1920 азы ирон адæмы ныхмæ Гуырдзыстоны геноцидыл 100 азы кæй æххæст кæны, уый банысан кæныны цытæн æмæ йæ амæттæгты ном ма ферох кæныны тыххæй æрдзырдта  Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли геноцид банысан кæныны фæдыл къамисы радон рабадты. Уый æрсидт къамисы уæнгтæм иумиаг, æмзонд, æмвæнд куыстмæ. Загъта ма, зæгъгæ, ацы куыстмæ ноджы хъуамæ æрбаиу кæнæм æхсæнадон организациты æмæ иуæй-иу активистты, кæцытæ стыр энтузиазмæй архайынц бæстæйы хæрзæбонæн æмæ иумæ æнгомæй дунейæн, дунеон æмæхсæнадæн фенын кæнæм уыцы геноциды хъыгаг хабæрттæ – ирон адæмы минæвæрттæ гуырдзиаг меньшевикты аххосæй цы уæззау фæндæгтыл рацыдысты, æппæт уыцы хабæрттæ. Президент ма банысан кодта, зæгъгæ, мах æвдисæн стæм – уыцы геноцид фæлхатт кæй æрцыд нæ рæстæджы дæр, кæцыйы кæрон уыд 2008 аз. Нæ дуджы геноциды фæстиуджытæ та систы сæдæгай æбæрæг сæфт æмæ мингай фæмардуæвæг æмбæстæгтæ.

Бибылты Анатоли ноджыдæр бахæс кодта къамисы уæнгтæн, цæмæй алы рæстæджыты геноциды фæстиудфжытæ æвдыст æрцæуой æмбæлон æмвæзадыл. Уымæй дарддæр ма къамисы сæйраг сконд хъуамæ сараза кусæгон къорд, кæцыйы минæвæрттæ архайдзысты æппæт мадзæлтты проекттæ цæттæ кæнын æмæ кусыныл дæр.

Президенты Паддзахадон уынаффæгæнæг Гæззаты Дауыт банысан кодта, геноцид мемориализаци кæныны фæдыл мадзæлттæ хъуамæ уагъд æрцæуой Ирыстоны дыууæ хайы дæр. Ирыстоны иумиаг ахуырадон уагдæтты уагъд хъуамæ æрцæуа гом уроктæ, конкурстæ…

Ирон адæмы геноциды темæйыл зонадон – публицистон куыст «1920 азы хуссайраг ирæтты геноциды истори»-йыл бакуыста историон зонæдты кандидат, Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты хисдæр зонадон кусæг Пухаты Къоста. Ацы куысты бындурыл астæуккаг скъолаты ахуыргæнджытæн сæрмагонд методичкæтæ арæзт хъуамæ æрцæуа ацы мæйы кæронмæ, цæмæй уроктæ уадзой уыдонмæ гæсгæ. Фæндон ма бахаста, цæмæй гуырдзиаг-ирон хæстыл фылдæр уырыссаг æмæ гуырдзиаг æвзагыл фыст кæй ис, уымæ гæсгæ ныгуылæйнаг æмæхсæнадæн нæй раст информаци. Уымæ гæсгæ алы æвзæгтыл парахат кæнын хъæуы геноциды темæйыл фыст æрмæджытæ.

Блогертæ æмæ эксперттимæ куыст интернет-ресурсты руаджы куыст, литературон, хуызфыссынады премитæ организаци кæнын, УФ-йы федералон телеканалты руаджы документалон æрмæджытæ æвдисыныл дзырдта Гæззаты Дауыт.

Æрлæугæ азы дæргъы геноциды фæдыл цы мадзæлттæ уагъд цæудзæн, уыдоны хсæн ма ис июны мæйы геноциды бон егъау концерт-реквием ауадзын не мзæххон Гергиты Валери æмæ йæ зындгонд Мариинаг театры оркестры  хайадистæй.

Гæззаты Дауыт ма дзырдта, цæмæй афæдзы дæргъы мысæн мадзæлттæ æмбæлон æмвæзадыл уагъд цæуой, дуне ноджыдæр базона нæ геноциды фæстиуджытæ.

Президенты хъуыдымæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны документалон бæлвырдгæнæнтæ æмæ сидтытæ æрвыст хъуамæ æрцæуой дунеон организациты минæвæрттæм æмæ Уæрæсейы аккредитацигонд фæсарæйнаг минæварадтæм, цæмæй æркæсой ирæтты геноциды фарстмæ.

Бибылты Анатоли ма бахæс кодта историк Пухаты Къостайы чиныг англисаг, испайнаг, италиаг, францаг æмæ æндæр æвзæгтæм ратæлмац кæнын. Геноциды фæдыл мадзæлтты фæлгæтты ма бахæс æрцыд зонадон-практикон конфереци сорганизаци кæнын.

Риуылдарæн нысан, логотип сфидар кæнын, 1920 азы геноциды чиныджы тираж фæфылдæр кæнын, геноциды темæйыл нывгæнджыты конд нывтæй пайда кæнын цæстуынгæ æрмæджыты нысанæн, политикон-барадон аргъ скæнын геноцидæн – æппæт уыцы ахсджиаг хъуыддæгтыл дзырдтой къамисы уæнгтæ.

Пухаты Къоста ма æрæмбырд кодта ирон фысджыты æрмæджытæ геноциды фæдыл. Фæндон хаст æрцыд, цæмæй уыдон дæр хицæн æмбырдгондæй уагъд æрцæуой.

Къамисы рабадтæн хатдзæгтæ аразгæйæ Президент Бибылты Анатоли ноджыдæр банысан кодта, кæй хъæуы активон куыст конкретон мадзæлтты планыл. Йæхи фæндонмæ гæсгæ уый сæрдариуæг кæндзæн къамисы бындурыл арæзт кусæгон къордæн дæр.

Уый ноджыдæр къамисы уæнгтæн бахæс кодта, алы дæсæм бон уагъд кæй цæудзысты къамисы рабадтытæ. Парламенты Сæрдар Тадтаты Аланæн хæс æрцыд, цæмæй Цæгат Ирыстон-Аланийы сæ коллегæтимæ бакусой ацы фарстыл. Президенты фæндонмæ гæсгæ максималон æгъдауæй пайда хъуамæ æрцæуа блогерты потенциалæй ацы хъуыддаджы. Къамисы радон рабадт уагъд æрцæудзæн 23 декабры.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.