Ахæмæй йæ зыдтой, йæ рæстæджы, Кокойты Елиозы фырт Иваны  æгас Хуссар Ирыстон, уæлдайдæр та йæ райгуырæн къуым Знауыры районы. Иван йæхи базонынæй, йæ мæлæты бонмæ уыдис æвæллайгæ, æнæзæрдæхудт арæхстджын æхсæнадон кусæг. Рæстдзинады фæндагæй иуварс никуы аздæхт, домаг уыд йæхицæй дæр æмæ йе ‘мкусджытæй дæр. Цы мады зæнæг уыдысты – Иван, Георги, Мария æмæ Натела, уымæй сæ бонтæ æмæ сæ тых радтой иу стыр хъуыддагмæ – Ирыстон рæза, Ирыстон дидин æфтауа, Ирыстон дæлдæр макæмæй хъуамæ уа.

Сæ фыд Елиоз куырыхон лæг уыд, сæ мад Болатон Эльзæ фæлмæн, рæвдауаг, цæхх æмæ кæрдзыныл – нæртон æфсин.

Сæ хæдзары сæйраг хъæздыгдзинадыл нымадтой сæ зæнæджы æмæ сæ тыхтæ радтой, цæмæй схъомыл уой. Æмæ афтæ дæр рауад.

Абоны бон нæ ныхасы сæйраг здæхт у зæнæджы хистæр Иванмæ, йæ царды хуыздæр æмæ рæсугъддæр бонтæ Ирыстоны сæрвæлтау чи батыдта, уыцы уæздан æмæ хиуылхæцгæ адæймаджы тыххæй.

Иван фæцард æдæппæтæй 80 азы, уыдонæй 54 азы схай кодта егъау æхсæнадон куыстæн.

Кокойты Елиозы фырт Иван райгуырдис январы мæйы 1922 азы Знауыры районы Цънелисы хъæуы зæхкусæг бинонты хæдзары. Йæ фыд Ефим, мад Эльзæ уыдысты, ног советон дуджы къæсæрæй чи бахызт, ахæм ныййарджытæ. Царды фæрæзтæй нырма ифтонг нæ уыдысты, сæ зæнæгæн та рухс цардмæ фæндæгтæ кæй байгом, уый тагъд бам-бæрстой æмæ сæ зæнæджы бафтыдтой ахуыры фæндагыл.

Иван йæ ахуыры фæндаг райдыдта Зиулеты скъолайæ. Йемæ ма уыцы скъола каст фæцис Ирыстоны фыццаг философон зонæдты дохтыр Гæбæраты Сослан.

Уæрæх дуæрттæ байгом кодта ацы скъола Иванæн дæр – æнтыстджынæй йæ фæцис каст.

Йе ‘нтыстытыл дзурæг сты йæ дарддæры царды фæндæгтæ.

Скъолайы фæстæ Иван æрвыст æрцыд Мæскуымæ ахуырмæ фæскомцæдисон скъоламæ, уый фæстæ та ахуыр кодта Мæскуыйы Уæлдæр партион скъолайы. Партион куысты хаххыл дзæвгар азтæ схардз кодта Иван.

Йæ егъау фæллойадон куыст райдыдта Знауыры районæй. Уыд районы фæскомцæдисон организацийы хистæр. Уырдыгæй раконд æрцыд областы фæскомцæдисон организацимæ, цыран дыккаг нымæрдары бынаты фæкуыста 1953 азмæ.

Иван куысты уыд цæрдæг æмæ æвзыгъд, иузæрдион йæ хъуыддæгтыл æмæ йын уый фадат лæвæрдта царды асинтыл хæрдмæ хизынæн. Ууыл дзурæг у уый дæр, æмæ Иван кæй райдыдта кусын Знауыры районы æххæстгæнæн комитеты сæрдарæй.

Ног дуджы ратгæ хæрзиуджытыл фаг нæма бацин кодта Иван, афтæ ныууасыд фыдбоны сау халон, лæджыфыдхор Гитлер фæсайдта йæ ардбахæрд, ныббырста æнæнхъæлæджы ног сырæзгæ Советон Цæдисмæ.

