Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли ауагъта РХИ-йы Æдасдзинады Советы рабадт. Рабадт уагъд æрцыд уæрæх сконды.

РХИ-йы Æдасдзинады Совет райста уынаффæ Паддзахадон арæныл Гуырдзыстонмæ ахизæны бынат«Раздæхæн»-ыл  Ленингоры районы цæрджыты уадзыны тыххæй. Уыцы цæрджытæ сты, Хицауады №119 Уынаффæмæ хаст чи æрцыдысты, хуссарирыстойнаг æмæ уæрæсейаг æмбæстагдзинад кæмæн нæй æмæ РХИ-йы территорийыл бакæнæн кæмæй нæй, ахæм медицинон æмæ бæрзондтехнологон æхуысс кæй хъæуы, ахæмтæ. 

Æдасдзинады Совет ма райста уынаффæ РХИ-йы пенсион фонды хыгъды слæууыны онг.

Æдасдзинады Совет ма райста уынаффæ РХИ-йы пенсион фонды хыгъды слæууыны агъоммæ хуссарирыстойнаг æмæ уæрæсейаг æмбæстагдзинад кæмæн нæй, Ленингоры районы уыцы цæрджытæн пенси райсынæн уавæртæ саразыны тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.