Республикæ Хуссар Ирыстоны Æмбæстагон хъахъхъæнынад, уæлвæткон уавæртæ æмæ О æнамондзинæдты фæстиуджытæ иуварс кæныны фæдыл министры фыццаг хæдивæг Бестауты Ацæмæз æмæ зынгсирвæзты æдасдзинады фадыгмæ хъусдарды хайады къухдариуæггæнæджы хæдивæг Куымæридтаты Андрей знон Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты пресс-центры хуссарирыстойнаг информацион фæрæзтæн радтой пресс-конференци.

Ацы министрады сконды цы ахсджиаг службæтæ ис – æмбæстагон хъахъхъæнынады службæ, агурæн-ирвæзынгæнæн дæлхай æмæ зынгсирвæзты ныхмæ тох кæныны службæ æдзух сты куысты уæлхъус æмæ цæттæ сты цыфæнды æрцæугæ Æнамонд цаутæ аиуварс кæнынмæ.

Бестауты Ацæмæзы ныхæстæм гæстæ ацы азы райдиан хуымæтæг нæ уыд министрадæн –Транскамы фæндагыл зæйтæй сыгъдæг кæнын, уый фæстæ историйы фыццаг хатт бахъуыд дурты зæйтæ иуварс кæнын дæр, уымæн æмæ арæх æхгæдтой фæндагон змæлд.

Фæстаг рæстæджы республикæйы æнтæф бонтæ кæй кæны, уый фæстиуæгæн сарæх сты зынгсирвæзты цаутæ. Уый тыххæй министры хæдивæг банысан кодта, ацы аз Хуссар Ирыстоны тæвд æмæ дымгæджын сæрд кæй ныллæуыд, уымæ гæсгæ арæх судзы хус кæрдæг, фæлæ дзы сæйраг бынат ис адæймаджы факторæн.

«Ацы бонты Дæллаг Оконайы егъау зыгсирвæзты рæстæджы 25 зынгхуыссынгæнæджы æмæ  техникæйы иуæджы архайдтой зынгсирвæзт аиуварс кæныныл. Иумиагæй сисгæйæ фондз боны дæргъы зынгсирвæзты ныхмæ тох кæнын бахъуыд   95 кусæг æмæ техникæйы 17 иуæджы», – дзырдта ныхасгæнæг.

Уæлвæткон уавæрты министрад, зингсирвæзтытæ ма руадзыны охыл æрвылаз дæр бацæттæ кæны администрациты сæргълæуджыты номыл фыстæджытæ, цæмæй æмбарынгæнæн куыст кæной районты цæрджытимæ.

Вæййы афтæ дæр æмæ æмбæстæгтæ сæхæдæг дæр бахатынц министрадмæ, цæмæй сæ быдыртæ æфснайыны рæстæджы сæ фарсмæ балæууой зынгсирвæзты ныхмæ тох кæныны службæйы кусджытæ, уымæн æмæ быдыртыл арæх арт бандзарынц. Ахæм рæстæджы уыдон уæлхъус вæййы зынгсирвæзты ныхмæ тох кæныны хайады радгæс бригадæ, уымæн æмæ чысыл зынгсирвæзты ныхмæ тох кæнын æнцондæр у.

 

Басгарынц ахуырадон уагдæтты 

Зынгсирвæзты ныхмæ æдасдзинад куыд хъахъхъæд цæуынц, уый тыххæй Республикæйы æппæт ахуырадон уагдæттæ æрвылаз дæр планмæ гæсгæ цæуынц сгæрст. Куымæридтаты Андрейы ныхæстæм гæсгæ хайад 22 августæй 2 сентябрмæ хъуамæ бабæрæг кæна 57 скъолайы. Кæд рабæрæг уа цахæмдæр фæткхалæн цаутæ, уæд сыл арæзт цæудзæн акттæ æмæ развæлгъау фæдзæхсты фыстæджытæ, цæмæй рæстæгыл иуварс æрцæуой. Уыцы цухдзинæдтæ аиуварс кæнынæн ис æмбæлон рæстæг, æмæ уыцы æмгъуыдмæ иуварс хъуамæ цæуой. Ахæм æнгæс куыстытæ конд æрцæуы сывæллæтты рæвдауæндон-цæхæрадæтты, уæлдайдæр та декабры мæйы кæрон ногазон бæрæгбонон мадзæлттæ нысан кæныны хæдразмæ.

Абоны онг алы скъолайы дæр актуалон проблемæтæ сты зынгсирвæзты ныхмæ автоматикон сигнализаци æмæ сæвзæргæ уæлвæткон уавæртæ рæстæгыл фехъусын кæныны фæрæзты æмбæлон куыст. Бирæ ахуырадон уагдæттæ уыцы хъуыддæгтæй ифтонг не сты бынтондæр, кæм та æмбæлон уагыл не сты системæтæ. Æртыккаг та – бæстыхайæн æддейæ æмæ мидæгæй донуадзæн хæххыты æнæмæнг уæвынад. Бирæ скъолаты ма сæвзæргæ уæлвæткон уавæрты эвакуацийы фæндæгтæ дæр сты проблемон.

Аз дыууæ хатты та ахуырадон уагъд цæуы профилактикон куыст уæлвæткон уавæрты сæхи куыд дарой æмæ цы мадзæлттæ ист цæудзæн, уый фæдыл.

 

Куыстмыздтæ фæфылдæр кæнын

Ивгъуыд азæй фæстæмæ дзырд цæуы уæлвæткон уавæрты министрады службæгæнджыты куыстмыздтæ фæфылдæр кæныны ахсджиаг фарстыл. Уый фæдыл министры фыццаг хæдивæг радзырдта, зæгъгæ, бæрнон инстанциты рацæуыны фæстæ ныртæккæ æнхъæлмæ кæсынц Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны хицауадты æмвæзадыл æмбæлон бадзырд бафыссынмæ. Уый фæстæ ратификаци æрцæудзæн Хуссар Ирыстоны парламенты æмæ æнхъæлмæ кæсæн ис хорз фæстиуджытæм.

Уæлвæткон уавæрты ветеранты пенсион ифтонгад вазыгджындæр фарст у.

 

Техникон ифтонгад

Министры фыццаг хæдивæджы ныхæстæм гæсгæ техникæ домы сног кæнын, уымæн æмæ цæст куы ахæссæм, уæд республикæйы зынгсирвæзты ныхмæ тох кæныны техникæйæ бирæтæ æртæ хатты уæлдай баслужбæ кодтой сæ рæстæг.

 

«Лидер» бакодта хæрзиуæгон куыст

Нæ бæстæйы æмæ Уæрæсейы къухдариуæгадты бадзырдмæ гæсгæ цыппар азы дæргъы стыр æмæ ахсджиаг куыст бакодта Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон уавæрты Тæссагдзинады операцитæ уадзыны фæдыл центр «Лидер» – ы кусджытæ. Центры кусджытæ тæссаг æрмæджытæй ссыгъдæг кодтой Цхинвалы æмæ Знауыры районты территоритыл Ногкуырттаты ком, Присы æмæ Зары бæрзæндтæ, Иры хъæу æмæ Исахъы хъæуы территоритæ.

Украинæйы цауты фæстиуæгæн, центрæн фадат нал фæцис Хуссар Ирыстонмæ æрцæуынæн.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.