Нæ рæстæг æрцыд. Мах стæм ног хуызы парти, кæцыйы сарæзтой æмхъуыдыгæнджытæ, фыццаджыдæр, конкретон архайдтытæ сæххæст кæнынæн:

1.Конкурентон экономикæимæ тыхджын паддзахады æндидзыны курс сифтонг кæнын, цыран æмбæстæгты фылдæр хай цæрынц фæрнджынæй, традицион æргъадтыл бындуриуæгкæнгæйæ: райгуырæн зæхх, бинонтæ, кад, патриотизм.

2.Эффективон структурæтæм паддзахадон хицауады органты трансформаци, кæцытæ кусынц информацион æргомдзинад æмæ æмбæстæгты ‘рдыгæй контролы бын уавæрты, цæмæй æмбарынадтæ «паддзахадон службæгæнæг» æмæ «эффективон менеджер» суой синонимтæ.

3.Æппæт конструктивон патриотон тыхты консолидаци, кæцытæн сæ архайд, фыццаджыдæр, здæхт у йæ адæмы бартæ æмæ сæрибардзинад, райгуырæн зæххы фæрныгад хъахъхъæнын.

Нæ парти æнгом кæны, патриотон хъуыды кæмæн ис, уыцы æмбæстæгты, Республикæ Хуссар Ирыстоны тыхджын, æмæ конкурентхъомдзинад æндидзын кæныны фарсхæцджытыл, монон-хæрзнамысон хъуыдыкæнынады бирææнусон фæлтæрддзинады бындар. Диныл, Райгуырæн зæхх, национ культурæ æмæ фыдæлты фæдзæхстытыл хæцын уы-дысты æмæ уыдзысты нæ хиæмбарынады сæйраг миниуджытæ.

Рæстæджы æртхъирæнтæ махæй домынц æхсæнады царды алы фадгуыты конкретон уынаффæтæ райсын. Абон тынг ахсджиаг у хицауадимæ, æппæт политикон партитæ æмæ æхсæнадон иугондтимæ конструктивон куыст кæнын, нæ иумæйаг фæрныгад райсыны сæраппонд.

Растдæр, уымæ гæсгæ, банысангонд здæхтыты фæдыл разылæууæг хæстæ райсыны нысæнтты, куыст хъуамæ æххæст цæуа нæ партийы политикæйы базæйон принципты æххæст кæныны бындурыл.

Идеологийы арæзт

Парти йæ архайды бындуры æвæры, бæрæг тыхты æндæдвады бын чи бахауд, «ныгуылæн æргъадтыл» бындуриуæг чи кæны, уыцы фæсивæдимæ куыст кæнын. Нымайæм, ауадзгæ реформæты идеологон ифтонгад хъуамæ арæзт цæуа партийы программон амындтыл, кæцытæ здæхт сты Республикæ Хуссар Ирыстоны æппæт æмбæстæгты æрбаиу кæнынмæ. Уыдонæн сæ бындуры ис: адæмы бахъахъхъæнын æмæ йæ æдасдзинад сифтонг кæнын, бæстæйы рæзты комплексон æмæ системон программæ, æхсæнад, нæ паддзахады ивгъуыд, ныры æмæ фидæны паддзахады реализаци кæныны уылты. Алчидæр хъуамæ уа гоймаг, робот нæ фæлæ. Рæзгæ фæлтæр хъуамæ хъомыл цæуа патриотизмы æмæ Райгуырæн зæхмæ уарзондзинады æнкъа-рæнты.

Экономикон политикæ

Бæлвырд кæнæм уыцы факт, æмæ нæ экономикæ абоны бон баст кæй у нæ стратегион партнер Уæрæсейы Федерацийы фарсæрдыгæй дотацитæ æмæ финансон æххуысыл. Уыцы æххуыс мах исæм стыр бузныджы æнкъарæнтимæ, фæлæ нымайæм, æнæмæнгхъæуæг кæй у æрбацæугæ æхцайы фæрæзты нысанмæздæхтæй хардз кæнын. Ныхас ма хъуамæ цæуа æрмæст бюджет сæххæст кæныныл, фæлæ фыццаджыдæр, æнæмæнгхъæуæг у, уыцы æхцайы фæрæзтæ æвæрын экономикæйы уыцы секторы, кæцы фидæны уыдзæн республикон бюджет байдзаг кæныны гуырæн. Уымæ гæсгæ æнæмæнгхъæуæг у, цæмæй зианхæссæг, йæ бон конкуренци кæнын кæмæн нæу нырыккон экономикон реалиты, уыдоны кондадтæй рахизын. Хъæуы æппæт ресурстæ Хуссар Ирыстоны экономикон хъомысады бындурмæ аздахын. Нæ хъуыдымæ гæсгæ, ахæм бындур хъуамæ суа æмæ суыдзæн: агросæудæджерадон комплекс (хауынц æм ахæм фадгуытæ, кæцытæ специализаци кæнынц хъæууонхæдзарадон продукци – зæххгуыст  æмæ фосдарды кондадыл, бакусыныл æмæ æвæрыныл), санаторион æмæ курортон-рекреацион комплекс. Афтæ ма Хуссар Ирыстоны бирæ хуыз минералон дæттæ ссарынæн ис æмæ  уыдонæй иууыл зынаргъдæр сты æвзалытуаг æмæ цæххон-щелочон. Уыдон сты  бынæттон цæрджыты домæнтæ ифтонг кæныны фаг дæр, æмæ ма куыд экспортон товар, афтæ дæр сты фаг.

Æрдзон-климатикон факторты æмдзыгуыр æмæ аразгæ инфраструктурæ, кæцытæ сты хосгæнæн-æнæнизгæнæн æмæ рекреацион мадзæлттæн, фадат радтдзæн нæ республикæйæн иннæ регионтимæ конкуренци кæнын.

Бахынцгæ уагæвæрдтæ

Фидæны перспективæйы парти æрæвæрдта реалистон æмæ бæрнон боны фæтк. Нысан æрцыдысты паддзахады цардархайды æппæт фадгуыты куысты здæхтытæ. Уыдон, гæнæн ис, æмæ суой политикон партиты бирæхуызондзинады æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æвзæрстытæ ауадзынæн ног уавæртæ. Нæ нысан у Хуссар Ирыстон бахъахъхъæнын, куыд сæрибар, дидинæфтаугæ, кæцы конкуренци кæны æндæр паддзахадтимæ æмæ йæ бон у йæ адæмы иудзинад бахъахъхъæнын. Бахæсгæ программæ партийы уæнгты здахы программæйы уагæвæрдтæ сахуыр кæнын. Æнæмæнгхъæуæг у информацийы æмæ пропагандæйы  æппæт фадæттæй бæстæйы алы æмбæстаг, алы коллективы дæр программæйы уагæвæрдтæ бамбарын кæнын. Партийы алы уæнг хъуамæ цæттæ уа партийы интерестæ хъахъхъæнынмæ оппонентимæ дискусситы. Хъæддыхдзинад равдисын æмæ провокациты фæдыл ма цæуын. Программæ ист цæуы æртæ азмæ æмæ куыд удæгас организм афтæ, фæлтæрддзинад райсгæйæ æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æхсæнадон-политикон царды ивындзинæдтæм гæсгæ коррекци цæудзæн фидаргонд фæткы.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.