Рауагъдад «Республикæ»-йы мыхуыры рацыд чиныг «Анатолий Чехоев «…ответственность за судьбу страны…». Чиныджы аразæг æмæ редактор у Хуссар Ирыстоны журналистты цæдисы сæрдар, Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреат Харебаты Батрадз. Бакуыстой йыл Харебаты Батрадз, Гæбæраты Андрей, Гаглойты Лианæ æмæ Икъа-ты Олег. Чиныджы райдианы мыхуыр æрцыд Джусойты Нафийы æмдзæвгæ «Человеческое сердце». Чиныг у тынг цымыдисон æмæ аив арæзт. Мыхуыр дзы æрцыдысты зынгæ политикон, паддзахадон æмæ æхсæнадон архайæг Чехойты Анатолийыл фыст уацтæ, кæцы фæдфæдылон æмæ принципиалонæй тох кодта ССР Цæдисы сæйраг органы, цæмæй  хъахъхъæд æрцыдаид Цæдис, йæ националон интерестæ, тох кодта уый тыххæй дæр, цæмæй Хуссар Ирыстоны адæм сæ хъысмæт сæхæдæг скъуыддзаг кодтаиккой,  тох кодта, цæмæй нымад æрцыдаид Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон статус.

Уый стыр бавæрд бахаста  Уæрæсейы Федерацийы Æмбæстагдзинады, Фæллойы, УФ-йы Гимны тыххæй æмæ ноджы бирæ ахсджиаг закъæттæм.

Чиныг рацыд Чехойты Анатолийы 70 азы юбилеймæ. Мыхуыр дзы æрцыдысты йæ цард æмæ фæллойадон фæндæгтыл фыст æрмæджытæ, кæцытæ дзурæг сты йæ фидар удыхъæд æмæ адæймагон миниуджытыл, йæ принципиалондзинад æмæ пат-риотизмыл. Чиныджы ис аст сæры.

Йæ автобиографийæ дарддæр чиныджы мыхуыр æрцыдысты не ‘мзæххоны тыххæй не ‘мзæххонтæ дæр æмæ ССР Цæдисы, фæстæдæр та Уæрæсейы Федерацийы  зынгæ политиктæ цы хъуыды кодтой, цы фыстой, уыдæттæ. Æрхæсдзынæн дзы бæрцæй цалдæры:

Хуссар Ирыстоны Журналистты цæдисы сæрдар, Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреат Харебаты Батрадз Чехойты Анатолийы тыххæй фыст уацы æрхаста Анатолийæн йæхи ныхæстæ: «Æз æй æмбæрстон, политикæ æнцон хъуыддаг кæй нæу, фæлæ йæм уæддæр бацыдтæн. Мæныл 41 азы цыд, активон политикы бæсты, кæцы æдзухæй халы йæ нуæрттæ, мæ бон уыд хъарм бынат ссарын, фæлæ æз æнкъардтон æмæ ныр дæр æнкъарын мæ адæмы тыххæй бæрндзинад, уыцы бæрндзинад мын мæ царды иууыл ахсджиагдæр хъуыддаджы иувæрсты ахизыны бар нæ дæтты».

Уыдон сты йæ Ирыстоны патриоты, йæ адæмы аккаг фырты хъуыдытæ.

Варенников Валерий Иваны фырт, Уæрæсейаг Хъайтарты ассоциацийы раздæры президент, Советон Цæдисы Хъайтар: «Æз æй рагæй зонын (Чехойты Анатолийы). Уый у бæрзонд адæймагдзинады миниуджытæй æххæст, у æргомзæрдæ, æмæ стыр бæрндзинад чи æнкъары, ахæм адæймаг. Дæргъвæтин рæс-тæджы дæргъы уый тох кæны нæ адæмы интересты тыххæй, тох кодта, цæмæй ма ныппырх уыдаид Советон Цæдис, кæддæриддæр тох кодта Ирыстоны интересты сæрыл…».

Лукьянов Анатолий Иваны фырт, УФ-йы Паддзахадон Думæйы Паддзахадон арæзтады фæдыл комитеты раздæры сæрдар: «Анатоли Георгийы фырт у нæ хъуыддаджы сæрыл Кавказы адæмты интересты сæрыл æцæг тохгæнæг. Æз æй æмбарын, уыцы тохгæнæг махимæ иумæ куыд тох кодта Горбачевимæ, дзырд Хуссар Ирыстоны хæстон уавæрыл куы цыд, уæд… Ацы адæймагмæ (Чехойты Анатолимæ) уыйас æхсар разынд, æмæ Партийы съезды æмæ Адæмон депутатты съезды М. Горбачевы отставкæйы арвитыны тыххæй фарст цæхгæрмæ сæвæрдта. 1991 азы иууыл уæззаудæр уавæрты  Анатоли Георгийы фырт хъахъхъæдта депутатон къорд «Союз»-ы позицитæ. Æмæ йæ мах æнкъардтам… Алы адæймагæн, алы политикæн дæр аргъ кæнынц йæ ныхæстæм гæсгæ нæ, фæлæ йæ хъуыддæгтæм гæсгæ… Æмæ йын йæ хъуыддæгтæм гæсгæ, мах, коммунисттæ, стыр аргъ кæнæм».

