Хуссарирыстойнаг футболуарзджытæ сæ хъус æрмæст сæ уарзон «Алани»-мæ нæ дарынц, фæлæ ма сæ ныр цымыдис кæ-ны Ставрополы «Динамо» дæр. Ацы командæйы сæйраг тренерæй нысангонд æрцыд цхинвайлаг Мулдарты Алексей. Афтæ ма командæйы сконды хъазынц хуссарирыстойнаг футболисттæ Джиджджойты Сослан, Зассеты Александр æмæ Къæбулты Георги. Командæйы администратор дæр у хуссарирыстойнаг Собайты Геннади.

Ставрополы «Динамо» хъазы дыккаг дивизионы фыццаг къорды. Ацы бонты командæ чемпионаты 4-æм туры фæлгæтты 3:1 хыгъдæй фæуæлахиз Пятигорскы «Машук КМВ»-йыл. Уый фæрцы «Динамо» æрæмбырд кодта 5 очкойы æмæ турнирон таблицæйы схызт 7-æм бынатмæ.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ 2019 азы Мулдарты Алексей, Джиджджойты Сослан æмæ Къæбулты Георгий Хуссар Ирыстоны æмбырдгонд командæйы сконды кæй систы ConIFA-йы эгидæйы бын Европæйы чемпионтæ.

 

ТХЭКВОНДО

Спорты сæрдыгон хуызтæй Æппæтуæрæсейон спартакиадæйы фæлгæтты Мæскуыйы уагъд æрцыдысты тхэквондойæ ерыстæ. Уым 68 кг уæзы категорийы бронзæ майдан рамбылдта Цъакъоты Сæрмæт.

Сæрмæт у Европæйы чемпион (2021) æмæ Уæрæсейы дыууæ хатты чемпион (2018, 2020).

 

ГРЕКЪАГ-РОМАГ ХЪÆБЫСХÆСТ

Назраны уагъд æрцыд, 21 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн дунеон турнир гре-къагромаг хъæбысхæстæй. 82 кг уæзы категорийы аккаг ныхмæлæууæг нæ разынд Ирыстоны хъæбысхæсты скъолайы хъомылгæнинаг Мæрзойты Аскарæн æмæ ссис ерысты уæлахиздзау. Бронзæйон призертæ та систы Богъаты Вадим (67 кг) æмæ Го-джыцаты Георги (77 кг).

ХУРИТЫ Батрадз

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.