Дзаг риуæй сулæфыд Ленингоры цæрджыты ахъаззаг хай стæй Дзауы районы Теделетгомы цæрджытæн дæр — сæ бирæ тухитæн кæрон æрцыд. Фæзындис сын фадат сæ гуырдзыстойнаг æввахс хæстæджытимæ æмбæлынæн, дохтыртæм кæнæ ахуыры фæдыл сыхаг бæстæмæ бахъуаджы сахат ацæуынæн. Нырыонг арæн фидар æхгæд уыдис. Чи, кæд æмæ йæ цæмæн æрæхгæдта, уый фæдыл нæ газет æмæ республикæйы иннæ дзыллон-информацион фæрæзтæ бирæ æрмæджытæ ныффыстой. Уыцы фыстæджыты мидис ацы колонкæйы фæлгæтты не сног кæндзынæн — афтæмæй дæр æй зонут. Ам сæйрагдæр уый у, президент Гаглойты Алан йæ ныхасæн хицау кæй разынд.

Йæ ног, бæрнон куысты бынатмæ кандидат куы уыдис, уæд Ленингоры районы цæрджытæн ацы зын фарста ныллыг кæныны тыххæй ныфс бавæрдта æмæ нæ фæсайдта.

Æниу, æвзæрстыты рæстæджы кандидатты ныхæстыл иу бынтон æнæхин адæймагæй дарддæр кæронмæ ничи баууæнды. Фылдæр хатт кандидатты ныфсæвæрдтæм хъавгæйæ фæхъусынц, ома, дæ ныхæстæ нын нæ зæрдæтæ бæргæ рæвдауынц, фæлæ… Раст зæгъгæйæ, ирон адæм ам ницæмæй хицæн кæнынц дунейы иннæ адæмтæй — фæнды индийаг, фæнды та латинаг Америкæйы цæрæг — не ппæтæн дæр иу зондахаст ис.

Ленингоры районы æмæ Теделетгомы цæрджыты цин ацы бонты, хæрзаг, уæлдай хорз æнкъарынц Къæбысты Георгийы бинонтæ. Хъуыды йæ кæнут, æвæццæгæн, æвзæрстыты телевизион дебаттæй сæ иуы Гаглойты Алан ныфсджынæй куыд загьта, куы рамбулон, уæд мæ фыццаг барамынд уыдзæн Къæбысты Георгийы ахæстонæй суæгъд кæныны фæдыл, зæгъгæ? Закъонмӕ гӕсгӕ уыцы фарста барамынды фӕрцы лыг кӕнын не мбӕлд ӕмӕ уӕд Къӕбысы-фырт дыккаг хатт тӕрхонмӕ апелляци балӕвӕрдта, цӕмӕй мæ ӕмгъуыдӕй раздер суӕгд кӕной. Закъоны домӕнтӕ, тӕрхондоны процедурӕтӕ ӕмбӕлон ӕмвӕзадыл уагъд ӕрцыдысты. Дыууæ мæйӕ фылдӕр Георги у сӕрибар, нæ президент та йӕ ныхас сӕххӕст кодта, закъон дӕр банымадта.

Æртыккаг мæй кусы нæ республикæйы президент. Лæмбынæг кæсæм йæ архайдмæ. Алыхуызон ахастимæ кæсæм, уæдæ куыд?

Не ‘хсæнады фылдæр хай хорз æмбары, паддзахады сæргълæууæджы уынаффæты фæстиуджытæ алкæй цардмæ дæр кæй хауынц æмæ сыл лæмбынæгæй, бæстонæй ахъуыды кæнын кæй хъæуы. Фæлæ нæм ис æнæбыхсонтæ дæр. Иутæ сæ миднымæр у, чидæртæ та социалон хызты бахъуыр-хъуыр кæнынц, зæгъгæ, æгæр сындæггай архайы.

Ирон адæм кæддæриддæр уæзбын зондахастæн стыр аргъ кодтой, рог, æнæрхъуыды, тæлтæг миниуджыты хицау та æгад уыдис. Абон дæр афтæ у, абон дæр, мæнмæ гæсгæ, бындурон æгъдауæй нæ фыдæлтæй ницæмæй хицæн кæнæм.

Ленингоры районы æмæ Теделетгомы цæрджыты курдиат сæххæст кæнын æнцон нæ уыд. Йӕ фӕдыл республикæйы Ӕдасдзинады совет ӕмбырд кӕнын бахъуыдис. Уыцы æмбырды размæ цас фарстатæ иртæст, лыггонд ӕрцыдысты, уый зын зæгъæн у. Советы ӕмбырдгӕнӕг та уыдис президент Гаглойты Алан — арфхъуыдыгæнæг, лæмбынæг æмæ бæрнон адæймаг.

ДАМБЕГТИ Иринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.