Парламенты Сæрдар Æлборты Алан 15 декабры фембæлд Уæрæсейы Паддзахадон Думæйы Сæрдар Вячеслав Володинимæ.

Думæйы Сæрдар банысан кодта Уæрæсейы æмæ Хуссар Ирыстоны ахастыты стратегион характер.

«Нæ бæстæты ’хсæн ахастытæн ис стратегион характер, бындуриуæг кæнынц æмбарад, хæларсыхагон æмæ кæрæдзийæн кад кæныны принциптыл. Махæн ис иумæйаг истори, мах хорз æмбарæм нæ кæрæдзи. Уый хынцгæйæ, раст уаид æхсæнпарламентон ахастытæ фæэффективондæр кæнын», — загъта Вячеслав Володин.

«Мах фæнд кæнæм уæлдæр æмвæзады къамис саразыны тых-хæй сразыдзинадыл къухтæ æрфыссын. Махæн æнæмæнгхъæуæг у, цæмæй нæ ныхас уа конкретон æмæ æмбæстæгтæ уыной, нæ депутаттæ кæй кусынц æмæ нæ бæстæты ’хсæн ахастытæ кæй фидар кæнынц, уый», — банысан кодта Вячеслав Володин.

Стратегион партнерондзинад

Æлборты Алан банысан кодта Хуссар Ирыстон стыр аргъ кæй кæны стратегион партнер — Уæрæсейы æххуысæн.

«Æмбарæм æй, ныртæккæ Уæрæсейæн куыд зын у, куыд бирæ йæ хъæуы бафæразын — æфсæддон операцийы уæззау уаргъ, ссæрибаргонд территориты инфраструктурæйы æндидзынады æмæ ног регионты интеграцион процесстæн бафæразын. Уыимæ ма Уæрæсе æвзары экономикон, политикон æмæ информацион æлхъывдад Ныгуылæны æрдыгæй», — загъта Парламенты Сæрдар.

«Мах дæр рацыдыстæм Донецкы æмæ Луганскы Адæмон республикæтæ, Херсоны æмæ Запарожьейы областы цæрджыты фæндæгтыл. Мах хорз зонæм Ныгуылæны дывæр стандартты æмæ дывæр моралы политикæ. Мах æй рох нæу, нæ хъысмæтон рæстæджы Уæрæсейы æххуысы бæрзонд нысан», — банысан кодта уый.

Парламенты спикер радзырдта дыууæ бæстæйы ’хсæн æхсæнпарламентон æмархайды тыххæй æмæ ныфс бавæрдта, ног æмвæзадмæ кæй рахиздзысты.

Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы номæй раарфæ кодта Паддзахадон Думæйы Сæрдарæн æмæ йæ фæхуыдта республикæмæ.