Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Гасситы Петры сæрдариуæгадæй уагъд æрцыд Парламенты дæсæм сессийы дыккаг рабадт.

Рабадты райдианы Гасситы Петр РХИ-йы Парламенты Кады грамотатæй схорзæхджын кодта Цхинвалы астæуккаг скъола-интернаты директор Тедеты Роланды, Парламенты информацион-аналитикон управленийы аналитикæйы хайады хистæр Хъуылымбегты Еленæйы.

Дарддæр Закъондæттынад, закъондзинад æмæ бынæттон хæдразамынады фæдыл комитеты сæрдар Тедеты Ноннæ уынаффæ кæнынмæ рахаста «Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон тырысайы тыххæй» РХИ-йы Конституцион закъоны проект. Уый банысан кодта, зæгъгæ, закъондæттынадон хъæппæрисимæ ралæууыд Бесаты Зитæ. Проект бакуыстгонд æрцыд, æппæт фиппаинæгтæ æмæ хъуыдытæ хынцыд æрцыдысты.

Конституцион закъоны проект депутаттæ райстой æмхъæлæсæй.

Тедеты Ноннæ ма уынаффæ кæнынмæ рахаста «Республикæ Хуссар Ирыстоны депутатты æвзæрстыты тыххæй» РХИ-йы Конституцион закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» РХИ-йы Закъоны проект.

Закъоны проект ист æрцыд фылдæр хъæлæстæй, иу депутат йæ ныхмæ, иу та йæхиуыл фæхæцыд.

Уынаффæ кæнынмæ ма Тедеты Ноннæ рахаста «Хосгæнæн препарат «Лирика» æмæ æнæниздзинадыл æндаваг буарад Прегабалин. Йе сконды кæмæн ис, ахæм æнгæс препараттæ æнæзакъонæй æрбаласын, балхæнын, химæ дарын, æндæр буарадтæ дзы аразын, æндæр рæттæм сæ ласын æмæ сæ уæй кæнын, афтæ ма сæ æнæмедицинон æгъдауæй пайда кæныны тыххæй административон æмæ уголовон бæрндзинады тыххæй» РХИ-йы Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» РХИ-йы Закъон, кæцы бæрæг кæны æфхæрд фæкарздæр кæнын.

Гасситы Петр банысан кодта, зæгъгæ, ахæм фыдракæндтæн уыцы æфхæрдтытæ фаг карз не сты æмæ барадхъахъхъæнæг органтæн бахæс кодта, цæмæй тагъд рæстæджы наркотикты уæй кæныны проблемæ аиуварс кæной.

Ацы закъоны проект ист æрцыд æмхъæлæсæй.

Дæсæм сессийы дыккаг рабадты ист æрцыд «Милицийы тыххæй» РХИ-йы Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» РХИ-йы Закъоны проект æмæ «Политикон партиты тыххæй» РХИ-йы Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» РХИ-йы Закъон, кæцытæ æрбавдыстой Закъондæттынад, закъондзинад æмæ бынæттон хæдуынаффæйады комитет.

Сессийы рабадты рæстæджы уынаффæ кæнынмæ хаст æрцыдысты «2019 азы Паддзахадон бюджеты тыххæй» РХИ-йы Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тых-хæй» РХИ-йы Закъоны проект.

РХИ-йы финансты министр Хæбæлаты Азæ куыд банысан кодта, афтæмæй ацы Закъоны проекты æнæмæнгхъæуындзинад уый мидæг ис, æмæ УФ цы финансон æххуыс æрвиты, уыдонæй æнæспайдагонд фæрæзтæ хаст æрцæуынц иннæ азмæ æмæ хардз æрцæуынц æнгæс нысæнтты фæдыл.

Закъоны проект депутаттæ райстой æмхъæлæсæй.

Сессийы ма уынаффæ кæнынмæ хаст æрцыд «Æнæмæнгхъæуæг пенсион фæдзæхстады тыххæй» РХИ-йы Закъонмæ ивындзинæтæ бахæссыны тыххæй» РХИ-йы Закъоны проект.

Социалон политикæ æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны фæдыл комитеты сæрдар Къозонты Алан куыд банысан кодта, афтæмæй Закъоны проекты ивындзинæдтæн ис техникон уаг.

«Уый æнæмæнгхъæуæгыл банымадтой уымæн, æмæ нæ Пенсион фонд бакуыста «Персонификацигонд хыгъды тыххæй» Закъоны проектыл. Уымæй уæлдай ма, æнæмæнгхъæуæг у ивындзинæдтæ бахæссын «Республикæ Хуссар Ирыстоны æнæмæнгхъæуæг пенсион фæдзæхстады тыххæй» РХИ-йы Закъонмæ, тексты мидæг дзырд «фæллойадон» баивын «фæдзæхстадонæй», – банысан кодта Къозоны фырт.

Ацы закъоны проектыл депутаттæ æмхъæлæсæй сразы сты.

 

Парламенты фæндон рахастой «Хъуылымбегты Торез»-ы фыццаг майданæй йæ бинонты схорзæхджын кæнын

Хуссар Ирыстоны Парламенты дæсæм сессийы дыккаг рабадты РХИ-йы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр фæндон бахаста, цæмæй Хъуылымбегты Торезы фыццаг майдан радтой йæ бинонтæн.

Гассийы фырт куыд банысан кодта, афтæмæй Хъуылымбегты Торезы майдан фидаргонд æрцыд ивгъуыд аз.

«Хъуылымбегты Торез уый аккаг у, уый уыд нæ бæстæйы авторитетон дæр политикон æмæ æхсæнадон архайджытæй сæ иу. Майданмæ æркастыстут, арæзт у сыгъдæг æвзистæй. Майдан массон æгъдауæй лæвæрд нæ цæудзæн æмæ йæ райсын дæр æнцон нæ уыдзæн», – загъта Гассийы фырт.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, майдан райсдзысты ахæмтæ, кæцытæ аразын райдыдтой республикæйы паддзахаддзинад йæ райдианы.

«Ныртæккæ кусы къамис, цæмæй сбæрæг кæной адæмон советы æмæ фыццаг æрсидты Парламенты депутатты, цæмæй сæ схорзæхджын кæной Хъуылымбегты Торезы майданæй. Фæлæ уыдо-нæй дæр хорзæхджын æрцæудзысты æрмæстдæр ахæмтæ, кæцытæ Торезимæ уыдысты æмвæнд республикæ  расидыны  хъуыддаджы», – банысан кодта спикер.

Депутаттæ æмхъæлæсæй сразы сты Парламенты Сæрдары фæндонимæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Информацион-аналитикон службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.