Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло кусын куы райдыдта, уæдæй фæстæмæ йæ фыццаградон хæстæй иуыл нымадта зæронд транспорт ногæй раивын æмæ бæлцæттæ ласыны хæрзхъæддзинад бындуронæй фæхуыздæр кæныныл. Куыд загъта, афтæмæй ног азы республикæйы цæрджытæ хъуамæ ног транспортыл сбадой. Æмæ йæ ныхас æххæст дæр скодта. Æрæджы, Китай æмæ Уæрæсейы уагъд 60 микроавтобусы схæццæ сты республикæмæ. Уыдоныл ма январы бафтдзæн авд автобусы. Ацы транспорт «Лизингбанк»-æй райстой лизинджы хуызы.

Ахæм транспорт нырмæ республикæйы нæма уыд. 12 — 50 онг бынæттæ кæм ис, уыцы микроавтобустæ фæлгонц сты нырыккон техникæйæ, сæ мидæг ис удæнцойæн æппæт уавæртæ. Уыдонæй 40 кусдзысты республикæйы районты ʻхсæн, иннæтæ та махæй сыхаг регионты ʻхсæн.

«Нæ сæйраг хæс уыд автопарк сног кæнын. Дарддæр архайдзыстæм транспорты лæггæдты хæрзхъæддзинад бæрзонд æмвæзадмæ сисыныл æмæ бæлцæттæ ласыны базарады æндæртимæ конкуренци скæныныл. Ацы транспорт ма, уæлбартæ кæмæ ис, уыцы бæлцæтты ласдзæн лæвар кæнæ къаддæр аргъыл. Иннæ аз раивдзыстæм, горæтæн йæхи мидæг чи цæуы, уыцы транспорт дæр», — загъта транспорт æмæ фæндæгты инфраструктурæйы комитеты сæрдар Солиты Тариэл.

Ног азмæ - ног транспорт
Ног азмæ – ног транспорт

Республикæйы разамынд ныфс цы трамвайтæй æвæрдта, уыдонæй дæр уал иу æрхæццæ. Дзæуджыхъæуы администрацийæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй йæ райстой Екатеринбургæй. Бæлццæтты æппæт домæнтæн дæр дзуапп чи дæтты, уыцы фыццаг трамвай уал æркодтой фæлварыны хуызы. Ног ивд релсытыл ног трамвай æнæкъуылымпыйæ куы ацæуа, уæд æй сæвæрдзысты мар-шрутыл.

Ног трамвайтæ ифтонг сты видео-цæстдарды системæтæй, æдасдзинады рæттæй, терминалтæй, телевизортæй, телефоны зарядкæтæй æмæ сахъат адæмæн бынæттæй. Æдæппæт вагоны ис 158 бынаты.

Ацы мæйы кæронмæ ма Дзæуджыхъæумæ æрбаласдзысты æртæ трамвайы, стæй ма сыл бафтдзæн январы дæр. Æдæппæт уыдзысты 28.