19 сентябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Гасситы Петр йæхимæ райста италиаг делегацийы, зындгонд журналист æмæ æхсæнадон архайæг Джульетто Кьезайы сæргълæудæй.

Делегацийы сконды уыдысты Pandora TV-йы редактор Маргерита Фурлан; культурон антропологийы профессор, Кавказы фæдыл эксперт, «Северная лига»-йы партийы журналист, Италийы Луганскы Адæмон Республикæйы минæвар Элизое Бертоласи; «Независимые путешественники»-йы журналист, эксперт Лука Пиндигоре; амалиуæггæнæг, Хъалмыхъы  италиаг-уæрæсейаг арæнгонд  бæрндзинадимæ æхсæнад «АгроВенецкий»-йы сæйраг акционер Эдди Томат; Хæдбар Венетойы комитеты сæрдар, Ассоциаци Венето-Уæрæсейы сæрдары хæдивæг (Хъалмыхъы италиаг-уæрæсейаг фæцыбыргонд  бæрндзинадимæ æхсæнад «АгроВене-цкий»-йы сæйраг акционер) Палмарино Цоккателли æмæ Италийы Республикæ Хуссар Ирыстоны официалон минæвар Мауро Мурджа.

Фембæлды хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдары фыццаг хæдивæг Мамиты Инал, РХИ-йы Парламенты Сæрдары хæдивæг Тедеты Руслан, РХИ-йы Парламенты Æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл комитеты сæрдар Коцты Игорь æмæ РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр.

Фембæлды райдиан Парламенты Сæрдар Гасситы Петр раарфæ кодта уазджытæн æмæ банысан кодта Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Италийы ‘хсæн æм-гуысткæнынады ахсджиагдзинад.

«Тынг æхсызгонæй «æгас цу» зæгъын Хуссар Ирыстоны закъондæттæн органы. Зонын æй, Европæйы кад æмæ аргъ кæнынц традицитæн æмæ мæ зæгъын фæнды, ныртæккæ цы бæстыхайы стæм, уый хъæздыг  кæй у йæ традицитæй æмæ историйæ. Сымах нæм цы бæрæгбоны тыххæй æрцыдыстут, уый райдыдта мæнæ ацы бæстыхайы. 1990 азы 20 сентябры областон Советы адæмон депутаттæ уæззау хæстон уавæрты, æнæ рухсæй æмæ уазалы, æхстыты бын, Гуырдзыстоны æрдыгæй политикон æлхъывдады бын рахастой хъысмæтскъуыддзаггæнæн уынаффæ Республикæ Хуссар Ирыстоны сырæзты тыххæй.

Уыцы уынаффæ нын абон фадат радта ацы бæстыхайы æрæмбырд уæвынæн. Йæ историйы Парламенты бæстыхай бирæ федта, уый æхст, сыгъд æрцыд, фæлæ куыд иннæтæ афтæ сæндидзыдта йе ‘ртхутæгæй аргъæутты маргъ Фениксау. Æмæ мæм абон æрхауд цыт ам уæ райсыны тыххæй æмæ стыр æхцон-дзинадимæ нысан кæнын, уе ‘хсæн кæй ис нæ рагон æмæ серьезон хæлар Джульетто Кьеза, кæцы бирæ азты дæргъы нæ интерестæ хъахъхъæны Европæйы», – банысан кодта Парламенты спикер.

Йæ рады Джульетто Кьеза бузныг загъта Парламенты Сæрдарæн йæ уазæгуарзондзинады тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны тыххæй рæстаг информаци фæхæццæ кæнгæйæ, уый æххæст кодта йæ хæс, куыд журналист, афтæ.

«Уазæгуарзон кæй стут, уый тыххæй бузныг. Мæнæн æхсызгон у ногæй Хуссар Ирыстоны уæвын. Хуссар Ирыстоны тыххæй раст информаци Европæйы цæрджытæм кæй хæццæ кодтон, ууыл дзургæйæ, мæн фæнды банысан кæнын, æз, куыд журналист, афтæ кæй архайдтон. Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ журналист рæстдзинад хъуамæ хицæн кæна мæнгдзинадæй, æмæ йæ æз бамбæрстон, рæстдзинад ис уæ фарсæрдыгæй. Абон уын хъусын уе ‘взагмæ, æмæ мæ фæнды банысан кæнын, уæ истори у уæ культурæ, æмæ уымæн фесæфæн нæй. Бахъахъхъæнын хъæуы адæмы истори æмæ традициты, уый у иууыл зынаргъдæр æмæ, хъыгагæн, уый Европæ не ‘мбары. Æз Европæйы дарддæр дæр хъахъхъæндзынæн Хуссар Ирыстоны позици. Милуангай европæйæгтæ хъуамæ зоной рæстдзинад Хуссар Ирыстоны тыххæй. Æгæрыстæмæй иу газеты уац кæнæ иу телеалæвæрд дæр,  гæнæн ис, радта тыхджын эффект, гæнæн ис фæива адæм-ты зондахаст», – загъта уый.

Гасситы Петры ныхæстæм гæсгæ, растдæр Джульетто Кьеза æмæ йæ хæлæртты руаджы мах ныфс ис, абон уа æви сом, уæддæр Европæйы адæм кæй  базондзысты рæстдзинад Хуссар Ирыстоны тыххæй.

Уый фæстæ раныхас кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр. Уый бузныг загъта уазджытæн, рæстæг кæй сардтой æмæ Хуссар Ирыстонмæ кæй æрцыдысты, уый тыххæй.

«Нæ зынаргъ уазджытæ, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады номæй мæ фæнды сымахæн бузныг зæгъын, махмæ æрцæуынæн фадат кæй ссардтат, уый тыххæй. Мах стæм Парламенты бæстыхайы, кæцы, Парламенты спикер куыд загъта, афтæмæй у рагон, ам скъуыддзаг цыдысты нæ ногдæр историйы ахсджиаг дæр фарстатæ. Æмæ мын абон æхсызгон у банысан кæнын, ам кæй цыдысты тынг ахсджиаг цаутæ, кæцытæ бандæвтой нæ республикæйы æддагполитикон фадыджы дарддæры райрæзты цыдыл. Мæ зæрдæ уын зæгъы нæ бæстæйы хорз рæстæг арвитын, афæдзы кæцыфæнды рæстæджыты дæр уæм æнхъæлмæ кæсæм», – загъта министр.

Гасситы Петр дæр банысан кодта, зæгъгæ, абон уыдзæн тынг ахсджиаг цау æмæ уый суыдзæн не ‘мгуысткæнынады рæзты ног этап, кæцыйы фæрцы Хуссар Ирыстон йæ позицитæ сфидар кæндзæн Европæйы.

Дарддæр бакастæуыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты уынаффæ, цыран нысан æрцыд, зæгъгæ, Джульетто Кьеза хъахъхъæндзæн Республикæ Хуссар Ирыстоны интерестæ Европæйы Парламенты.

Фембæлды кæрон Парламенты Сæрдар зæрдылдарæн лæвæрттæ бакодта фембæлды хайадисджытæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.