Республикӕ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сӕрдар Пухаты Эрик ӕмӕ РХИ-йы Ахуырад ӕмӕ зонады министр Гасситы Натали уынаффӕ кодтой 2017-2018 азы скъолаты ахуыры фӕуды фӕдыл мадзӕлттыл.

Фембӕлды рӕстӕджы нысан ӕрцыдысты паддзахадон фӕлварӕнты ӕмӕ бӕрӕгбонон мадзӕлтты бонтӕ.

Паддзахадон иумӕйаг аттестацийы нывӕзтмӕ гӕсгӕ, фӕлварӕн уырыссаг ӕвзагӕй уагъд ӕрцӕудзӕн 30 майы, математикӕ йӕ та 4 июны.

Президентон рауагъдон бал уагъд ӕрцӕудзӕн 20 июны Сывӕллӕты сфӕлдыстады галуаны, нӕ республикӕйы скъолаты «фӕстаг дзӕнгӕрӕджы» бӕрӕгбон та уагъд ӕрцӕудзӕн 26 майы 10 сахатыл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.