Сæ службæйон хæстæ æххæст кæнгæйæ хъæбатырдзинад кæй равдыстой, уый фæдыл Мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь цытджын æгъдауæй схорзæхджын кодта Цхинвалы районы милицийы управленийы уголовон фæдагуырды цыппар кусæджы. Уыдон 16 июлы 2019 азы Цхинвалы районы Залдайы хъæуы фыдгæнджыты æрцахсыны фæдыл спецопераци ауадзыны рæстæджы равдыстой ныфсхастдзинад, нæ фæтарстысты сæ ныхмæлæууæг гæрзифтонг фыдгæнджытæй, фæлæ дзы хъыгагæн, дыууæйæ уæззау цæфтæ фесты, – Гатыгкоты Захар æмæ Пухаты Сослан. Цалдæр мæйы дæргъы дохтыртæ тох кодтой æрыгон лæппуты мæлæтæй фервæзын кæныныл æмæ сæ ныридæгæн сæ къæхтыл слæууын кодтой. Кæд нырма бынтон æнæниз не сты, уæддæр сæ бон у æдæрсгæ цæуын, æмæ ма дарддæр дæр цæудзæнис реабилитацион процесс, – сты æдзухдæр дохтырты хъусдарды бын.

Оперативон-службæйон хæстæ æххæст кæнгæйæ сын æнтыстытæ кæй уыд æмæ ма Уголовон фæдагуырды сырæзтыл 101 азы кæй æххæст кæны, уый фæдыл цыппарæй хорзæхджын æрцыдысты ведомствæйон майдантæй.

Наниты Игорь йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, мæн сымахæй ныфс ис æмæ дарддæр дæр уæ куысты кæй уыдзыстут æнтыстджын. «Сымах фыд-гæнджыты æрцахсыны фæдыл уæ служ-бæйон хæстæ куыд æхсарджынæй сæх-хæст кодтат, уымæй бæрзонд схæцыдыстут милицийы кадыл. Сымах стут цæвиттон иннæ æрыгон кусджытæн, сæрыстыр уæ сты æрмæст уæ коллегæтæ нæ, фæлæ æгас министрад. Мæ зæрдæ уын зæгъы фидар æнæниздзинад, рæсугъд фидæн æмæ уæ зæрдæйы фæндиæгтæ кæддæриддæр æххæст кæнæд», –  загъта йæ арфæйы ныхæсты министрады сæргъ-лæууæг.

Рæсугъд арфæйы ныхæстæ ма сын загътой Криминалон милицийы сæргълæууæг Цхуырбаты Андрей æмæ министрады кадрты хайады сæргълæууæг Дзабиты Æхсар.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.