Фæдисы дуджы фæсте баззайын ирæттæ нымадтой мæлæтæй фыддæрыл. Æбуалгъы цау фехъусгæйæ, Ир сагъæсыл не схæцыд, райстой сæ гæрзтæ æмæ æзфæраздæронæй ивылдысты хæсты быдырмæ, фыдæлты тохы лозун-гы дзырдтæ фæлхатгæнгæйæ: «Кæнæ сæрибар, кæнæ – мæлæт».

Уыдонимæ фæраст Иван дæр. Сæрæн гуырдæй равдыста йæхи хæсты быдыры. Уыдис ахæм хабар, Киевы бынмæ тохты уæвгæйæ, знагæн бантыст хæстон бастдзинæдтæ ныппырх кæнын. Бастдзинады æлхынцъ ссарын, уый баиу кæнын бахæсгонд æрцыд Иванæн. Ирон хъæбатыр лæппу фæбырыд гуыбыны цъарыл, ссардта æлхынцъ, скусын кодта бастдзинад, фæлæ фæцис уæззау цæф, дарддæр ын фронты раззаг хæйтты хæцыны фадат нал уыд æмæ афтæмæй æрыздæхт йæ райгуырæн зæхмæ – Ирыстонмæ. Уый уыдис 1942 азы. Æрыздæхт капитаны чины, хорзæхджын æрцыд дзæвгар майдантæ æмæ Фыдыбæстæйон хæсты фыццаг къæпхæны, стæй уæд Сырх Стъалыйы ордентæй.

Хæстон дуг стыр хæстæ æвæрдта хæцæг æфсады раз дæр, стæй уæд фæсчъылдым чи уыд, уыцы адæмы раз дæр. Уыцы хæстæ хорз æмбæрста Иван, йæ цæфтæ йæ кæд хъыг дардтой, уæддæр бавнæлдта егъау æхсæнадон куыстмæ. Нырма уал райдыдта кусын базарады хайады хистæрæй, уырдыгæй йæ акодтой культурæйы хайады къухдариуæггæнæгæй, фæстæдæр нысан æрцыд облæххæсткомы хайады бæрнон нымæрдарæй.

«Цард тæбæгъы донæй уæлдай нæу, фæкъулгæнаг у» – зæгъы нæ фыдæлты æмбисонд.

Стыр Цæдисы ныппырх хъыг уыд Иванæн дæр, фæлæ нæ ныууагъта йæ куыст, ног ралæугæ цардуаджы дæр кодта йæ фыдæбоны хай. Цы стыр ивындзинæдтæ æрцыд Хуссар  Иры, уыдоны егъау у Иваны хайадист дæр. Республи-кæ расидыны охыл, Иваны къухфыст дæр хъæуæг раны ис æвæрд.

Кокойты Иван нал æрæййæфта хæдбар Ирыстоны царды уаг, фæлæ федта, нæ сыхаг мæнгард хицауад 1989 азæй 2001 азмæ Хуссар Ирæн цымитæ бакодта, уыдон.

«Зæрдæ фыдымур йеттæмæ ницы у» – зæгъы нæ фыдæлты æмбисонд. Иван федта, хъæбулы хуызæн кæстæртæ кæй сæфынц Райгурæн бæстæйы сæрвæлтау, Ирыстоны хъæутæн сæ фылдæр хай сыгъд кæй æрцыд, федта Зары æмæ Ереды трагедитæ, куыд сæфтысты сывæллонæй, сылгоймагæй, зæрондæй. Федта йæ уарзон горæт цы уавæрмæ æр-хауд – басыгъд облæххæсткомы хæдзар, театр æмæ институты бæстыхæйттæ, фæтых сты Абайты Уасо æмæ Хетæгкаты Къостайы цыртытыл.

