Хуссар Ирыстоны ацы азы кæрон байгом уыдзæн дыууæ кондадон объекты. Уый тыххæй фехъусын кодта экономикон рæзты министры фыццаг хæдивæг Тадтаты Дзамболат.

«Президент Бибылты Анатоли Хицауады экономикон блокы раз цы ахсджиаг хæстæ æрæвæрдта, уыдонæй сæ иу у республикæмæ инвестицитæ здахын  æмæ экономикæйы реалон секторы рæзт фæхуыздæр кæнын. Æнтыстджын проекттæм бахæссæн ис кафе «Винченцо», кæцыйы инициатор уыд компани «ООО «КОРО», афтæ ма фыдызгъæлкуыстгæнæн завод «Растдон» æмæ минералон донуадзæн завод «Родники Осетии», – загъта уый.

Куыд ма банысан кодта, афтæмæй 2018 азы сентябры кæрон эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæн Дзауы районы нуазыны дон æмæ лимонад уадзыны завод. 134 милуан сомы бæрц йæ аргъ кæмæн у, уыцы проекты инициатор у арæнгонд бæрндзинады æхсæнад, компани «Натурплант». Уыдонæй инвесторы сæрмагонд æхцайы фæрæзтæ сты 14 милуан сомы. Проекты планы фæрцы иу мæйы дæргъы хъуамæ рауагъдæуа 2 милуаны бæрц доны авджы æмæ сарæзтæуа 35 куысты бынаты.

«Уыцы перспективон здæхтыл куыст дарддæр цæудзæн, уымæн æмæ Хуссар Ирыстоны минералон хосгæнæн дон зындгонд у йæ диссаджы гъæдæй, æмæ йын ис æлхæнджытæ республикæйæн æддейæ дæр», – банысан кодта Тадтаты Дзамболат.

Республикæмæ цæуынц технологитæ дæр, кæцытæ абоны бон бæрæг кæнынц экономикæйы рæзты перспективæтæ. Тадтаты Дзамболаты ныхæстæм гæсгæ, фыццаг 238 милуан сомы аргъ бæрзонд технологон куыстуат суыдзæн Хуссар Ирыстоны базальтон фæскъауы завод «Ир-Базальт».

«Зæгъын уал хъæуы, цы у базальтон фæсхъау æмæ дзы кæм пайда кæнынц, уый. Уыцы æрдзон хъармизоляцион æрмæгæй пайда кæныны фадыг у уæрæх  агъуыстытæн йæ къултæ схъарм кæнынæй райдай суанг науарæзтады онг дæр. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ фæтк æххæст кæнгæйæ, уый кæй у æдас,  экологон æгъдауæй сыгъдæг, экономикон фадыджы – пайдаджын кондад. Фæсхъау уадзыны процессы хицæн кæны хъарм энергийы стыр гуырахст, кæцыйæ ис æмæ бæстыхæйттæ, хъæрмуаттæ æмæ æндæр ахæмтæ схъарм кæнын.

Абоны бон уæрæсейаг стыр компанитæй цалдæр цæттæ сты куыстуаты продукци æлхæнынмæ. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, фылдæр кæндзысты паддзахадон бюджетмæ хъалонты фиддонтæ. Ног кондад уал райдианы куысты бынæттæй сифтонг кæндзæн 54 адæймаджы. Арæзтад хъуамæ фæуа æмæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцæуа азы кæронмæ», – банысан кодта Тадтаты Дзамболат.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.