Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл 160 азы сæххæсты цытæн Уанеты Захары номыл зонад-иртасæн институты уагъд æрцыдис зонадон конференци. Конференцийы куысты хайад райстой нæ республикæйы зонадон æмæ сфæлдыстадон интеллигенцийы минæвæрттæ, скъолаты ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ, Тыбылты Алыксандры номыл паддзахадон университеты студенттæ.

Зонадон конференци бацæуæн ныхасæй байгом кодта РХИ-йы зонад-иртасæн институты директор, историон зонæдты кандидат Гаглойты Роберт. Уый загъта арфæйы ныхæстæ Хетæгкаты Къостайы юбилейон бæрæгбоны цытæн æмæ банысан кодта, ирон генийы егъау куыст йæ радтæг адæмы сæрвæлтау æмæ уымæй кæй сæнусон кодта, стъалыйау бæрзонд чи лæууы, йæ уыцы ном. «Зындгонд советон фыссæг Александр Фадеев 1941-æм азы Хетæгкаты Къостайы тыххæй афтæ дзырдта: «Цавæр уарзондзинады тых хъуамæ уа адæймагмæ, цæмæй афтæ æгæрон уарзтæй уарзай дæ радтæг адæмы æмæ уæды Ирыстоны уавæрты та уыцы иурæстæджы уай поэт, прозаик, драматург, театралон архайæг æмæ нывгæнæг дæр», – загъта Гаглойты Роберт.

 Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон дæр йæ доклад «Къостайы амынд фæндаг»-ы банысан кодта Къостайы куырыхон æмæ гениалондзинад. Дыккаг ахæм поэт Ирыстоны кæй нæ ис, уый, зæгъгæ, дызæрдыггаг нæу. «Къостайыл бирæ дзурæн ис, уый дунейæн базонын кодта ирон адæмы. Хетæгкаты Къоста уыд ахæм адæймаг, кæцы æгæрон уарзтæй уарзта йæ адæмы. Уый сын хорз æмбæрста сæ рис æмæ сæ царды уæззау уавæр æмæ сæ ирдæй равдыста йе сфæлдыстады дæр. Хетæджы-фырты райгуырæн бонмæ Нары хъæумæ бирæ адæм кæй æрцæуы, уый дзурæг у ууыл, æмæ йын стыр кад кæй кæнынц. Махæн Къоста у нæ фарн æмæ нæ хур æмæ йын кæддæриддæр йæ ном хъæуы бæрзонд æвæрын», – загъта Хъазиты Мелитон. Уый ма йæ раныхасы банысан кодта, Къостайы диссаджы сфæлдыстад, æцæг адæмон поэт кæй уыд æмæ йæ ноджыдæр кæй хъæуы ахуыр кæнын зонадон æгъдауæй. «Хетæгкаты Къоста йæ ирон адæммæ сидтис, цæмæй баиу уой æмæ абон мах хъуамæ æххæст кæнæм поэты стыр фæдзæхстытæ», – зæгъы Хъазиты Мелитон.

 Битарты Зойæ та йæ доклад «Къостайы тох ирон æвзаджы сыгъдæгдзинады тыххæй»-ы банысан кодта, Къоста ирон æвзагмæ цы стыр хайбавæрд бахаста æмæ йыл куыд бандæвта, уый. Цавæр проблемæтæ дзы уыдта æмæ сыл куыд куыста. «Къостайы йæ рæстæджы Абайты Васо схуыдта ирон адæмы хур æмæ уый,  æцæгæйдæр, афтæ у», – зæгъы Битарты чызг.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Ахуырад æмæ зонады министры хæдивæг, филологон зонæдты кандидат, доцент Гаглойты Элиса доклад сарæзта ахæм темæйыл: «Реконструкция картины мира в осетинском языке: «Уæлмæрдтæ».

Конференцийы ма докладтæ бакастысты зонад-иртасæн институты ирон литературæйы историйы хайады кусæг Абайты Зарæ, 6-æм астæуккаг скъола æмæ Колыты Аксойы номыл аивæдты лицейы ахуыргæнджытæ Дыгъуызты Лианæ æмæ Гæбæраты Фатимæ.

Зонадон конференцийы кæрон раныхас кодта РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик дæр. Уый  бузныджы ныхæстæ загъта конференцийы хайадисджытæн, Къостайы юбилеймæ ахæм цымыдисон мадзæлттæ кæй бацæттæ кæнынц æмæ йын йæ рухс ном кæй арынц, уый тыххæй. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй ахуыр кæнын æмæ зонын хъæуы Къостайы, уымæн æмæ уый æгæрон лæггад бакодта йæ адæмæн. «Къостайы хуызæн адæймæгтæ никуы амæлынц, кæддæриддæр вæййынц адæмы зæрдæты. Дуне та йæ зонынц йæ диссаджы æмдзæвгæтæй, æмткæй йе сфæлдыстады тыххæй. Æрæджы Анахарсисы номыл республикон националон библиотекæйы Къостайы юбилейы цытæн уыд æхсæнадæмон зонадон конференци æмæ уым ныхас цыдис «Ныстуан»-ыл. Куыд рабæрæг, афтæмæй йæ ратæлмац кодтой 108 æвзагмæ, уыдон æмрæнхъ эскимосты æвзагмæ дæр. Уый та дзурæг у ууыл, æмæ Къостайы æмдзæвгæ кæй у арф хъуыдыджын. Къоста йæ алы æмдзæвгæйы дæр сиды æмæ амоны ирон адæмæн сæ раст фæндаг æмæ мах хъуамæ цæуæм йе ‘взæрст фæндагыл», – банысан кодта Пухаты Эрик.

Конференцийы кæрон ма Гаглойты Роберт фехъусын кодта, докладтæ хицæн æмбырдгондæй кæй рацæудзысты, уый.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.