Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны боныл 10 аз сæххæсты бæрæгбонимæ баст мадзæлттæм бацæттæ кæнын æмæ ауадзыны фæдыл Республикон къамисы тыххæй

  1. Арæзт æрцæуæд Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайны боныл 10 аз сæххæсты бæрæгбонимæ баст мадзæлттæм бацæттæ кæнын æмæ ауадзыны фæдыл Республикон къамис – (дарддæр – Къамис).
  2. Фидар æрцæуæд Къамисы сконд.
  3. Бæлвырд æрцæуæд Къамисы барадон, финансон, информацион æмæ организацион-техникон ифтонгады архайд кæй æххæст кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Администраци.
  4. Ацы уынаффæ йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент Бибылты Анатоли

г. Цхинвал, 2018 азы 12 апрель

 

 

Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны боныл 10 аз сæххæсты бæрæгбонимæ баст мадзæлттæм бацæттæ кæнын æмæ ауадзыны фæдыл Республикон къамисы сконд

Бибылты А.И. – Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент, Къамисы сæрдар;

Гæззаты Д.О – Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты æххуысгæнæг, Къамисы сæрдары хæдивæг;

Зассеты Ж.В. – Республикæ Хуссар Ирыстоны Культурæйы министр, Къамисы сæрдары хæдивæг;

Козаты И.В. – Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæг;

Гассеты И.А. – Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг;

Нанинты И.Г. – Республикæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министр;

Тадтаты А.С. – Республикæ Хуссар Ирыстоны Æмбæстагон хъахъхъæнынады, уæлвæткон уавæрты æмæ æрдзон æнамонддзинады фæстиуджытæ аиуварс кæныны министр;

Хъотайты М. Ф. – Республикæ Хуссар Ирыстоны информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæрдар.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.