Иван сæм акаст, федта æппæт дæр æмæ бамбæрста, цæрæнбонты цы бæрнон бынæтты фæкуыста, уырдыгæй сын цы лæггæдтæ фæкодта, уыдон дон йæ бынмæ кæй аласта. Уыцы бынæтты кусгæйæ, гуырдзы Иванæн цы аргъ кодтой æмæ йæ цы бынаты æвæрдтой, уыдон гæды æмæ фæлывд митæ кæй уыдысты.

Иван хорз бамбæрста уый дæр, цæрæнбонты нæ сыхæгтæй амонд кæй нæ фæцис, нæдæр Хуссары, нæдæр Цæгаты. Цæрæнбонты сын нæ арм фæдардтам хорздзинады охыл æмæ нын сæ бафыстой мæхъæл æмæ гуырдзы.

Иванæн ма цæрын бантыстаит, йæ цæстыдзагæй ма куы федтаит Хуссар Иры сæрибардзинад, гуырдзыйæн «Супта миндори» сæ хъуыры куыд фæбадти, уыдæтты.

Ирыстоны дыууæрдыгæй дæр сæ нымæц дзæвгар у ахæм хæдзæрттæ  æмæ мыггæгтæн, кæцытæ егъау хайбавæрд бахастой Ирыстоны фæрнæйдзаг къæбицмæ. Уыдоны нымæцмæ цæстуарзонæй бахæссæн ис Елиозы хæдзарвæндаджы дæр. Æфсымæртæ Иван æмæ Георги сæ царды бонтæ схай кодтой партион æмæ хæдзарадон куыстæн. Хотæй сæ иу Мария йæ цард снывонд кодта ирондзинадæн, йæ мæлæн боны онг ирон сывæллæттæн фæамыдта ирон æвзаг æмæ литературæ. Кæстæр хо Натела абоны бон дæр у рæзгæ фæлтæры хъомылгæнæг, Иры студенттæн педагогикæйы хъæздыг суадæттæ амонæг.

Иван йæхи фæндагыл бафтыдта йæ фырт Шурваны дæр. Партион куысты лæуд уыд кæддæриддæр, цалынмæ пенсийы нæ ацыд, уæдмæ. Дзæнæты бадæт йæ иннæ фырт, фæсайдта йæ фыды, адзалы фæндаг æй æндæр дунемæ акодта. Тынг æрриуыгъта Иваны ацы хъуыддаг.

Цард адджын у уæддæр, бирæ рахæцæнты бахауд Иван, йæ царды бонтæй хæрзтæ дæр бирæ уыд, фæлæ хъизæмайраг бонтæ дæр цъус нæ уыдысты.

Бæргæ Иванæн куы бантыстаид йе ‘нус батонын. Уæд махæн дæр æнцондæр дзурæн уаит. Иван æдæппæтæй фæцард 79 азы. Уыдонæй 55 азæй фылдæр схай кодта егъау æхсæнадон куыстæн.

Æнус æххæст кæны Иваны райгуырдыл. 100 азы сæдæ боны не сты, царды фæндæгтæ сты æмæ сыл Иван æгуыдзæг цыд нæ фæкодта.

Кæддæриддæр йæ сæйраг хъуыды уыд:

«Дæуæн, мæ Ирыстон, мæ цард, –

Мæ амæлæтмæ баст!»…

Уæндон йæ рæстæджы хъæрæй загъта æдзард поэт Хъамбердиаты Мысост. Сабыр, фæлмæн, куырыхон зонды хицау Иван та сæ фæлхатт кодта йæхи мидæг йæ куысты рæстæджы.

Цы фæцард, уымæй ирон лæджы кад æмæ ном дæлæмæ не ‘руагъта, нæртон лæгыл уыд нымад, чи йæ зыдта, кæимæ куыста, уыдоны цæсты. Арфæйаг лæг уыд æмæ йæ ном арфæйагæй цæрдзæн йæ раттæг адæмы ‘хсæн. Фехъуысæт уыцы дунемæ, Иванмæ, йæ Ирыстон хæдбар, сæрибар  республикæ кæй у.

Дзæнæттаг уæд йæ ном!

ПЛИТЫ Гацыр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.