24-æм январы РХИ-йы Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли йæхимæ райста италиаг политикон парти «Альтернатива для Европы»-йы лидер Джульетто Кьезайы. Фембæлды ма хайад райстой Парламенты спикеры хæдивджытæ Тасойты Димитр æмæ Тедеты Руслан, афтæ ма Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны фыццаг минæвар Медойты Димитр.

Бибылты Анатоли раарфæ кодта Джульетто Кьезайæн, нæ республикæйы раз ын йæ лæггæдтæ банысан кæнгæйæ. «Ды дæ Ирыстоны адæмы æввахс хæлар æмæ бирæ сарæзтай уый тыххæй, цæмæй дуне базыдтаид, Хуссар Ирыстоны цы цаутæ цыдысты, уый тыххæй. Ацы здæхты æппæт дæ къахдзæфты тыххæй дæуæн стыр кад кæнынц Ирыстоны. Фæнды мæ дæуæй хатыр ракурын уыцы чысыл инциденты тыххæй, мæн уырны, уый бынтондæр кæй нæ бандавдзæн Хуссар Ирыстонмæ дæ ахастыл. Уырны мæ уый, æмæ куыд Европарламенты депутат æмæ политикон партийы лидер, афтæ Хуссар Ирыстоны цæуæг реалон уавæры тыххæй Европæйы æмбæстæгтæ æмæ политикон архайджытæн равдисыны фæдыл цы къахдзæфтæ истай æмæ исыс, уыдон кæй уыдзысты æнтыстджын. Нæ дарддæры къахдзæфтæ дæр здæхт уыдзысты, номхуындæй,  Европæйы бæстæты нæ республикæйы тыххæй объективон информаци парахат кæнынмæ æмæ РХИ-йы позици европæйаг æхсæнадмæ хæццæ кæнынмæ. Хъуыды кæнын афтæ, æмæ ацы здæхты нæ иумиаг архайдтытæн кæй уыдзæн хорз фæстиуджытæ», – загъта Бибылты Анатоли.

Йæ рады, Джульетто Кьеза дæр раарфæ кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Бибылты Анатолийæн, кæй йæ фæхуыдта, уый тыххæй йын бузныг зæгъгæйæ, æмæ банысан кодта, зæгъгæ, уымæн ахсджиаг у ногæй Хуссар Ирыстонмæ æрцæуын. «Ам цыдæриддæр арæзтон, уый мæнæн уыд тынг ахсджиаг куыд журналист, афтæ. Ам хæст куы райдыдта, уæд æз уыдтæн уыцы фæсарæйнаг журналисттæй сæ иу, кæцытæ фыццаг æрцыдысты Хуссар Ирыстонмæ æмæ абоны онг дæр хъуыды кæнын мæ фыццаг тæлмæнтæ, чысыл адæм куыдфæндыйæ дæр сæхи куыд хъахъхъæдтой, уый фæ-дыл. Мах æмбæлæм историон рæстæджы, дунейы уавæр ивы. Господин Трамп хъазгæ нæ кæны, йæ фыццаг къахдзæфтæ сты тынг тæссаг æмæ æндавынц иумиаг уавæрыл, уыцы нымæцы Хуссар Ирыстоны уавæрыл дæр. Æнæмæнгæй хъæуы æркæсын, Хуссар Ирыстоны раз цахæм перспективæтæ байгом уыдзысты, уымæ, ахъуыды хъæуы архайдтыты гæнæнуæвæг варианттыл. Знон гæнæн цæмæн нæ уыд, уымæн райсом среализацигæнæн уыдзæн. Æз сымахимæ кусдзынæн ацы здæхты», – загъта политикон парти «Альтернатива для Европы»-йы лидер.

Йæ рады, РХИ-йы Парламенты Сæрдар куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны дæр сæ хъус лæмбынæг дарынц АИШ-ы ног президенты архайдтытæм, кæцы йæ хъусынгæнинæгтæм гæсгæ, фæнд кæны Барак Обамайы къухдариуæгады рæстæджы америкæйаг-уæрæсейаг ахастыты сæвзæргæ æнды-гъддзинад фæкъаддæр кæнын.

