Уыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны Æдасдзинады советы рабадт. Боны фæткмæ хаст æрцыдис Ленингоры æмæ Дзауы районты цæрæн пунктты цæрджытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Республикæмæ æрбацæуыны æмæ Республикæ Гуырдзыстонмæ ацæуыны бары тыххæй. РХИ-йы Хицауады 2010 азы 23 ноябры   119-æм уынаффæйы 1-æм уæлæмхасæнмæ гæсгæ  уадзæн пункттæ “Раздæхæн” æмæ “Переу”- ыл арæны сæртыл ахизæн уыдзæн алы мæйы 20-æм бонæй 30-æм бонмæ.

Президент Гаглойты Алан банысан кодта, зæгьгæ, Ленингор æмæ Дзауы районты æмбæстæгтæ ацы фарстамæ æркæсыны тыххæй бахатыдысты Ленингоры æмæ Дзауы администрацитæм, афтæ ма уый фæдыл куырдиат райстæуыд 16-æм иу мандатон округæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты депутат  Дриаты Зазайæ.

Арæны ситуацийыл æмæ паддзахадон арæныл уадзæн пунктты ахизыны фæткы фæдыл райстæуыд уынаффæ, цæмæй Республикæ Хуссар Ирыстонмæ æрбацæуын æмæ Гуырдзыстонмæ ацæуын бар лæвæрд æрцæуа алы мæйы 20-æм бонæй 30-æм бонмæ паддзахадон арæны уадзæн пункттæ “Раздæхæн” æмæ “Переу-ыл Республикæ Хусар Ирыстон Ленингоры æмæ Дзауы районты цæрджытæн уæлдæр бацамынд уынаффæмæ гæсгæ. Арæны сæрты ахизæн уыдзæн сæрмагонд гæххæтмæ гæсгæ, кæцы бар дæтты Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæны сæрты ахизынæн. Уынаффæ ма райстæуыд, цæмæй паддзахадон арæныл уадзæн бынæттæ “Раздæхæн”æмæ “Переу”-ы фидар æрцæуа куысты режим алы мæйы 20-æм бонæй 30-æм бонмæ 09:00 сахатæй 19:00 сахатмæ Мæскуыйы рæстæгмæ гæсгæ.

Паддзахадон арæныл уадзæн бынæттæ бирæ рæстæджы дæргъы æхгæд кæй уыдысты, уымæ гæсгæ Гуырдзыстонимæ арæныл ахизыны бар лæвæрд цæуы, сæ архайды æмгъуыд кæмæн ацыд ахæм бары гæххтытæм гæсгæ 2022 азы 31 ноябрмæ.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.