Рыжков Николай Иваны фырт, УФ-йы Паддзахадон Думæйы Уæрæсейаг Товаруадзджыты цæдисы президент: «Чехойты Анатоли у рæстагон, намысджын адæймаг, йæ фæндтæ никуы ивы, у принципиалон позицийыл лæуд. Ис æм, къухдариуæггæнæгæн æнæмæнгхъæуæг цы миниуджытæ сты, уыдон. У домаг, фыццаджы фыццаг – йæхицæй».

«1988 азы Чехойы фырт партийы обкомы фыццаг секретарæй  куы райдыдта кусын, уæд куыд æнæхъæн Советон Цæдисы, афтæ чысыл Хуссар Ирыстоны дæр политикон уавæр уыд вазыгджын. Фæлæ уыцы рæстæджы политикон зилдухæнты уымæн бантыст, Цхинвалы адæм иууыл тынгдæр цæмæй тыхстысты, уыцы проблемæ аскъуыддзаг кæнын.

Дон горæтмæ цыд Гуры районы Варианы хъæуæй. Дон горæтæн нæ фаг кодта, уымæй дæр йæ гъæд тынг мæгуырау уыд, цъымарайы дон кæй уыд, уымæ гæсгæ. Уый фæстиуæгæн планы рагæй уыд горæтмæ Едысы дон рауадзын, фæлæ план иу у, йæ сæххæст кæнын та – æндæр. Планмæ гæсгæ Едысы донуадзæн эксплуатацимæ хъуамæ лæвæрд æрцыдаид 1993 азы. Фæлæ йæ арæзтад нал æмæ нал фæуд кодта, адæм та тыхстысты. Уæд Чехойы фырт хъуыддаг афтæ сорганизаци кодта, æмæ активонæй райдыдта  Едысы донуадзæны арæзтад. Йæ арæзтады хайад истой Чехойты Анатолийы сæргълæудæй горæты куыстуарзаг цæрджытæ се ‘ппæт дæр, уыцы нымæцы – сту-дентон арæзтадон къордтæ дæр. Æмæ цыбыр рæс-тæгмæ донуадзæн лæвæрд æрцыд эксплуатацимæ».

Уыцы рæстæджы Хуссар Ирыстоны уавæр уыд тынг вазыгджын. Гуырдзы йæм лæбурдтой алырдыгæй, надтой, мардтой, удæгасæй сыгътой ирон адæмы. Ацы трагикон цаутæ хъусгæйæ, ССР Цæдисы Сæйраг Советы депутат уæвгæйæ, Анатоли иуран кæм бадтаид, йæхи-иу æппæрста трибунæмæ æмæ уырдыгæй домдта ССР Цæдисы къухдариуæгадæй, цæмæй тугкалд æруромой æмæ Хуссар Ирыстоны адæмы бахъахъхъæной скуынæгæй. Æгæрыстæмæй йæ гуырдзиæгтæ микрофоны радгæс дæр хуыдтой.

Чиныджы мыхуыр æрцыдысты, Хуссар Ирыстоны обкомы фыццаг секретарæй кусгæйæ, йæ раныхæстæ, докладтæ, хыгъдон докладтæ дæр.

Йæ иу доклады  афтæ дзырдта: «… æппæт органтæ дæр сæ цæсгом хъуамæ аздахой хъæуты социалон проблемæты аскъуыддзаг кæнынмæ, цæмæй фæллойгæнджытæ банкъарой, реалон æгъдауæй сыл кæй тыхсынц, уый. Дзырд ууыл цæуы, цæмæй сæндидзой хæххон цæрæн пункттæ, хъуамæ сын арæзт æрцæуа ахæм уавæртæ, цæмæй сæ хъæуты чи ныууагъта, уыцы адæмы æрфæнда сæ райгуырæн зæххытæм аздæхын. Цæмæй дзы цард раздæрау æхсида, уый тыххæй та бацархайын хъæуы, цæмæй рахицæн æрцæуой фæрæзтæ хæдзæрттæ, фæндæгтæ, скъо-латæ, сывæллæтты уагдæттæ культурон-рухсадон уагдæттæ, амбулаторитæ саразынæн æмæ сæм телефонон бастдзинад бауадзынæн».

Мæнмæ гæсгæ, ацы хъуыдытæ абон дæр тынг актуалон сты.

Чиныджы бакæсæн ис Чехойты Анатолийы интервьютæ,  Паддзахадон Думæйы рабадтыты суагъæтæ, хорзæхтæ, фыстæджытæ, арфæтæ æмæ ноджы бирæ цымыдисон æрмæджытæ не ‘мбæстаджы тыххæй. Фенæн дзы ис бинонты архивæй ист къамтæ дæр.

Газет «Хурзæрин»-ы коллективы номæй арфæ кæнын юбилярæн. Анатоли Георгийы фырт, æнæниз, амондджын æмæ зæрдæрухс у, дæ бинонтæй дæ зæрдæ райæт!

Осиаты Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.