Фембæлды рæстæджы Бибылты Анатоли йæ фæндон фехъусын кодта Джульетто Кьезайæн Европарламенты РХИ-йы Парламенты минæвары хуызы ралæууыны тыххæй. «Ды, куыд журналист æмæ по-литикон архайæг, афтæ бирæ азты дæргъы Хуссар Ирыстоны интерестыл тох кæнгæйæ, цы аразыс, уыцы архайдтытæм гæсгæ нæхи ‘рдыгæй мах фæнд кæнæм дæуæн нæ фæндон зæгъын, цæмæй ды Европарламенты æвдисай Хуссар Ирыстоны интерестæ, нæ республикæйы закъондæттынадон органы æмбæлон æххæстбартæм гæсгæ. Афтæмæй дæуæн дæ бон суыдзæн европæйаг коллегæты онг нæ позици æмæ Хуссар Ирыстоны уавæры тыххæй объективон информаци хæццæ кæнын. Дæуæн ис тынг бирæ хæлæрттæ, куыд Европарламенты, афтæ европæйаг бæстæты æхсæнады æмæ политикты ‘хсæн дæр, уымæ гæсгæ мах фæнды, уыцы нымæцы дæ фæрцы дæр уыдонæн фехъусын кæнын, зæгъгæ, Хуссар Ирыстон алыхатт дæр уыд æмæ у Кавказы регионы са-бырдзинад æмæ стабилондзинады æвварс, хæларсыхагон ахастытæ саразынмæ, 2008 азы августы хæсты фæстæ сæвзæргæ реалиты бындурыл», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

РХИ-йы Парламенты Сæрдар куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны хæдуагæвæрдæн ис фидар политикон-барадон бындур. Республикæ Хуссар Ирыстонæн ницахæм ахаст ис афтæхуыйнæг Гуырдзыстоны территориалон æнæхъæндзинадмæ. Æппæт уыцы ныхæстæн, зæгъгæ, чи-дæр претензи кæнæ оккупаци кæны территори, ницахæм юридикон æмæ ницахæм æндæр бындур ис.  «Гуырдзыстоны ‘рдыгæй, РХИ-йы адресыл æппæт ныхæстæ æмæ аххостæм æнæкæсгæйæ, мах абон Хуссар Ирыстоны аразæм демократон барадон паддзахад, кæцы бындуриуæг кæны иумиагадæймагон æргъадтыл æмæ нæ фæндид, цæмæй европæйаг бæстæты æхсæнад æмæ политик-тæ бамбарой ацы факт», – фехъусын кодта Бибылты Анатоли.

Джульетто Кьеза равдыста йæ цæттæдзинад Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдары фæндоны фæдыл, æмæ банысан кодта, зæгъгæ, йын æхсызгон уы-дзæн РХИ-йы Парламенты ми-нæвары функцитæ æххæст кæнын. «Фыццаг рады æнæ-мæнгхъæуæг у,  Хуссар Ирыстоны цы цаутæ цыд, уыдони-мæ сæ базонгæ кæнын. Европарламенты депутатты 80 проценты, æгæрыстæмæй, нæ зонынц, Хуссар Ирыстоны фарсты фæдыл дзырд цæуыл цæуы, уый. Уыдон нæ зонынц нæдæр хæсты агъоммæ, нæдæр йæ рæстæджы цæуæг  реалон цауты тыххæй. Уымæ гæсгæ хъæуы уыдонмæ ин-формаци фæхæццæ кæнын, ацы темæйы алыварс дискусситæ сорганизаци кæнын. Уый тыххæй æнæмæнгхъæуæг у бæрæг, уыцы нымæцы историон характеры æрмæджытæ дæр бацæттæ кæнын», – загъ-та италиаг политик.

Йæ рады, Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны Парламент цæттæ у Джульетто Кьезайæн æппæт æнæмæнгхъæуæг æрмæджытæ радтынмæ, развæлгъау сæ италиаг æмæ æндæр æвзæгтæм ратæлмац кæнгæйæ æмæ дарддæры æмархайд аразыны фæдыл планонбæрцæй кусгæйæ.

РХИ-йы Парламенты

информацион-аналитикон управлени

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.