Республикæ  Хуссар  Ирыстоны  Президент  Бибылты  Анатоли æмæ горæт Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг Коцты Алан уынаффæ кодтой, паддзахады сæргълæууæг раздæр цы хæслæвæрдтæ радта, уыдон æххæст кæныны фарстатыл.

«Ацы аз Цхинвалы администрацийæн бирæ хæстæ лæвæрд æрцыд фатертæ, фæндæгтæ, магистралон хæххыты арæзтады, бирæуæладзыгон хæдзæртты алыварс территориты хæрзарæзтады фæдыл. Фæнды мæ азы фæстиуджытимæ базонгæ уæвын æмæ сбæрæг кæнын, цы нæ хъæуы саразын æрбалæугæ азы», – загъта Бибылты Анатоли.

Коцты Алан банысан кодта, горæты администраци капиталон æгъдауæй кæй сцалцæг кодта 2008 азы августы кæмæн разиан чындæуыд, ахæм 9 фатеры. «Афтæ ма цалцæг цæуы Сталины уынджы цыппарфатерон хæдзар æмæ ацы аз æппæт куыстытæ дæр хъуамæ фæуæм», – загъта горæты мэр.

Уый ма Президентæн фехъусын кодта, донифтонгады æмæ коммуникациты фæдыл куыстытæ, кæцытæ нысан æрцыдысты ацы азы кæронмæ, кæй фæуыдзысты.

«Коммуникациты дæргъ иумæйагæй у 2300 метры, уыдон сты 9 уынджы. Фидæнмæ план кæнæм 1000 метры коммуникацитæ ауадзын», – загъта горæты администрацийы сæргълæууæг. Хæдзæртты алыварс территориты хæрзарæзтадыл куы дзурæм, уæд ацы аз авд кæрты асфальт æрцыдысты, радон  азы та план кæнæм ноджы фондз кæрты схæрзарæзт кæнын», – фехъусын кодта Коцты Алан.

Президент бафиппайдта, зæгъгæ, уæлдай хъусдард здахын хъæуы,  горæты бирæ адæм кæм цæрынц, ахæм районты хæрзарæзтады фарстмæ, уыдон та сты Мамсырайы фырты, Нæузæххонты уынгтæ æмæ микрорайон «БАМ».

Бибылты Анатоли, фидæны плæнттыл дзургæйæ, бахæс кодта Цхинвалы администрацийы сæргълæууæгæн №10 æмæ №20 сабидæтты алыварс территоритæ схæрзарæзт кæнын.

«Сабидæтты территориты хæрзарæзтады куыстытæ хъуамæ иннæ азы райдианы райдайæм», – загъта Бибылты Анатоли.

Ныхасы рæстæджы Президент уæлдай хъусдард аздæхта цæрæнуатон къамисы архайдмæ, кæцы кусы радылæуджытæн фатертæ радтыны фарстыл.

«Æз æй зонын, цæрæнуатон къамис ацы фарст принципиалонæй æмæ растæй кæй скъуыддзаг кæны, æмæ мæ фæнды, цæмæй  куыстмæ ахæм ахаст дарддæр дæр уа. Адæмы хъуамæ уырна, цæрæнуат раст дих кæй æрцæудзæн, уый. Куыстмæ ахæм ахаст нысан æрцыд æвзæрстыты агъоммæйы программæйы дæр», – загъта Президент.

Уый бузныджы ныхæстæ загъта Цхинвалы мэрæн æмæ йын йæ цæст бауарзта дарддæры æнтыстытæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.