Куыд ма хъусын кодтам, афтæмæй Мæскуыйы VI-æм æмфыдыбæстæйонты дунеон хъæзтыты хайадисæг æвзонг спортс-ментæ сæхи равдыстой аккагæй. Сæ балцы агъоммæ фембæлдысты Президент Гаглойты Аланимæ. Æвзонг спортсментæн уый загъта æнтыстытæ æмæ хорз хæлæрттæ ссарыны фæндиæгтæ.

Цхинвалы Уырыссаг хæдзары дунеон хъæзтытæй чи æрæздæхт, уыцы æвзонг спортсментæ фембæлдысты Россотрудничествойы минæварады разамонæг Сергей Скворцовимæ. Хайад дзы райста Хуссар Ирыстоны ахуырады министры хæдивæг Галуанты Александр.

Æвзонг спортсментæ зæрдæрайæ дзырдтой, спорты фадыджы зындгонд адæймæгтимæ кæй фембæлдысты, семæ кæй базонгæ сты, уый тыххæй. Дзырдтой сæ тæлмæнтæ æмæ банысан кодтой, æхсызгонæй ноджыдæр хайад кæй райсиккой уыцы хъæзтыты.

Сергей Скворцовы ныхæстæм гæсгæ, ацы хъæзтыты сæйраг нысан у, бæстæтæй уырыссаг æвзагыл дзурæг сывæллæтты зонгæ кæнын. Уæрæсейы Федераци, зæгъгæ, дунейы цаутæм нæкæсгæйæ архайы, æппæтдæр аразы, цæмæй рæзгæ фæлтæр дарддæр дæр хæларæй цæрой, архайой спортæй, тырной царды бæрзæндтæм.

Уый ныфс бавæрдта æвзонг спортсментæн, ацы хатт кæд уæлахизы майдантæ не ’рхастой, уæддæр иннæ хатт уый сæ къухты æнæмæнг бафтдзæн.

«Нырма уæ цард разæй ис, сæйраг та у, аккагæй кæй равдыстат уæ республикæ æндæр бæстæты раз. Уый тыххæй уын стыр бузныг, сымах стут алкæмæй хуыздæр», — банысан кодта Скворцов.

Зæрдыл лæууын кæнæм, ацы дунеон хъæзтыты хайад кæй райстой баскетбол, стъолы теннис æмæ шахмæтты секциты спортсментæ.

Спортсментимæ уыдысты тренертæ Дзабиты Роланд æмæ Кæсойты Изеттæ. Уырыссаг хæдзары разамонæг Сергей Скворцов ноджыдæр бузныджы ныхæстæ загъта бæстæйы разамонæджы номыл, кæй сæ сифтонг кодта уыцы хъæзтыты хайад райсынмæ.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ацы дунеон хъæзтыты хайад истой æвзонг спортсментæ Сербийæ, Египетæй, Монголийæ, Швецийæ, Исландийæ, Сирийæ æмæ Хæдбар Паддзахæдты Æмхæларады бæстæтæй.

Æвзонг æмфыдыбæстæйонты дунеон хъæзтытæ уагъд цæуынц 2015 азæй фæстæмæ. Хъæзтыты фыццаг инициатор уыд парти «Единая Россия».

Нæ уацх.