Цæгат Ирыстонæй рацæугæ Гобозты Эдуард нысан æрцыд Республикæ Хъырымы горæт Ялтайы национ гвардийы æфсæддон хайы командирæй. Гобозы фырт йе службæ райдыдта йæ райгуырæн Ирыстоны, куыста Карцайы поселочы æмæ горæт Мæздæджы. Каст фæцис  М.Ф.Фрунзейы номыл иумиагæфсæддон академи. Ахуыры фæстæ æрвыст æрцыд Симферополмæ, цыран, цалынмæ йæ Ялтайы национ гвардийы æфсæддон хайы командирæй не снысан кодтой, уæдмæ  уыд батальоны командир.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.