Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста РЦИ-Аланийы уæгъдибар хъæбысхæсты æмбырдгонды сæйраг тренер Гозымты Хетæг æмæ хистæр тренер Кокойты Таймуразы. Фембæлды ма хайад райста Президенты æххуысгæнæг Джиоты Руфин.

  Паддзахады сæргълæууæг бузныджы ныхæстæ загъта тренертæн, сæ хъомылгæнинæгты бæрзонд æмвæзадыл кæй цæттæ кæнынц, уый тыххæй.

«Уæлдай хъусдард мæ фæнды аздахын уымæ, сымах кæй цæттæ кæнут æвзонг уæгъдибар хæбысхæцджыты – Хуссар Ирыстонæй рацæуджыты, кæцытæн ис зынгæ æнтыстытæ æмæ уæлахизтæ спорты ацы хуызы. Бузныг уын уе ‘рвылбонон куысты тыххæй фидæны чемпионтæ хъомыл кæныны хъуыддаджы», – загъта уый.

Йæ рады Гозымты Хетæг бузныджы ныхæстæ загъта Президентæн химæрайсты тыххæй, æнгом графикмæ нæ кæсгæйæ, æмæ бузныджы ныхæстæ загъта Хуссар Ирыстоны уæгъдибар хъæбысхæстмæ цы хъусдард здæхт цæуы, уый тыххæй.

Фембæлды фæстæ Гозымты Хетæг, журналисттимæ фембæлгæйæ, банысан кодта, зæгъгæ, абоны бон Хуссар Ирыстонæй рацæуджытæ Зассеты Арсæмæг, Джиоты Сослан æмæ Бестауты Андрей сты Цæгат Ирыстоны æмбырдгонды сконды æмæ сæ кæй æвæрынц стыр ныфсытæ.

РХИ-йы Президент æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.