паддзахадон бæстонкæнынады æмæ сæрибар базары балансыл. Экономикæйы ахæм разамынады æвварс у нæ парти.

Нæ хæслæвæрдтæ

  1. социалон-ориентиргонд базарадон экономикæ аразын.

УФ æмæ РЦИ-А-йы экономикæмæ арф интеграци.

  1. РХИ-йæн пайдайы уавæрты дунеон хæдзарады экономикæмæ интеграци, æххæст партнеры принципты бындурыл æмæ РХИ æмæ йе ‘мбæстæгты националон-паддзахадон интересты фидарæй хъахъхъæнын.
  2. хъалонты, кредитон æмæ æндæр хъæуæг æххуыс чысыл æмæ астæуккаг бизнесы рæзтæн, фыццаг рады хъæууон бынæтты.
  3. районты рæзты тыххæй экономиконæй бындурон проекттæ аразын æмæ сæ реализаци.

Политикон системæйы

Нæ хæстæ: паддзахад æмæ хицауиуæгад

Демократон барадон паддзахад саразын.

Мах æппæт дæр сараздзыстæм, цæмæй нæ бæстæйæ саразæм дидинæфтаугæ паддзахад, гармонионæй балансгонд интерестимæ гоймаджы, бинонты æмæ паддзахады æхсæнад саразын. Нæ нысан – амондджын адæмы хæрзвадат цард  размæдзыд æмæ сабыруарзаг бæстæйы, цыран  æппæт паддзахадон политикæ у «РХИ-йы тыххæй, Адæймаджы хæрзæбонæн!»-ы принипы дæлбар.

Нæ раы ис стыр хъуыддæгтæ  æмæ ног бæрзæндтæ РХИ-йы кады æмæ дидинæфтыды тыххæй.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.